Титмӕ 3:1—15

3  Амӕй фӕстӕмӕ дӕр сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕн, цӕмӕй хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты+, уыдонмӕ хъусой+ ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсой, ӕнӕзивӕг уой алы хорз хъуыддагмӕ+ дӕр,  макӕй фыдкой кӕной, ма уой загъдгӕнаг+, фӕлӕ уой ӕмбаргӕ*+, алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн+.  Ӕвӕдза, мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕзонд, ӕгоммӕгӕс, куырм, алы монцты ӕмӕ ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ ӕмӕ хӕлӕггӕнаг, ӕнад, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт+.  Фӕлӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг+ Хуыцауы хӕларзӕрдӕдзинад+ ӕмӕ, адӕмы куыд уарзы, уый куы раргом+,–  нӕ раст хъуыддӕгты тыххӕй нӕ+, фӕлӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ+ гӕсгӕ,– уӕд нӕ фервӕзын кодта – ныхсадта+ нӕ, ӕмӕ нын уый радта цард+. Стӕй нӕ фервӕзын кодта, йӕ сыгъдӕг тыхӕй* нӕ кӕй сног кодта, уый фӕрцы дӕр+.  Уыцы тых ныл рӕдауӕй ӕруагъта нӕ Ирвӕзынгӕнӕг+ Йесо Чырыстийы уылты,  цӕмӕй йе стыр хорзӕхы+ фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуӕм+ ӕмӕ суӕм, ӕнусон цард+ бынӕн райсыны ныфс кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ+.  Ацы ныхӕстӕ раст сты+, ӕмӕ мӕ фӕнды, уыдӕтты тыххӕй ӕдзухдӕр фидарӕй дзурай, цӕмӕй, Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уой, хорзӕй цы саразой, ууыл+. Уый адӕймагӕн хорз ӕмӕ пайда у.  Дӕхи хиз ӕнӕзонд радзур-бадзуртӕй+ ӕмӕ мыггӕгты равзӕрд рацагур-бацагурӕй+, стӕй хылтӕй+ ӕмӕ Закъоны фӕдыл быцӕутӕй+, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕнӕпайда, дзӕгъӕлы. 10  Мӕнг ахуырад чи парахат кӕны+, уый та дыууӕ хатты бафӕдзӕхс+. Ӕмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уӕд+. 11  Зон ӕй, ахӕм адӕймаг кӕй адзӕгъӕл, тӕригъӕды кӕй бафтыд ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхицӕн тӕрхон кӕй рахаста+. 12  Артемӕйы кӕнӕ дӕм Тихикы+ куы арвитон, уӕд бацархай, цӕмӕй мӕм Никополмӕ ӕрцӕуай, уымӕн ӕмӕ зымӕг уым арвитинаг дӕн+. 13  Дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй баххуыс кӕн Зинайӕн, Закъон чи зоны, уымӕн, ӕмӕ Аполлосӕн, фӕндагмӕ сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уымӕй сӕ срӕвдз кӕн+. 14  Не ’фсымӕртӕ дӕр ахуыр кӕнӕнт хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, цӕмӕй, цы сӕ хъӕуы, уымӕй цух ма ӕййафой+ ӕмӕ алкӕддӕр ӕнтыстджын уой+. 15  Мемӕ чи ис, уыдон дын иууылдӕр салӕмттӕ ӕрвитынц+. Мӕ номӕй салӕмттӕ ратт, не ’муырнджытӕй зынаргъ кӕмӕн стӕм, уыдонӕн. Уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын ут+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕнцондзырд; ӕнцонтасӕн».
Кӕнӕ «сыгъдӕг удӕй»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.