Ромӕгтӕм 12:1—21

12  Гъемӕ уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый номӕй уын лӕгъстӕ кӕнын: уӕ буӕрттӕ+ раттут удӕгас+, сыгъдӕг+ ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у+, ахӕм нывондӕн+ – лӕггад ын кӕнут+, арф хъуыды кӕнут+, афтӕмӕй.  Ӕмӕ ацы дуне* мауал фӕзмут+, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут+ ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат*+, цы у Хуыцауы фӕндон+: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст.  Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ уӕ алкӕмӕн дӕр дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут+, фӕлӕ уӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд, Хуыцау ын цы уырнындзинад+ радта+, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй ӕмбаргӕ уат+.  Буар иу куыд у, буары уӕнгтӕ та – бирӕ+, фӕлӕ уӕнгтӕ се ’ппӕт уыцы иу куыст куыд нӕ кӕнынц,  раст афтӕ мах дӕр: кӕд бирӕ стӕм, уӕддӕр стӕм иу буар+ – Чырыстиимӕ иумӕ, ӕмӕ стӕм, кӕрӕдзиимӕ баст чи у, ахӕм уӕнгтӕ+.  Ӕмӕ нӕ иугӕр Хуыцау йе стыр хорзӕхмӕ+ гӕсгӕ алыхуызон курдиӕттӕй* схайджын кодта+, уӕд, пехуымпар чи у, уый пехуымпариуӕг кӕнӕд, Хуыцау ын цы уырнындзинад радта, уымӕ гӕсгӕ;  лӕггадгӕнӕг чи у, уый дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕд+; иннӕты чи ахуыр кӕны+, уый сӕ дарддӕр дӕр ахуыр кӕнӕд+;  иннӕты чи фӕдзӕхсы, уый сӕ фӕдзӕхсӕд+; исчи исты дӕтты, уӕд дӕттӕд цӕстуарзонӕй+; разамынд чи дӕтты+, уый йӕ куыст кӕнӕд зӕрдиагӕй; хатыр чи кӕны+, уый хатыр кӕнӕд зӕрдӕйӕ.  Уӕ уарзт+ уӕд ӕнӕхин+. Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут+, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцут+. 10  Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау+ фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу+ иу иннӕйы разӕй фӕуӕд. 11  Уӕ хъуыддӕгты зивӕггӕнаг ма ут+. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕ удӕй арт уадзут+. Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнут+. 12  Цы ныфс уын ис, уый уын уӕд цины хос+. Зындзинӕдты фидар лӕуут+. Ӕппынӕдзух кувут+. 13  Сыгъдӕджытӕ хъуаг цӕмӕй ӕййафой, уымӕй-иу сӕм фӕкӕсут+. Алкӕддӕр ут уазӕгуарзон+. 14  Чи уӕ ’фхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнут+ – арфӕ+, ӕлгъитгӕ нӕ, фӕлӕ+. 15  Цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕнут+, кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ та кӕут. 16  Уӕхимӕ цы зӕрдӕ дарут, ахӕм зӕрдӕ дарут иннӕтӕм дӕр+. Уӕхицӕй исты ӕнхъӕл ма ут+, фӕлӕ ут сӕрныллӕг+. Уӕхимӕ зондджын ма кӕсут+. 17  Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут+. Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый. 18  Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат+. 19  Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут+. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, цӕмӕй уый ныккала йӕ маст+, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ»+. 20  Фӕлӕ «де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт+. Афтӕмӕй йын йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕ*»+. 21  Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа, фӕлӕ ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «цардӕвӕрд»; грекъ. айо́н.
Кӕнӕ «уӕхицӕн сбӕлвырд кӕнат».
Комк. «лӕвӕрттӕй».
Ома цӕмӕй йӕ маст атадаид, судзгӕ цӕхӕртӕй ӕфсӕйнаг куыд батайы, афтӕ.