Софони 3:1—20
3 Додой йӕ къона, ныхмӕ чи цӕуы, йӕхи чи чъизи кӕны ӕмӕ йӕ цӕрджыты чи ссӕнды, уыцы горӕтӕн!+
2 Ныхасмӕ нӕ хъуыста+, зондамынд нӕ иста+. Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл нӕ дардта+ ӕмӕ не ’ввахс кодта йӕ Хуыцаумӕ+.
3 Йӕ кънйӕзтӕ богътӕгӕнаг домбӕйттӕй уӕлдай нӕ уыдысты+, йӕ тӕрхонгӕнджытӕ та – изӕрӕй райсоммӕ стджытӕ ӕхсынинаг дӕр кӕмӕн нал баззайы, уыцы бирӕгътӕй уӕлдай+.
4 Йӕ пехуымпартӕ уыдысты налат ӕмӕ мӕнгард адӕймӕгтӕ+. Йӕ сауджынтӕ сӕхӕдӕг хынджылӕггаг кодтой, табуйаг цы уыд, уый ӕмӕ закъоны сӕрты хызтысты+.
5 Йегъовӕ уыцы горӕты рӕстӕй архайдта+. Раст цы нӕу, ахӕмӕй ницы арӕзта+. Алы райсом дӕр сын йӕ тӕрхӕттӕ хъусын кодта+. Куы-иу ӕрбабон, уӕд-иу не ’рбайсӕфтысты+. Фӕлӕ фыдгӕнӕг, худинаг цы у, уый нӕ зыдта+.
6 «Ӕз адӕмты ныццагътон. Сӕ тигътыл амад мӕсгуытӕ ӕдзӕрӕг фесты. Сӕ уынгтӕ сын сафтид кодтон, змӕлӕг дзы нал ис. Сӕ горӕттӕ дзӕгъӕл баззадысты, ничиуал дзы ис, цӕрӕг дзы нал ис+.
7 Ӕз загътон: „Ӕнӕмӕнг мӕ тӕрсдзынӕ ӕмӕ зондамынд айсдзынӕ“+, цӕмӕй йӕ цӕрӕнбынат ма фесӕфа+, йе ’ппӕт тӕригъӕдты тыххӕй дзы дзуапп куы ’рдомон, уӕд+. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр фыдхъуыддӕгтӕм рӕвдз уыдысты+.
8 „Уӕдӕ мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсут+,– зӕгъы Йегъовӕ,– мӕ амӕттагыл мӕхи цы бон ныццӕвдзынӕн+, уыцы боны онг, уымӕн ӕмӕ мӕ тӕрхон ахӕм у, ӕмӕ хъуамӕ адӕмты ӕрӕмбырд кӕнон+, хъуамӕ паддзахӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕнон ӕмӕ сыл мӕ фыдӕх+, мӕ масты цӕхӕртӕ ныккалон. Мӕ судзгӕ маст аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх дӕр+.
9 Уӕд ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг+, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой*+ ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной“+.
10 Ефиопийы цӕугӕдӕттӕ кӕм кӕлынц, уыцы бӕстӕйӕ мын лӕвӕрттӕ ӕрхӕсдзысты, чи мӕм кувы ӕмӕ мын чи лӕгъстӕ кӕны, уыдон – мӕ адӕм, алы рӕтты чи ныппырх, уыдон+.
11 Уыцы бон, мӕ разы цы фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтай, уыдоны тыххӕй нал ӕфсӕрмы кӕндзынӕ+, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй фесафдзынӕн, сӕрбӕрзондӕй чи цин кӕны, уыдоны+, ӕмӕ мӕ сыгъдӕг хохыл сӕрбӕрзонд митӕ никуыуал кӕндзынӕ+.
12 Дӕ мидӕг ма дын ныууадздзынӕн ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы+, ӕмӕ Йегъовӕйы ном уыдзӕн се ’мбӕхсӕн+.
13 Израилы адӕмӕй ма чи баззайа, уыдон+ фыдхъуыддӕгтӕ нӕ араздзысты+, мӕнг ныхас нӕ кӕндзысты+ ӕмӕ хинӕвзаг нӕ уыдзысты+. Уыдон ӕнцад хиздзысты ӕмӕ-иу кӕрдӕгыл сӕхи ауадздзысты+, тӕссаг сын ӕппындӕр никӕмӕй уыдзӕн»+.
14 Фырцинӕй зар, Сионы чызг! Цин кӕн+, Израил! Дӕ зӕрдӕйы дзаг цин кӕн, Иерусалимы чызг!+
15 Йегъовӕ аивта, цы тӕрхон дын рахаста, уый+. Де знӕгты дын фӕсырдта+. Израилы паддзах Йегъовӕ де ’хсӕн ис+. Бӕллӕхӕй дын тӕссаг никуыуал уыдзӕн+.
16 Уыцы бон Иерусалимӕн зӕгъдзысты: «Ма тӕрс, Сион+. Дӕ къухтӕ ма ’руадз+.
17 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ де ’хсӕн ис. Уый у хъомысджын Хуыцау, ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕндзӕн+. Дӕумӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ райдзӕн+. Йӕ уарзтӕй дӕ барӕвдаудзӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уыдзӕн. Дӕ цинӕй йӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн.
18 Ӕз ӕнӕмӕнг ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, дӕ бӕрӕгбӕттӕ дын+ чи мысы, уыдоны+. Худинаг сӕ кӕй баййӕфта, уый тыххӕй дӕуӕй хауӕггаг фесты+.
19 Чидӕриддӕр дӕ ӕфхӕрдта, уыдонӕн уыцы рӕстӕг ӕз сӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн+. Къуылых чи цӕуы, уыцы адӕмы фервӕзын кӕндзынӕн+ ӕмӕ, алы рӕтты чи ныппырх, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, цы зӕххыл ныххудинаг сты, уыцы зӕххыл сын уыдзӕн кад ӕмӕ ном.
20 Уыцы рӕстӕг уӕ ӕз фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн, о, уыцы рӕстӕг уӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Уацары уӕ чи ис, уыдоны уӕ цӕстыты раз фӕстӕмӕ куы ’ркӕнон, уӕд уын, зӕххыл цыдӕриддӕр адӕмтӕ цӕры, уыдоны цӕсты скӕндзынӕн кад ӕмӕ ном»,– зӕгъы Йегъовӕ+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «ном арой».