Ромӕгтӕм 13:1—14

13  Алы адӕймаг* дӕр хицӕуттӕн+ коммӕгӕс уӕд+, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу+, ахӕм хицаудзинад нӕй+. Хицӕуттӕн цы бартӕ ис, уыдон+ сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты+.  Гъемӕ уӕдӕ, хицӕутты ныхмӕ чи цӕуы, уый цӕуы Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдауы ныхмӕ. Ӕмӕ, афтӕ чи кӕны, уыдон ӕфхӕрд баййафдзысты+.  Хицӕуттӕй тӕрсынц, хорздзинад чи аразы, уыдон нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдон+. Уӕдӕ дӕ кӕд фӕнды, ӕмӕ хицӕуттӕй ма тӕрсай, уӕд хорздзинад араз+, ӕмӕ дӕ ӕппӕлдзысты,  уымӕн ӕмӕ уыдон сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ кусынц дӕ пайдайӕн+. Фӕлӕ кӕд ӕвзӕрдзинад аразыс+, уӕд тӕрс, уымӕн ӕмӕ хъама дзӕгъӕлы нӕ хӕссынц. Уыдон сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, бафхӕрынц*+, ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдоны.  Уӕдӕ сӕ коммӕ хъуамӕ кӕсат ӕрмӕст бафхӕрыны* тӕссӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй уӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй дӕр+.  Ӕмӕ сымах хъалонтӕ дӕр уый тыххӕй фидут, уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ*+ – ӕдзухдӕр уыцы хъуыддаджы лӕуд сты.  Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр дӕттут, цы йын ӕмбӕлы, уый: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн хъалон+, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн фиддон, тӕрсын кӕмӕй хъӕуы, уымӕй тӕрсут+, кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уымӕн кад кӕнут+.  Макӕмӕй мацы хӕс дарут+. Ис уыл ӕрмӕстдӕр иу хӕс – кӕрӕдзи уарзын+, уымӕн ӕмӕ, иннӕйы чи уарзы, уый закъон сӕххӕст кодта+.  Мӕнӕ ацы фӕдзӕхстытӕн, зӕгъгӕ, «ма хӕт»+, «ма амар»+, «ма адав»+, «ма бабӕлл, ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ»+, стӕй иннӕ фӕдзӕхстытӕн дӕр сӕ хъуыды ацы ныхӕсты ис: «Иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»+. 10  Чи уарзы+, уый иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы+, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи уарзы, уый закъон+ сӕххӕст кодта. 11  Сымах зонут, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Ныр уыцы афон у, цӕмӕй райхъал уат+, уымӕн ӕмӕ, уырнджытӕ куы систӕм, уымӕй ныр нӕ ирвӕзындзинад хӕстӕгдӕр у+. 12  Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бонмӕ+ бирӕ нал хъӕуы. Ӕмӕ уӕдӕ ныууадзӕм* талынджы хъуыддӕгтӕ+ ӕмӕ нӕ уӕлӕ скӕнӕм рухсы хӕцӕнгӕрзтӕ+. 13  Ӕмӕ, боныгон куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм+. Ӕнӕуаг цӕл-минасыл, стӕй уӕд фыднозтыл ма бафтӕм+, мадӕр хӕтгӕ кӕнӕм, мадӕр хӕлд митӕ*+, стӕй хылтӕ+ ӕмӕ хӕлӕг дӕр ма кӕнӕм. 14  Фӕлӕ уӕхиуыл уӕлӕдарӕсау скӕнут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы удыхъӕд+ ӕмӕ, тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ куыд ӕххӕст кӕнат, ууыл ма хъуыды кӕнут+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «маст ныккалынц».
Комк. «масты».
Кӕнӕ «Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ адӕмы тыххӕй».
Кӕнӕ «Дӕ хионы».
Комк. «раласӕм».
Кӕс Га 5:19, фип.