Соломоны зарӕг 3:1—11

3  Ӕхсӕв мӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ агуырдтон, мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыцы лӕппуйы+. Агуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ не ссардтон.  Цӕуон ӕмӕ горӕтыл ӕрзилон+. Уынгты ӕмӕ горӕты фӕзты+ бацагурон, мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыцы лӕппуйы. Фӕцагуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ не ссардтон.  Горӕтыл чи зылд, уыцы хъахъхъӕнджытӕ+ мыл сӕмбӕлдысты, ӕмӕ сӕ ӕз бафарстон: „Мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыцы лӕппуйы, мыййаг, никуы федтат?“  Куыддӕр сӕ фӕхицӕн дӕн, афтӕ ауыдтон, мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыцы лӕппуйы. Ӕз ыл ныххӕцыдтӕн ӕмӕ йӕ не суагътон, цалынмӕ йӕ мӕ мады хӕдзармӕ, йӕ гуыбыны мӕ чи фӕхаста, уый уатмӕ нӕ бакодтон, уӕдмӕ.  О Иерусалимы чызджытӕ, расомы мын кӕнут+ рӕсугъд сычъитӕ ӕмӕ сагтӕй+, кӕй нӕ архайдзыстут мӕ риуы уарзт райхъал кӕныныл, мӕ риуы уарзты зынг ссудзыныл, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды ссудзын»+.  «Уый цы ссӕуы ӕдзӕрӕг быдыры ’рдыгӕй? У фӕздӕджы къуыбылӕйтты хуызӕн, йемӕ ӕрбахӕссы миррӕйы ӕмӕ урс буды тӕф+, базаргӕнджытӕ кӕй уӕй кӕнынц, уыцы алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнты тӕф»+.  «Уый йӕ хуыссӕн у, Соломоны хуыссӕн. Йӕ алыварс – ӕртиссӕдз гуыппырсары Израилы гуыппырсартӕй+.  Алкӕмӕ дӕр сӕ – хъама, цӕттӕ сты хӕцынмӕ, алкӕмӕн дӕр йӕ хъама йӕ астӕуыл, ӕхсӕвы исты хабар, уӕд цӕттӕ куыд уой»+.  «Уый паддзах Соломоны хӕсгӕ хуыссӕн у. Ливаны бӕлӕстӕй йӕ скодта йӕхицӕн+. 10  Йӕ цӕджындзтӕ йын скодта ӕвзистӕй, йе ’нцойгӕнӕнтӕ – сызгъӕринӕй. Йӕ бадӕн у тарсырх фӕсмынӕй. Мидӕгӕй йӕ зӕрдиагӕй срӕсугъд кодтой Иерусалимы чызджытӕ». 11  «Сионы чызджытӕ, рацӕут ӕмӕ фенут паддзах Соломоны. Йӕ сӕрыл ис, йӕ мад+ ын кӕй сбыдта, уыцы кадыхуд+, сбыдта йын ӕй йӕ чындзӕхсӕвы бон, йӕ зӕрдӕ уӕрыккау куы кафыд, уыцы бон»+.

Фиппаинӕгтӕ