Рацыд 7:1—25
7 Фӕлӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕ фараонӕн сӕвӕрдтон Хуыцауы бынаты+, де ’фсымӕр Аарон та уыдзӕн дӕ пехуымпар+.
2 Ды дзурдзынӕ, цы дын бафӕдзӕхсон, уыдон иууылдӕр+. Ӕмӕ де ’фсымӕр Аарон та уыцы ныхӕстӕ дзурдзӕн фараонӕн+, ӕмӕ фараон Израилы фыртты ауадздзӕн йӕ бӕстӕйӕ+.
3 Ӕз та фараоны йӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзӕн+, ӕмӕ ӕз Египеты зӕххыл равдисдзынӕн бирӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ+.
4 Фӕлӕ уӕм фараон уӕддӕр нӕ байхъусдзӕн+, ӕмӕ уӕд ӕз мӕ къух Египетыл ӕруадздзынӕн, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ+, ӕмӕ Египетӕй ме ’фсӕдтӕ+ – мӕ адӕмы+, Израилы фыртты+ – ракӕндзынӕн.
5 Ӕмӕ Египетмӕ мӕ къух куы сисон, уӕд ӕй египетӕгтӕ базондзысты, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн+, ӕмӕ Израилы фыртты уырдыгӕй ракӕндзынӕн»+.
6 Гъемӕ Моисей ӕмӕ Аарон бакодтой, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Раст афтӕ бакодтой+.
7 Моисей ӕмӕ Аарон фараонимӕ куы ныхас кодтой, уӕд Моисейыл цыди ӕстай азы, Аароныл та – ӕстай ӕртӕ азы+.
8 Ӕмӕ та Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта:
9 «Фараон уын куы зӕгъа, исты диссаг-ма саразут+, зӕгъгӕ, уӕд-иу Ааронӕн зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг+ ӕмӕ йӕ фараоны раз ӕрӕппар“. Ӕмӕ лӕдзӕг стыр калм фестдзӕни»+.
10 Гъемӕ Моисей ӕмӕ Аарон фараонмӕ бацыдысты ӕмӕ сын Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой. Аарон йӕ лӕдзӕг ӕрӕппӕрста фараон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты раз, ӕмӕ лӕдзӕг стыр калм фестади.
11 Фӕлӕ уӕд фараон дӕр фӕдзырдта зондджын лӕгтӕм ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм+. Ӕмӕ Египеты кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афтӕ сарӕзтой+.
12 Алчидӕр сӕ йӕ лӕдзӕг зӕхмӕ аппӕрста, ӕмӕ стыр кӕлмытӕ фестадысты, фӕлӕ сын сӕ лӕдзджытӕ Аароны лӕдзӕг аныхъуырдта.
13 Фӕлӕ уӕддӕр фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ сӕм нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
14 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Фараонмӕ* ницы хъары+. Нӕ йӕ фӕнды мӕ адӕмы ауадзын+.
15 Уӕдӕ райсом раджы ацу фараонмӕ. Уый рацӕудзӕн Нилы цӕугӕдонмӕ+, ӕмӕ-иу ӕм ды уым доны был лӕуу+. Демӕ ахӕсс, калм чи фестад, уыцы лӕдзӕг дӕр+.
16 Ӕмӕ йын зӕгъ: „Дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ мӕ рарвыста дӕумӕ+ афтӕ зӕгъынмӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын ӕдзӕрӕг быдыры лӕггад кӕной“+, фӕлӕ ды уӕддӕр нӕ хъусыс.
17 Ӕмӕ ныр афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Мӕнӕ йӕ цӕмӕй базондзынӕ, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн, уый+. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз ӕрцӕвдзынӕн Нилы цӕугӕдон+, ӕмӕ дон туг фестдзӕни+.
18 Ӕмӕ Нилы цӕугӕдоны кӕсӕгтӕ амӕлдзысты+, цӕугӕдон стӕф кӕндзӕн+ ӕмӕ дзы египетӕгтӕн сӕ бон нуазын нӕ уыдзӕн“»+.
19 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг ӕмӕ дӕ къух адар+ Египеты дӕттӕм: сӕ цӕугӕдӕттӕм, Нилы къанӕуттӕм, цадтӕм+ ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр донӕмбырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ, цӕмӕй туг фестой“. Туг уыдзӕн ӕгас Египеты зӕххыл дӕр, хъӕдын мигӕнӕнты ӕмӕ дурын мигӕнӕнты дӕр».
20 Ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аарон уайтагъд бакодтой+, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Аарон йӕ лӕдзӕгыл схӕцыди ӕмӕ дзы фараон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты+ раз Нилы цӕугӕдон ӕрцавта, ӕмӕ цӕугӕдон иууылдӕр туг фестад+.
21 Ӕмӕ Нилы цӕугӕдоны кӕсӕгтӕ амардысты+ ӕмӕ дон стӕф кодта, ӕмӕ дзы египетӕгтӕн сӕ бон нуазын нал уыди+. Туг уыди ӕгас Египеты зӕххыл дӕр.
22 Фӕлӕ та Египеты кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афтӕ сарӕзтой+. Ӕмӕ та фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+, ӕмӕ Моисеймӕ ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
23 Гъемӕ фараон разылд ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхт, ӕмӕ уыдӕттӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айста, хъуыды дӕр сыл нӕ акодта+.
24 Египетӕгтӕ та иууылдӕр Нилы былты къахын райдыдтой, агуырдтой нуазыны дон, уымӕн ӕмӕ цӕугӕдонӕй сӕ бон нуазын нӕ уыди+.
25 Йегъовӕ Нилы цӕугӕдон куы ’рцавта, уымӕй рацыд авд боны.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Фараоны зӕрдӕмӕ».