Ромӕгтӕм 1:1—32

1  Фыссы уӕм Павел, Йесо Чырыстийы цагъар+, Хуыцау кӕй ӕрхуыдта+, цӕмӕй уа апостол+ ӕмӕ Хуыцауы хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕвзӕрст чи у, уый+.  Уыцы хорз хабары тыххӕй йӕ пехуымпарты+ уылты бирӕ раздӕр загъта Сыгъдӕг Фыстады.  Хорз хабар та у йӕ Фырты тыххӕй. Уый туг ӕмӕ стӕгӕй+ уыди Давиды+ байзӕддаг,  фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы*+ хъаруйы+ фӕрцы раргом, Хуыцауы Фырт+ кӕй у, уый, мӕрдтӕй куы райгас+, уӕд – о, уый у нӕ Хицау, Йесо Чырысти,  ӕмӕ ӕз уый фӕрцы схайджын дӕн Хуыцауы стыр хорзӕхӕй+ ӕмӕ сдӕн апостол+, цӕмӕй йыл ӕппӕт адӕмтӕ+ дӕр баууӕндой ӕмӕ йын коммӕгӕс уой, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ ном кадджын кӕной.  Уыцы адӕмты ’хсӕн стут сымах дӕр ӕмӕ Хуыцау сымах дӕр ӕрхуыдта, цӕмӕй Йесо Чырыстийы уат.  Фыссын, Ромы чи ис, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта+, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ+ уой, уыдонмӕ. Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы+ стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй+ хайджын ут.  Фыццаджыдӕр мӕ уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ ӕз уе ’ппӕты тыххӕй дӕр Йесо Чырыстийы уылты мӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнын+, уымӕн ӕмӕ уӕ уырнындзинады кой кӕнынц+ ӕгас дунейы дӕр.  Йӕ Фырты тыххӕй хорз хабар ӕппӕт удӕй хъусын кӕнгӕйӕ кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы Хуыцау мын ӕвдисӕн+, ӕдзухдӕр сымах тыххӕй кӕй фӕкувын+. 10  Лӕгъстӕ йын фӕкӕнын, кӕд йӕ фӕндон+ у, уӕд мын цӕмӕй бантыса сымахмӕ ӕрцӕуын, 11  уымӕн ӕмӕ тынг бӕллын уӕ фенынмӕ+, цӕмӕй уын бахай кӕнон, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй+, ӕмӕ сфидар уат. 12  Уӕвгӕ, растдӕр уаид зӕгъын, цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй+ бафидар уӕм+ – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй. 13  Фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды, ме ’фсымӕртӕ+, сымахӕй уый басусӕг кӕнын, бирӕ хӕттыты уӕм кӕй фӕнд кодтон ӕрцӕуын+,– фӕлӕ мын абоны онг дӕр ис къуылымпытӕ,– цӕмӕй мын сымахмӕ дӕр исты бантыса*+, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, афтӕ. 14  Грекъӕгтӕй дӕр ӕмӕ, грекъаг чи нӕу, уыдонӕй дӕр, зондджынтӕй+ дӕр ӕмӕ ӕнӕмбаргӕтӕй дӕр ӕз хӕсджын дӕн. 15  Гъемӕ мӕ зӕрдиагӕй фӕнды хорз хабар+ сымахмӕ, Ромы+ дӕр, фехъусын кӕнын. 16  Ӕз хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕнын+, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцау ӕвдисы йӕ тых+ ӕмӕ ирвӕзын кӕны, уырнындзинад+ кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр – фыццаг дзуттаджы+, ӕмӕ стӕй грекъаджы+ дӕр, 17  уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад+ кӕмӕ ис, уыдон уынынц, Хуыцау йӕ рӕстдзинад+ хорз хабары фӕрцы кӕй раргом кодта, ӕмӕ уымӕй сӕ уырнындзинад кӕны ноджы фидардӕр. Фыст дӕр афтӕ у: «Рӕстгӕнӕг та цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы»+. 18  Хуыцау уӕларвӕй йӕ маст калы*+, рӕстдзинад*+ ӕнӕфсармӕй чи ссӕнды+, уыцы адӕмы ӕппӕт ӕнӕхуыцау митӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтыл+, 19  уымӕн ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй зонӕн цы уыди, уый сын ӕргом у+ – Хуыцау сын ӕй раргом кодта+. 20  Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй+, йӕ уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых+ ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый+ – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц+, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты+. Уӕдӕ уыдон сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты+. 21  Кӕд Хуыцауы зыдтой, уӕддӕр ӕм цы кад ӕмбӕлы, уыцы кад ын не скодтой ӕмӕ дзы бузныг нӕ уыдысты+, фӕлӕ ницӕйаг хъуыдытыл бафтыдысты+ ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтӕ нытталынг сты+. 22  Сӕхи зондджын хонынц, афтӕмӕй та систы ӕнӕзонд+, 23  ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ Хуыцауы кад+ баивтой ӕмӕ табу кӕнын райдыдтой, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы нывтӕн+, стӕй мӕргъты, цыппӕркъахыг цӕрӕгойты ӕмӕ хилджыты нывтӕн+. 24  Уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау дӕр сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ сӕхи бар ныууагъта, цӕмӕй чъизи хъуыддӕгтӕ кӕной+ ӕмӕ сӕ буӕрттӕй+ хынджылӕггаг аразой+. 25  Ахӕм адӕм Хуыцауы рӕстдзинады*+ бӕсты равзӕрстой мӕнгдзинад+ ӕмӕ табу кӕнынц ӕмӕ кувынц, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕн, Сфӕлдисӕгӕн нӕ, фӕлӕ, табу йын уӕд ӕнустӕм. Аммен. 26  Гъемӕ сӕ Хуыцау дӕр бакодта ӕлгъаг монцты бар+: сӕ сылгоймӕгтӕ ныууагътой, ӕрдзӕй сын лӕвӕрд цы у, уый – нӕлгоймагимӕ цӕрыны ӕгъдау, ӕмӕ амӕй-ай хӕлддӕр митыл* бафтыдысты+. 27  Афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр ныууагътой, ӕрдзӕй сын лӕвӕрд цы у, уый – сылгоймагимӕ цӕрыны ӕгъдау+, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ монцӕй судзынц – нӕлгоймаг нӕлгоймагмӕ+, ӕмӕ кӕнынц алы хӕлд митӕ+, ӕмӕ сӕм сӕ тӕригъӕдты тыххӕй цы ’мбӕлы+, сӕ сӕр уый баййафы+. 28  Хуыцау чи у, уый сӕ бӕлвырдӕй базонын кӕй нӕ бафӕндыд+, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау дӕр ныууагъта ӕнаккаг зонды бар+, цӕмӕй, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ кӕной+. 29  Уыдта, кӕй сты хӕрам+ ӕмӕ ӕнӕхуыцау+, зыд*+, фыдзӕрдӕ+, хӕлӕггӕнаг+, лӕгмартӕ+, загъдуарзаг+, сайынц+, сты фыдзонд+, иннӕты кой кӕнынц+, 30  иннӕтыл цъыф калынц+, Хуыцауӕй уынынц се сӕфт, сты налат+, сӕрбӕрзонд+, хиппӕлой+, фыдбылыз ӕрымысынмӕ дӕсны+, ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсынц+, 31  ӕмбаргӕдзинад сӕм нӕй+, сӕ ныхасӕн хицау не сты+, сӕ бинонты ’хсӕн уарзондзинад нӕй+, тӕригъӕд никӕмӕн зонынц+. 32  Кӕд тынг хорз зонынц Хуыцауы раст тӕрхон+, ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон мӕлӕты аккаг сты+, зӕгъгӕ, уӕддӕр канд сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц уыдӕттӕ, фӕлӕ ма, иннӕтӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый дӕр сӕм хорз кӕсы+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «сыгъдӕг уды»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «исты дыргъ уа».
Комк. «ӕргом кӕны».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
Кӕнӕ «ӕрдзыхъӕды ныхмӕ чи у, ахӕм митыл».
Кӕнӕ «хӕлӕг кӕнынц; искӕй цы у, уымӕ бӕллынц».