Ромӕгтӕм 7:1—25
7 Ме ’фсымӕртӕ,– закъон чи зоны, уыдонмӕ у мӕ ныхас,– нӕ йӕ зонут, адӕймаг цалынмӕ ӕгас уа, уӕдмӕ йыл кӕй цӕуы Закъоны бар?+
2 Зӕгъӕм, моймӕдзыд сылгоймаг йӕ сӕрыхицауимӕ закъонӕй баст у, цалынмӕ йӕ сӕрыхицау ӕгас уа, уӕдмӕ. Фӕлӕ куы амӕла, уӕд ӕм йӕ сӕрыхицауы закъон ницыуал бар дардзӕн+.
3 Ӕмӕ уӕдӕ йӕ сӕрыхицау ӕгас куы уа, афтӕмӕй ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд нымад уыдзӕн хӕтаг сылгоймагыл+. Фӕлӕ йӕ сӕрыхицау куы амӕла, уӕд ӕм йӕ сӕрыхицауы закъон ницыуал бар дардзӕн, ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд хӕтаг сылгоймагыл нымад нӕ уыдзӕн+.
4 Раст афтӕ сымах дӕр, ме ’фсымӕртӕ, Чырыстийы буары фӕрцы Закъонӕн амардыстут+, цӕмӕй уӕ хицау уа ӕндӕр чидӕр+, ома мӕрдтӕй чи райгас, уый+, ӕмӕ цӕмӕй Хуыцауы кадӕн дыргъ+ хӕссӕм.
5 Буары коммӕ куы кастыстӕм+, уӕд нӕ мидӕг сӕ куыст кодтой, Закъон кӕй раргом кодта, уыцы тӕригъӕдджын монцтӕ, цӕмӕй мӕлӕты аккаг хъуыддӕгтӕ кодтаиккам+.
6 Фӕлӕ нӕм ныр Закъон ницыуал бар дары+, уымӕн ӕмӕ ныл фидар цы хӕцыд, уымӕн амардыстӕм+, цӕмӕй цагъартӕ+ уӕм зӕронд ӕгъдауӕй нӕ, ома фыст закъонмӕ гӕсгӕ+, фӕлӕ ног ӕгъдауӕй – Хуыцауы сыгъдӕг тыхы* уылты+.
7 Уӕдӕ уӕд цы зӕгъӕм? Закъон нӕ бӕззы*?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! Закъон куы нӕ уыдаид, уӕд ӕз, тӕригъӕд цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтаин+. Зӕгъӕм, Закъон афтӕ куы нӕ фӕдзӕхстаид, «ма бабӕлл, ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ»+, зӕгъгӕ, уӕд ӕз, искӕй цы у, уымӕ бабӕллын цы у, уый нӕ зыдтаин+.
8 Фӕлӕ тӕригъӕдӕн уыцы фӕдзӕхсты фӕрцы фӕци фадат+ ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕйы сӕвзӕрын кодта алыхуызон ӕнӕфсис бӕллицтӕ. Ӕнӕ закъонӕй та тӕригъӕд уыд мард+.
9 Кӕддӕр ӕнӕ закъонӕй ӕз уыдтӕн ӕгас+, фӕлӕ уыцы фӕдзӕхст куы фӕзынд+, уӕд тӕригъӕд фӕстӕмӕ райгас, ӕз та амардтӕн+.
10 Ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бамбӕрстон, цардмӕ чи хъуамӕ ӕркодтаид, уыцы фӕдзӕхст+ мӕлӕтмӕ кӕй кӕны+.
11 Тӕригъӕдӕн фӕдзӕхсты фӕрцы фӕци фадат ӕмӕ мӕ сцыбӕл кодта+ ӕмӕ мӕ уыцы фӕдзӕхстӕй амардта.
12 Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд Закъон у ӕнӕфау+, ӕмӕ фӕдзӕхст дӕр у ӕнӕфау, стӕй раст+ ӕмӕ хорз+.
13 Ӕмӕ уӕд, хорз цы у, уый* мын мӕлӕты хос фӕци? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Мӕнӕн мӕлӕты хос тӕригъӕд фӕци, цӕмӕй рабӕрӕг уа, хорз цы у, уый уылты мын тӕригъӕд мӕлӕт куыд хӕссы, уый+, ӕмӕ цӕмӕй фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр раргом уа, тӕригъӕд цӕй стыр фыдбылыз у+.
14 Мах ӕй зонӕм: Закъон у Хуыцауӕй+, ӕз та дӕн ӕнӕххӕст*, ауӕй мӕ кодтой тӕригъӕдӕн+.
15 Гъемӕ, цы аразын, уый мӕхӕдӕг дӕр не ’мбарын. Цы мӕ фӕфӕнды, уый нӕ бакӕнын, ме сӕфт цӕмӕй уынын, уый та саразын.
16 Фӕлӕ иугӕр, цы мӕ нӕ фӕнды, уый аразын+, уӕд разы дӕн, Закъон хорз кӕй у, ууыл+.
17 Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд уыдӕттӕ ӕз нал кӕнын, фӕлӕ, мӕ мидӕг чи цӕры, уыцы тӕригъӕд+.
18 Ӕз ӕй зонын, мӕ мидӕг, ома мӕ буары, хорзӕй кӕй ницы цӕры+. Хорз цы у, уый аразын мӕ фӕфӕнды+, фӕлӕ мӕ цы фӕфӕнды, уый саразын мӕ бон нӕ вӕййы+.
19 Ӕмӕ мӕ цы хорздзинад фӕфӕнды, уый нӕ саразын+, цы ӕвзӕрдзинад мӕ нӕ фӕфӕнды, уый та ракӕнын.
20 Ӕмӕ иугӕр, цы мӕ нӕ фӕнды, уый аразын, уӕд ӕй ӕз нал аразын, фӕлӕ, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый+.
21 Ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, мӕ уавӕры кӕй архайы ахӕм закъон: раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды+, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад+.
22 Мӕ зӕрдӕйы+ мидӕг цин кӕнын+ Хуыцауы закъоныл,
23 фӕлӕ ме уӕнгты+ та цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны+ мӕ зонды закъонимӕ+. Уый у тӕригъӕды закъон+ ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг.
24 Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй?+
25 Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!+ Уӕдӕ ӕз зондӕй цагъар дӕн Хуыцауы закъонӕн+, буарӕй та – тӕригъӕды закъонӕн+.
Фиппаинӕгтӕ
^ «Хуыцауы сыгъдӕг тых» – грекъ. пне́вматос.
^ Комк. «Закъон у тӕригъӕд».
^ «Хорз цы у, уый» амоны Хуыцауы Закъонмӕ.
^ Комк. «фыдӕй конд».