Ромӕгтӕм 9:1—33

9  Куыд Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг, афтӕ, ӕцӕг+ цы у, уый зӕгъын, нӕ сайын+, ӕмӕ мемӕ иумӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕвдисӕн лӕууы ме ’фсарм дӕр,  тынг зын мын кӕй у ӕмӕ ӕдзух мӕ зӕрдӕ кӕй риссы, уымӕн+.  Ме ’фсымӕрты бӕсты, мӕ туг ӕмӕ ме стӕг чи у+, уыдоны бӕсты фӕлтау ӕз ӕлгъыст дӕр куы фӕуин ӕмӕ Чырыстийӕ дӕр куы фӕхицӕн уаин+.  Уыдон сты израилӕгтӕ+. Хуыцау сӕ йӕхицӕн фырттӕ скодта+, скадджын сӕ кодта+, семӕ сарӕзта бадзырдтӕ+, радта сын Закъон+, скодта сӕ уый аккаг, цӕмӕй йын лӕггад кӕной+, ӕмӕ сын хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ бавӕрдта+.  Уыдон сты, Чырысти кӕмӕй рацыд+, уыцы фыдӕлты+ байзӕддӕгтӕ. Ӕппӕтыл дӕр йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыцы Хуыцауӕн+ та табу уӕд ӕнустӕм. Аммен.  Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ сӕххӕст+. Уымӕн ӕмӕ, Израилӕй чи рацыд, уыдон се ’ппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты+.  Ӕмӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй сты, уый дӕр ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иууылдӕр йе ’цӕг хъӕбултӕ сты+. Фӕлӕ афтӕ фыст у: «„Дӕ байзӕддаг“ кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн»+.  Ома, туг ӕмӕ стӕгӕй сывӕллӕттӕ+ Хуыцауы ӕцӕг хъӕбултӕ не сты+, фӕлӕ, Авраамӕн зӕрдӕ кӕй бавӕрдта+, уымӕ гӕсгӕ чи фӕзынд, уыцы хъӕбултӕ сты нымад йӕ байзӕддагыл.  Зӕрдӕ та йын афтӕ бавӕрдта: «Иннӕ аз дӕм ацафон зындзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу»+. 10  Фӕлӕ уый иунӕг ахӕм хабар нӕу. Афтӕ уыд, Ревеккӕ нӕ фыдӕл Исахъӕй куы басывӕрджын ӕмӕ йӕ гуыбыны фаззӕттӕ+ куы хаста, уӕд дӕр. 11  Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой ӕмӕ хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой+,– цӕмӕй, Хуыцау йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ кӕй ӕвзары, уый дарддӕр дӕр кӕнгӕ уа хъуыддӕгтӕй нӕ, фӕлӕ адӕймаджы Ӕрхонӕгӕй+,– 12  афтӕ йын Хуыцау загъта: «Хистӕр кӕстӕрӕн уыдзӕни цагъар»+. 13  Фыст дӕр афтӕ у: «Иаковы бауарзтон, Исавӕй та ме сӕфт федтон»+. 14  Ӕмӕ уӕд цы зӕгъӕм? Хуыцау раст нӕ кӕны?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! 15  Хуыцау Моисейӕн афтӕ загъта: «Кӕмӕ мӕ бафӕнда, уымӕ уыдзынӕн фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ мӕ кӕмӕн бафӕнда, уымӕн фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн»+. 16  Ӕмӕ уӕд, Хуыцау кӕй ӕвзары, уый, кӕй фӕнды, уымӕй кӕнгӕ дӕр нӕу ӕмӕ, ӕппӕт хъарутӕй чи архайы, уымӕй дӕр, фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцауӕй+. 17  Зӕгъӕм, Фыстад фараоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дыл равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр»+. 18  Уӕдӕ йӕ кӕмӕ фӕнды, уымӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ+, кӕй йӕ фӕнды, уый та йӕхи бар ауадзы, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кӕны+. 19  Ды мын зӕгъдзынӕ: «Ӕмӕ ма уӕд Хуыцау адӕмы цӕмӕн аххосджын кӕны? Йӕ фӕндоны ныхмӕ кӕй бон у фӕлӕууын?»+ 20  Фӕлӕ, адӕймаг+, ды чи дӕ, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ дзурай?+ Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн афтӕ зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»+ 21  Нӕ йӕ зоныс, ӕви, дурынгӕнӕгӕн+ ӕлыгыл йӕ бар кӕй цӕуы, йӕ бон кӕй у уыцы иу сыджыты къуыбарӕй, кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕн дӕр скӕнын, ӕмӕ, ӕнӕуи хъуыддӕгтӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕн дӕр?+ 22  Афтӕ Хуыцау дӕр, кӕд ӕй адӕмыл йӕ маст ныккалын ӕмӕ йӕ тых равдисын фӕндыд, уӕддӕр быхсы ӕмӕ бирӕ фӕразы, йӕ маст ныккалинаг кӕуыл у ӕмӕ сафинаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕн+, 23  цӕмӕй йе стыр кад равдиса+, фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтыл+ – ӕмӕ уыдоны бирӕ раздӕр равзӕрста, цӕмӕй сӕ скадджын кӕна+. 24  Уыцы мигӕнӕнтӕ стӕм мах – ӕрмӕст дзуттӕгтӕй нӕ, фӕлӕ иннӕ адӕмтӕй+ дӕр кӕй ӕрхуыдта, уыдон. 25  Хуыцау Осийы чиныджы дӕр афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕм+ чи не сты, уыдоны схондзынӕн „мӕ адӕм“, ӕмӕ кӕй нӕ уарзтон, уый схондзынӕн „мӕ уарзон“+. 26  Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загътон: „Сымах мӕ адӕм не стут“, уыцы ран сӕ схондзысты „удӕгас Хуыцауы фырттӕ“»+. 27  Уымӕй уӕлдай ма Израилы тыххӕй Исай афтӕ зӕгъы: «Израилы адӕм денджызы змисау бирӕ куы уой+, уӕддӕр сӕ армыдзаг йеддӕмӕ нӕ фервӕздзӕн+, 28  уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй дзуапп ӕрдомдзӕн, ӕмӕ уыцы хъуыддаг уайтагъд кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзӕн»+. 29  Исай ма ноджыдӕр загъта: «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+ нын байзӕддаг куы нӕ ныууагътаид, уӕд мах дӕр Содомы хуызӕн суыдаиккам, Гоморрӕйы бон ныл акодтаид»+. 30  Ӕмӕ ма уӕд цы зӕгъӕм? Иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдон кӕд, рӕстгӕнджытӕ суой, ууыл нӕ архайдтой, уӕддӕр сӕ уырнындзинады фӕрцы+ Хуыцауы цӕсты систы рӕстгӕнджытӕ+. 31  Израилы адӕм та кӕд рӕстаг закъон ӕххӕст кӕныныл архайдтой, уӕддӕр ӕй нӕ сӕххӕст кодтой+. 32  Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ суыдзысты сӕ хъуыддӕгты фӕрцы, уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ+. Уыдон «цӕлхдурыл» фӕкалдысты+. 33  Ӕмӕ фыст дӕр афтӕ у: «Ӕз Сионы ӕвӕрын цӕлхдур+ ӕмӕ, къуылымпыйы хос чи уыдзӕн, ахӕм къӕдзӕх+. Фӕлӕ йыл чи ӕууӕнды, уый фыдӕнхъӕл никуы фӕуыдзӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ