Соломоны зарӕг 1:1—17

1  Соломоны+ ӕмбисонды рӕсугъд зарӕг+.  «Йӕ былтӕ мын пъатӕ кӕнӕнт+, йӕ узӕлд, йӕ цинтӕ сты сӕнӕй адджындӕр+.  Дӕ буар хӕрздӕф сойтӕй адджын тӕф кӕны+. Дӕ ном у, сӕрыл кӕй рауадзынц, уыцы сойау ӕхсызгон+. Уый тыххӕй дӕ уарзынц чызджытӕ дӕр.  Акӕн мӕ демӕ+, иумӕ алидзӕм. Паддзах мӕ мидӕмӕ йӕ уӕттӕм бакодта!+ Акӕн мӕ, ӕмӕ цин кӕндзыстӕм, дӕ цинӕй бафсӕддзынӕн. Дзурдзыстӕм дӕ уарзондзинадыл, дӕ уарзт у сӕнӕй дӕр адджындӕр+. Куыннӕ дӕ хъуамӕ уарзой чызджытӕ+.  О Иерусалимы чызджытӕ+, мӕ цӕсгом у сау, фӕлӕ дӕн рӕсугъд. Ӕз дӕн Кедары цатырты хуызӕн+, Соломоны цатыры ӕмбӕрзӕнты хуызӕн+.  Ма кӕсут, сау кӕй дӕн, уымӕ – хур мӕ басыгъта. Ме ’фсымӕртӕ мӕм смӕсты сты ӕмӕ мӕ сӕнӕфсирдӕттӕ хъахъхъӕнынмӕ арвыстой, мӕхи сӕнӕфсирдон+ та нӕ хъахъхъӕдтон.  Зӕгъ-ма мын, мӕ зӕрдӕ+, кӕм хизыс дӕ дзугтӕ+, сихорыл сӕ ривӕд кӕнынмӕ кӕдӕм акӕныс? Зӕгъ мын ӕй, цӕмӕй саударӕг усау де ’мбӕлтты дзугты ’хсӕн ма разил-базил кӕнон».  «Кӕд уый нӕ зоныс, сылгоймӕгты рӕсугъддӕр+, уӕд дӕхӕдӕг ацу дзуджы фӕдыл ӕмӕ хиз дӕ сӕныччыты фыййӕутты цатырты раз».  «Мӕ хуры хай+, ды дӕ фараоны бӕхуӕрдоны ифтыгъд бӕхау рӕсугъд+. 10  Куыд рӕсугъд у дӕ цӕсгом дӕ дыууӕ дзыккуйы астӕу, куыд тынг фидауынц дӕ рӕсугъд дӕллагхъуырыл фӕрдгуытӕ!+ 11  Скӕндзыстӕм дын сызгъӕрин рӕсугъдгӕнӕнтӕ+ ӕвзист фӕрдгуытимӕ». 12  «Паддзах тымбыл фынджы уӕлхъус бады, мӕнӕн та мӕ хӕрздӕф сойы+ адджын тӕф кӕлы+. 13  Мӕнӕн мӕ уарзон у хӕрздӕф миррӕйы+ дзӕкъулау. Йӕ сӕр мӕ риуыл+ ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ фынӕй кӕндзӕн ӕнӕхъӕн ӕхсӕв. 14  Ен-Гедийы+ сӕнӕфсирдӕтты ’хсӕн лавсонийы*+ тӕф куыд адджын у, афтӕ адджын мын у мӕ уарзон». 15  «Куыд рӕсугъд дӕ, мӕ хуры хай+, куыд рӕсугъд! Дӕ цӕстытӕ – бӕлоны дыууӕ цӕсты»+. 16  «Ды дӕр рӕсугъд дӕ+, мӕ зынаргъ, тынг рӕсугъд! Нӕ хуыссӕн+ у фӕлмӕн сыфтӕр. 17  Кедртӕ+ – нӕ рӕсугъд хӕдзары хъайвантӕ, ӕхсӕлыбӕлӕстӕ – нӕ цары хъӕдтӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Морӕ-сырх ахорӕн кӕмӕй кӕнынц, ахӕм зайӕгой.