Соломоны зарӕг 6:1—13

6  «Цы фӕци дӕ уарзон, о сылгоймӕгты рӕсугъддӕр?+ Кӕдӕм ацыд дӕ уарзон? Мах дӕр ӕй демӕ бацагурӕм».  «Мӕ уарзон ацыд йӕ дыргъдонмӕ+, хӕрздӕфгӕнаг дидинӕгдонмӕ+, дыргъдӕтты йӕ дзуг хизынмӕ+ ӕмӕ лилитӕ ӕмбырд кӕнынмӕ.  Ӕз дӕн мӕ уарзоны, мӕ уарзон та у мӕн+. Уый йӕ дзуг хизы+ лилиты ’хсӕн».  «О мӕ хуры хай+, ды дӕ Удӕнцойы горӕтау+ рӕсугъд, Иерусалимау+ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, тырысаты раз чи ӕрӕмбырд+, уыцы ӕфсӕдтау тас ӕфтауыс+.  Дӕ цӕстытӕ азил+, ма мӕм кӕс. Куы мӕм ӕрбакӕсыс, уӕд мӕ зӕрдӕ пиллон арт фесты. Дӕ сӕрыхъуынтӕ сты, Галаадӕй гӕппытӕгӕнгӕ чи ӕрызгъоры, уыцы сӕгъты дзуджы хуызӕн+.  Дӕ дӕндӕгтӕ сты ногнад фысты дзуджы хуызӕн – алкӕцыйӕн дӕр дзы ис дыууӕ уӕрыччы, ӕмӕ дзы иуӕн дӕр йӕ уӕрыччытӕй нӕ фӕхъуыд+.  Дӕ кӕлмӕрзӕны бынӕй дӕ къӕмисӕнтӕ гранаты къӕрттытау ӕрттивынц+.  Ис мын ӕхсай усы, паддзахы устытӕ, ӕмӕ ӕстай номылусы, стӕй ис бирӕ ӕндӕр чызджытӕ дӕр+,  фӕлӕ иунӕг у мӕ бӕлон+, мӕ ӕнӕфау уарзон+. Уый у йӕ мадӕн йӕ уарзон хъӕбул, йӕ ныййарӕгӕн – ӕнаипп чызг. Чызджытӕ йӕ федтой, ӕмӕ йӕ схуыдтой амондджын, федтой йӕ паддзахӕн йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ, ӕмӕ дзы ӕппӕлын райдыдтой+: 10  „Чи у уыцы сылгоймаг+, сӕуӕхсидау бӕрзондӕй чи кӕсы?+ Уый у дзаг мӕйау рӕсугъд+, цӕхӕркалгӕ хурау сыгъдӕг+, тырысаты раз чи ӕрӕмбырд, уыцы ӕфсӕдтау тас ӕфтауы“»+. 11  «Ӕз ацыдтӕн, ӕнгузбӕлӕстӕ кӕм зайы, уыцы дыргъдонмӕ+, зӕгъын, фенон, дӕлвӕзы бӕлӕстӕ ракъуыбыр кодтой+, сӕнӕфсир таутӕ рауагъта ӕмӕ гранатбӕлӕстӕ дидинӕг ракалдтой ӕви нӕ+. 12  Ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон, мӕ зӕрдӕ мӕ куыд ӕрбакодта мӕ зӕрдӕхӕлар адӕмы бӕхуӕрдӕтты цурмӕ». 13  «Раздӕх, суламитаг чызг, раздӕх! Раздӕх, раздӕх фӕстӕмӕ, ӕмӕ дын дӕ уындӕй бафсӕдӕм!»+ «Ахӕмӕй цы федтат суламитаг чызджы?»+ «Маханаимы* кафты хуызӕн цыдӕр!»

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Дыууӕ къорды».