Соломоны зарӕг 4:1—16

4  «Куыд рӕсугъд дӕ+, мӕ хуры хай, куыд рӕсугъд! Дӕ кӕлмӕрзӕны бын+ дӕ цӕстытӕ – бӕлоны дыууӕ цӕсты+. Дӕ сӕрыхъуынтӕ – Галаады хӕхтӕй+ гӕппытӕгӕнгӕ чи ӕрызгъоры, уыцы сӕгъты дзуджы хуызӕн+.  Дӕ дӕндӕгтӕ сты ногӕлвыд, ногнад фысты дзуджы хуызӕн+ – алкӕцыйӕн дӕр дзы ис дыууӕ уӕрыччы, ӕмӕ дзы иуӕн дӕр йӕ уӕрыччытӕй нӕ фӕхъуыд.  Дӕ былтӕ – сырх ӕндӕхтӕ, дӕ дзыхыныхас – зӕрдӕйӕн ӕхсызгон+. Дӕ кӕлмӕрзӕны бынӕй дӕ къӕмисӕнтӕ гранаты къӕрттытау ӕрттивынц+.  Дӕ дӕллагхъуыр+ у Давиды мӕсыджы хуызӕн+, дуртӕй рӕсугъд амад, ауыгъд ыл ис мингай уартытӕ+, иууылдӕр – домбай лӕгты тымбыл уартытӕ.  Дӕ риутӕ+ – рӕсугъд сычъийы дыууӕ лӕппыны, дыууӕ фаззоны, хизынц лилиты ’хсӕн»+.  «Цалынмӕ рог дымгӕ дымы+, цалынмӕ аууӕттӕ нӕ фӕлыгъдысты, уӕдмӕ ацӕудзынӕн миррӕйы хохмӕ ӕмӕ урс буды къуыбырмӕ»+.  «Алцыдӕр дӕ у рӕсугъд+, мӕ хуры хай, ницы аипп дӕм ис+.  Цом мемӕ, Ливанӕй дӕлӕмӕ ныццӕуӕм, мӕ зӕрдӕ*+, Ливанӕй+ дӕлӕмӕ ныццӕуӕм. Ӕрцу Антиливаны цъуппӕй, Сениры+ цъуппӕй, Ермонӕй+, домбӕйтты лӕгӕттӕ кӕм сты, уырдыгӕй, фыранктӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕй.  Мӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссӕуы, о мӕ хо+, мӕ уды хай+, мӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссӕуы дӕ иу цӕстӕнгасӕй+, дӕ иу фӕрдыджы ферттывдӕй. 10  Куыд ӕхсызгон сты дӕ узӕлд, дӕ цинтӕ+, о мӕ хо, мӕ уды хай! Дӕ узӕлд, дӕ цинтӕ – сӕнӕй дӕр хуыздӕр! Дӕ буар цы хӕрздӕф сойтӕй сӕрст у, уыдоны тӕф – цыфӕнды хӕрздӕфгӕнӕнтӕй дӕр адджындӕр!+ 11  Дӕ былтӕй тӕдзы фӕзгъӕр мыд+, о мӕ уды хай. Де ’взагыл – мыд+ ӕмӕ ӕхсыр, дӕ уӕлӕдарӕсы хӕрздӕф – раст Ливаны хъӕды адджын тӕфау+. 12  Мӕ хо, мӕ уды хай у ӕхгӕд дыргъдон+, о, уый у ӕхгӕд дыргъдон, мыхуырӕвӕрд суадон. 13  Дӕ буары цъар – дзӕнӕты цӕхӕрадон, ис дзы ӕппӕты хуыздӕр гранаттӕ+, лавсони ӕмӕ нард+, 14  нард+ ӕмӕ шафран+, хӕрздӕф хъӕз+ ӕмӕ корицӕ+, алыхуызон урс буды бӕлӕстӕ, миррӕ, алой+ ӕмӕ алыхуызон диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ+. 15  Дӕ буары цъар у дыргъдоны суадон, сыгъдӕг доны цъай+, Ливанӕй чи кӕлы, уыцы сабыр суадӕтты хуызӕн+. 16  Райхъал у, цӕгатаг дымгӕ, ӕрцу, хуссайраг дымгӕ+. Радым мын мӕ дыргъдоныл+. Уадз ӕмӕ йӕ адджын тӕфтӕ ахӕлиу уой». «Мӕ уарзон ӕрбацӕуӕд йӕ дыргъдонмӕ ӕмӕ йын йӕ хуыздӕр дыргътӕй бахӕрӕд».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «усаг».