Ромӕгтӕм 15:1—33
15 Уӕдӕ мах, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыдон, хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, фидар чи нӕу, уыдонӕн сӕ лӕмӕгъдзинӕдты*+ ӕмӕ, нӕхицӕн куыд ӕнцондӕр у, ууыл ма хъуыды кӕнӕм+.
2 Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ фидардӕр цы фӕкӕндзӕн, ууыл+.
3 Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта+, фыст дӕр афтӕ у: «Дӕу чи ӕлгъыста, уыдон мӕн ӕлгъыстой»+.
4 Ӕмӕ, раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд+ махӕн зонд бацамонынӕн+, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады+ фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты+, уый фӕрцы уа ныфс+.
5 Уӕдӕ уын, фидардзинад ӕмӕ удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау ахӕм хорзӕх ракӕнӕд, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр Йесо Чырыстийы хуызӕн куыд хъуыды кӕнат+,
6 цӕмӕй ӕмвӕндӕй+ ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй кадджын кӕнат нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцауы ӕмӕ Фыды.
7 Ӕмӕ уӕдӕ Чырысти сымахыл куыд баузӕлыд*+, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийыл афтӕ узӕлут*+, цӕмӕй Хуыцау скадджын уа.
8 Зӕгъын уын: Чырысти, сунӕтгонд чи уыд, уыдонӕн+ сси лӕггадгӕнӕг+, цӕмӕй равдиса, Хуыцау сайгӕ кӕй нӕ кӕны+ ӕмӕ сын сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта+, уыдон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн,
9 ӕмӕ цӕмӕй иннӕ адӕмтӕ+ Хуыцауы йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй кадджын кӕной+. Фыст дӕр афтӕ у: «Уый тыххӕй дӕ адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзынӕн* ӕмӕ дӕ номӕн зардзынӕн»+.
10 Ӕмӕ ма ноджыдӕр зӕгъы: «Адӕмтӕ, цин кӕнут йӕ адӕмимӕ»+.
11 Стӕй ма ноджыдӕр: «Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, ӕппӕт адӕмтӕ. Кадджын ӕй кӕнӕнт адӕмыхӕттытӕ се ’ппӕт дӕр»+.
12 Афтӕ ма Исай дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Йессейы уидаг+ ӕмӕ ӕрцӕудзӕн, адӕмтӕн хицау чи уыдзӕн, уый+. Ӕмӕ адӕмтӕ ууыл дардзысты сӕ ныфс»+.
13 Уӕдӕ уын ныфсдӕттӕг Хуыцау, уӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарут, уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кӕнӕд цин ӕмӕ фарнӕй, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъаруйы руаджы уӕ ныфс фидар уа+.
14 Ме ’фсымӕртӕ, ӕз мӕхӕдӕг дӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ цӕттӕ кӕй стут, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр хорз зонут+, ӕмӕ уӕ бон кӕй у уӕ кӕрӕдзийы раст зондыл саразын дӕр+.
15 Фӕлӕ мын Хуыцау йе стыр хорзӕхӕй кӕй бахай кодта+, уымӕ гӕсгӕ уӕм цӕйдӕрты тыххӕй фыссын комкоммӕ, ома уын сӕ ногӕй уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын+.
16 Уыцы стыр хорзӕхӕй хайджын уый тыххӕй дӕн, цӕмӕй ӕз, Йесо Чырыстийы лӕггадгӕнӕг, Хуыцауы хорз хабар+ хъусын кӕнон иннӕ адӕмтӕн+. Ӕмӕ ацы табуйаг хъуыддаджы лӕуд уый тыххӕй дӕн, цӕмӕй уыцы адӕмтӕ хаст ӕрцӕуой Хуыцауӕн ӕхсызгон+ нывондӕн+ – уыцы нывонд ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ фӕрцы.
17 Уӕдӕ, Йесо Чырыстиимӕ+ кӕй дӕн, уый фӕрцы мӕнӕн ис, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цӕуыл цин кӕнон, уый+.
18 Цӕмӕй иннӕ адӕмтӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс уой+, уый тыххӕй Чырысти мӕ къухӕй цы сарӕзта+, уымӕй уӕлдай ницӕй кой ракӕнынмӕ бахӕсдзынӕн мӕ ныфс. Чырысти уыдӕттӕ сарӕзта мӕ ныхӕстӕ+ ӕмӕ мӕ хъуыддӕгты фӕрцы,
19 стӕй нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгты+ фӕрцы ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъаруйы руаджы. Гъемӕ, Иерусалимӕй суанг Илирикмӕ Чырыстийы тыххӕй хорз хабар бӕстон кӕм нӕ фехъусын кодтон+, ахӕм бынат+ нал баззад.
20 Стӕй ӕз мӕхицӕн загътон, Чырыстийы номы тыххӕй кӕм фехъуыстой, уым кӕй нӕ хъусын кӕндзынӕн хорз хабар, цӕмӕй, ӕндӕр чидӕр цы бындур ӕрӕвӕрдта, ууыл ма аразон+.
21 Фыст дӕр афтӕ у: «Уый тыххӕй кӕмӕн нӕ дзырдтой, уыдон ӕй фендзысты, ӕмӕ, уый тыххӕй чи нӕ фехъуыста, уыдон ӕй бамбардзысты»+.
22 Гъемӕ мын уый тыххӕй нӕ рауад сымахмӕ ӕрцӕуын, кӕд мӕ бирӕ хӕттыты фӕндыд, уӕддӕр+.
23 Фӕлӕ мын ныр ацырдыгӕй ӕнӕвнӕлд бынӕттӕ нал баззад, стӕй мӕ ныр цалдӕр азы тынг фӕнды сымахмӕ ӕрцӕуын+. Ӕмӕ мӕ уымӕ гӕсгӕ
24 ныфс ис, Испанимӕ+ цӕугӕйӕ уӕ кӕй фендзынӕн, ӕмӕ иу гыццыл уӕ уындӕй куы бафсӕдон, уӕд мӕ стӕй иуцасдӕр кӕй ахизын кӕндзыстут+.
25 Ныр та цӕуинаг дӕн Иерусалиммӕ ӕфсымӕртӕн*+ балӕггад кӕнынмӕ*.
26 Македонийы ӕмӕ Ахайы+ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ сӕ исбонӕй зӕрдиагӕй фӕхай кодтой+, Иерусалимы ӕфсымӕртӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн.
27 О, тынг зӕрдиагӕй бакодтой уыцы хъуыддаг. Уӕвгӕ, Иерусалимы ӕфсымӕртӕй хӕсджын дӕр уыдысты, уымӕн ӕмӕ кӕд иннӕ адӕмтӕ, Хуыцау уыцы ӕфсымӕртӕн цы хорздзинӕдтӕ бахай кодта, уыдонӕй хайджын фесты+, уӕд хъуамӕ, хъуаг цӕмӕй сты, уымӕй дӕр сын ӕххуыс кӕной+.
28 Ацы хъуыддаг куы бакӕнон ӕмӕ сын цы ӕрӕмбырд кодтой+, уый сӕм куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ+ мӕ фӕндаг сымахыл акӕндзынӕн.
29 Стӕй йӕ зонын, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуон, уӕд уӕм ӕрцӕудзынӕн, Чырыстийы фӕрцы хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы стыр хорздзинӕдтимӕ+.
30 Уӕдӕ уӕ, ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндут, уый тыххӕй ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы уарзондзинады+ тыххӕй курӕг дӕн: сымах дӕр мемӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувут мӕн тыххӕй+,
31 цӕмӕй мӕ Иудейӕйы ӕнӕуырнджытӕ ма бахъыгдарой+ ӕмӕ, Иерусалиммӕ+ цы ’ххуыс ласын, уый* ӕфсымӕртӕн+ ӕхсызгон уа.
32 Ӕмӕ кӕд Хуыцауы бафӕнда, уӕд уӕм зӕрдӕрухсӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уемӕ иумӕ мӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн+.
33 Фарндӕттӕг Хуыцау уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр+. Аммен.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «хъуамӕ хӕссӕм ӕдыхты лӕмӕгъдзинӕдтӕ».
^ Комк. «суазӕг кодта».
^ Комк. «суазӕг кӕнут».
^ Комк. «ӕргом дзурдзынӕн».
^ Кӕнӕ «баххуыс кӕнынмӕ».
^ Комк. «сыгъдӕджытӕн». Кӕс 26, 31 ст. дӕр.
^ Комк. «мӕ лӕггад».