Соломоны зарӕг 5:1—16

5  «Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ+, о мӕ хо+, мӕ уды хай+. Ӕртыдтон мӕ миррӕйӕ+ ӕмӕ мӕ хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕй. Бахордтон мӕ мыды фӕзгъӕртӕй ӕмӕ мӕ мыдӕй+. Банызтон мӕ сӕнӕй ӕмӕ ме ’хсырӕй». «Хӕрут, уарзӕттӕ! Нуазут, уӕ мондӕгтӕ исут узӕлдӕй, цинтӕй!»+  «Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ у хъал+. Уый цы у? Мӕ уарзон дуар хойы!+ „О мӕ хо, мӕ хуры хай, мӕ бӕлон, мӕ ӕнӕфау* уарзон+, дуар мын бакӕн!+ Мӕ сӕр суымӕл ӕртӕхӕй, мӕ сӕрыхъуынтӕ – ӕхсӕвы ӕртӕхтӕй“+.  „Мӕ дзаумӕттӕ раластон, ӕмӕ та сӕ фӕстӕмӕ кӕнон? Мӕ къӕхтӕ ныхсадтон, ӕмӕ та сӕ фӕстӕмӕ чъизи кӕнон?“  Мӕ уарзон йӕ къух дуарӕхгӕнӕнӕй айста, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ+ йӕхи къултыл ныххоста.  Ӕз сыстадтӕн, цӕмӕй мӕ уарзонӕн дуар бакӕнон, ӕмӕ дуарӕхгӕнӕныл* мӕ къухтӕй тагъди миррӕ, ме ’нгуылдзтӕй – миррӕйы сой.  Мӕ уарзонӕн дуар бакодтон, фӕлӕ мӕ уарзон уым нал уыд, ацыди. Куы мӕм дзырдта, уӕд мӕ зӕрдӕ ныллӕууыд. Агуырдтон ма йӕ, фӕлӕ йӕ не ссардтон+. Хъӕр ӕм кодтон, фӕлӕ мын дзуапп нӕ лӕвӕрдта.  Горӕтыл чи зылд, уыцы хъахъхъӕнджытӕ+ мыл амбӕлдысты. Уыдон мӕ фӕнадтой, тугӕрхӕмттӕ мӕ фӕкодтой. Къултӕ+ чи хъахъхъӕдта, уыдон мын мӕ кӕлмӕрзӕн ӕртыдтой.  О Иерусалимы чызджытӕ+, расомы мын кӕнут+, мӕ уарзоны мын куы фенат+, уӕд ын кӕй зӕгъдзыстут, уарзты цӕхӕры кӕй судзын»+.  «О сылгоймӕгты рӕсугъддӕр+, дӕ уарзон иннӕты уарзӕттӕй цӕмӕй хуыздӕр у?+ Уагӕры дӕ уарзон иннӕты уарзӕттӕй цӕмӕй хуыздӕр у, ӕмӕ нӕ ахӕм сомы домай?»+ 10  «Мӕ уарзон хурау цӕхӕртӕ калы, у сырхуадул, дӕс мины ’хсӕн дӕр бӕрӕг дары+. 11  Йӕ сӕр у сызгъӕринау, сыгъдӕг сызгъӕринау рӕсугъд. Йӕ къӕбӕлдзыг сӕрыхъуынтӕ – финикты цупӕлттӕ. Йӕ сӕрыхъуынтӕ – сынты* базырау сау. 12  Йӕ цӕстытӕ – цӕугӕдӕтты цур чи ис, ахӕм бӕлӕтты хуызӕн, сӕхи найынц ӕхсыры, бадынц былыл. 13  Йӕ рустӕ – хӕрздӕфгӕнаг дидинӕгдон+, хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджыты мӕкъуылтӕ. Йӕ былтӕ – лилитӕ, тӕдзы сӕ миррӕйы сой+. 14  Йе ’нгуылдзтӕ – сызгъӕринӕй, сӕ уӕлӕ хризолиттӕ, йӕ гуыбын – пылыстӕгӕй конд къус сапфиртимӕ. 15  Йӕ къӕхтӕ – мрамор цӕджындзтӕ, лӕууынц сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд ӕвӕрӕнтыл. Бакастӕй у Ливанау рӕсугъд, кедрбӕлӕстау бӕрзонд+. 16  Йӕ былтӕ сты мыдау адджын. Алцыдӕр дзы зӕрдӕ йӕхимӕ скъӕфы+. Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у ме ’мбал, о Иерусалимы чызджытӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Хауы ӕнӕфау рӕсугъддзинадмӕ дӕр.
Комк. «дуарӕхгӕнӕны хуынчъытыл».
Сау маргъ, халӕтты мыггагӕй.