Рацыд 8:1—32

8  Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной+.  Куы нӕ сӕ ауадзай, уӕд та дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр хӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн+.  Нилы цӕугӕдон хӕфсытӕй байдзаг уыдзӕн. Хӕфсытӕ уырдыгӕй рацӕудзысты ӕмӕ бабырдзысты дӕ хӕдзармӕ, дӕ уатмӕ ӕмӕ дӕ хуыссӕнмӕ дӕр. Бабырдзысты дӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ дӕ адӕмы хӕдзӕрттӕм дӕр, дӕ пецтӕм ӕмӕ дӕ арынгтӕм+.  Хӕфсытӕ бырдзысты дӕхиуыл дӕр, дӕ адӕмыл дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджытыл се ’ппӕтыл дӕр“»+.  Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Адар дӕ лӕдзӕг+ цӕугӕдӕттӕм, Нилы къанӕуттӕм ӕмӕ цадтӕм, цӕмӕй хӕфсытӕ рацӕуой Египеты зӕхмӕ“».  Ӕмӕ Аарон дӕр йӕ къух Египеты дӕттӕм адардта, ӕмӕ хӕфсытӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ Египеты зӕхх нал зынди.  Фӕлӕ та кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афтӕ сарӕзтой, ӕмӕ хӕфсытӕ рацыдысты Египеты зӕхмӕ+.  Иуцасдӕры фӕстӕ фараон фӕдзырдта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Скувут Йегъовӕмӕ+, цӕмӕй мӕн дӕр ӕмӕ мӕ адӕмы дӕр хӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Йӕ адӕмы йын уадзын. Ацӕуӕнт ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕнт»+.  Уӕд Моисей фараонӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕхӕдӕг мын зӕгъ, кӕд скувон Хуыцаумӕ дӕу тыххӕй, дӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй, цӕмӕй хӕфсытӕй фервӕзай ӕмӕ цӕмӕй дӕ хӕдзӕртты дӕр мауал уой. Ӕрмӕстдӕр ма Нилы цӕугӕдоны баззайдзысты». 10  Фараон ын загъта: «Райсом». Ӕмӕ йын Моисей дӕр дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ уыдзӕни, цӕмӕй йӕ базонай, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн кӕй нӕй+. 11  Дӕ хӕдзӕртты хӕфсытӕ нал уыдзӕн, фервӕздзынӕ сӕ дӕхӕдӕг дӕр, дӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕстдӕр ма Нилы цӕугӕдоны баззайдзысты»+. 12  Моисей ӕмӕ Аарон фараонӕй рацыдысты, ӕмӕ Моисей Йегъовӕмӕ скуывта+, цӕмӕй, фараоныл кӕй бафтыдта, уыцы хӕфсытӕ фесӕфой. 13  Йегъовӕ сарӕзта, Моисей дзы цы куырдта, уый+, ӕмӕ хӕдзӕртты, кӕртыты ӕмӕ быдырты хӕфсытӕ амардысты. 14  Ӕмӕ сӕ адӕм алы рӕтты ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр тӕфӕй ацӕуӕн нал уыди+. 15  Фараон куы федта, ӕмӕ сын фенцондӕр, уӕд та йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 16  Ӕмӕ та уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕ лӕдзӕг+ размӕ адар ӕмӕ дзы зӕхх ӕрцӕв, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр рыг фестдзӕн къогъотӕ“». 17  Ӕмӕ афтӕ бакодтой. Аарон йӕ лӕдзӕг размӕ адардта ӕмӕ дзы зӕхх ӕрцавта, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр рыг фестад къогъотӕ, ӕмӕ адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр хъизӕмарӕй мардтой+. 18  Уӕд кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афӕлвӕрдтой афтӕ саразын+, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци+. Ӕмӕ къогъотӕ хъизӕмарӕй мардтой адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр. 19  Ӕмӕ уӕд кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцауы+ хъаруйӕ+ сарӕзтой*!» Фӕлӕ фараон уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 20  Уӕд та Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Райсом раджы сыст ӕмӕ ацу фараоны размӕ+. Уый рацӕудзӕн цӕугӕдонмӕ. Ӕмӕ-иу ын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной+. 21  Мӕ адӕмы мын куы нӕ ауадзай, уӕд та дын дӕхи дӕр, дӕ лӕггадгӕнджыты дӕр, дӕ адӕмы дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзӕрттӕ дӕр дзынгаты* бын фӕкӕндзынӕн+. Дзынгатӕй нал зындзысты Египеты хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ сӕ зӕхх дӕр. 22  Уыцы бон ӕз афтӕ нӕ бакӕндзынӕн Гесемы зӕххӕн, мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххӕн – уым иу дзынга дӕр нӕ уыдзӕн+, цӕмӕй йӕ базонай, ӕз, Йегъовӕ, ацы зӕххыл кӕй дӕн+. 23  Ӕз мӕ адӕмы дӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕндзынӕн+. Райсом фендзынӕ уыцы диссаг“». 24  Йегъовӕ бакодта, куыд загъта, афтӕ. Фараоны хӕдзар дӕр, йӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ ӕгас Египет дӕр дзынгатӕй байдзаг сты+. Дзынгаты тыххӕй ӕнӕхъӕн бӕстӕ дӕр сӕфтмӕ ӕрцыди+. 25  Ӕмӕ уӕд фараон фӕдзырдта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн ацы зӕххыл искуы ӕрхӕссут нывонд»+. 26  Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн цы хъуамӕ ӕрхӕссӕм, уый египетӕгты цӕсты ӕлгъаг у+. Ӕмӕ сӕ цӕсты ӕлгъаг цы у, уый сӕ разы нывондӕн куы ’рхӕссӕм, уӕд нӕ дуртӕй нӕ амардзысты? 27  Ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕртӕ бонмӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ уым ӕрхӕсдзыстӕм нывонд нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, куыддӕриддӕр нын загъта, афтӕ»+. 28  Ӕмӕ уӕд фараон загъта: «Уадзын уӕ, ацӕут+ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссут+. Ӕрмӕст тынг дард ма ацӕут. Ӕмӕ-иу мӕн тыххӕй дӕр скувут»+. 29  Уӕд ын Моисей загъта: «Ардыгӕй куы ацӕуон, уӕд скувдзынӕн Йегъовӕмӕ, ӕмӕ райсом фараон, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ адӕм дзынгатӕй фервӕздзысты. Ӕрмӕст та фараон ма асайӕд, афтӕ та ма бакӕнӕд, ӕмӕ адӕмы ма ауадза Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ»+. 30  Уый фӕстӕ Моисей фараонӕй рацыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта+. 31  Ӕмӕ Йегъовӕ сарӕзта, Моисей дзы цы куырдта+, уый. Ӕмӕ фараон, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ адӕм дзынгатӕй фервӕзтысты+. Иу дӕр дзы нал баззад. 32  Фӕлӕ та фараон ацы хатт дӕр йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ адӕмы нӕ ауагъта+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Уый Хуыцауы ӕнгуылдз у».
Кӕнӕ «галбындзыты» – стыр, хӕцаг бындзытӕ.