Тӕрхонгӕнджыты 1:1—36

1  Йесойы мӕлӕты+ фӕстӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕйы бафарстой+: «Фыццаг нӕ чи ацӕудзӕн ӕмӕ чи схӕцдзӕн ханаайнӕгтимӕ?»  Ӕмӕ сын Йегъовӕ загъта: «Иудӕйы мыггаг ацӕудзӕн+. Ӕз сын уыцы зӕхх сӕ къухмӕ ратдзынӕн».  Ӕмӕ уӕд Иудӕйы мыггаг загъта Симеоны мыггагӕн, се ’фсымӕртӕн: «Цомут немӕ, хӕлттӕм+ гӕсгӕ нӕм бынӕн цы зӕхх ӕрхауд, уырдӕм ӕмӕ ханаайнӕгтимӕ схӕцӕм. Мах та уемӕ ацӕудзыстӕм, цы зӕхх уӕм ӕрхауд, уырдӕм»+. Гъемӕ Симеоны мыггаг семӕ ацыд+.  Уыйадыл Иудӕйы мыггаг ацыд, ӕмӕ сын Йегъовӕ ханаайнӕгты ӕмӕ ферезейты сӕ къухмӕ радта+, ӕмӕ дзы Везекы дӕс мин адӕймаджы ныццагътой.  Везекы Адони-Везекы куы ссардтой, уӕд йемӕ схӕцыдысты ӕмӕ та ханаайнӕгты+ ӕмӕ ферезейты+ фӕцагътой.  Адони-Везек лидзӕг фӕци, фӕлӕ йӕ фӕстейӕ асырдтой, ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ къухты ӕмӕ йӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ акъуырдтой.  Уӕд Адони-Везек загъта: «Ӕвдай паддзахӕн сӕ къухты ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ акъуырдтон, ӕмӕ ме стъолы бын хӕринаджы муртӕ уыгътой. Ӕз уыдонӕн куыд бакодтон, раст афтӕ бакодта Хуыцау мӕнӕн дӕр»+. Уый фӕстӕ йӕ Иерусалиммӕ+ ӕркодтой, ӕмӕ уым амард.  Иудӕйы фырттӕ ма схӕцыдысты Иерусалимы+ ныхмӕ дӕр ӕмӕ йӕ бацахстой, йӕ цӕрджыты йын карды комӕй фӕцагътой, горӕт та арты хай бакодтой.  Уый фӕстӕ Иудӕйы фырттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй, хӕхбӕсты, стӕй Негевы+ ӕмӕ Шефелӕйы+ чи цард, уыцы ханаайнӕгтимӕ схӕцыдаиккой. 10  Ӕмӕ Иудӕйы мыггаг схӕцыд Хевроны+ цӕрӕг ханаайнӕгтимӕ,– Хеврон раздӕр хуынди Кириаф-Арбӕ+,– ӕмӕ Шешай, Ахиман ӕмӕ Фалмайы+ амардтой. 11  Уырдыгӕй та ацыдысты ӕмӕ схӕцыдысты Давиры+ цӕрджытимӕ. Давир раздӕр хуынди Кириаф-Сефер+. 12  Уӕд Халев+ загъта: «Кириаф-Сефермӕ чи бабырса ӕмӕ йӕ чи бацахса, уымӕн мӕ чызг Ахсӕйы+ ратдзынӕн»+. 13  Ӕмӕ йӕ бацахста Гофониил+, Халевӕн йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр+ Кеназы+ фырт. Ӕмӕ йын Халев йӕ чызг Ахсӕйы радта+. 14  Ахсӕ йӕ лӕджы хӕдзармӕ куы цыд, уӕд Гофониилӕн дзурын райдыдта, цӕмӕй йын йӕ фыдӕй зӕхх ракуырдтаид. Стӕй, хӕрӕгыл бадгӕйӕ, Ахсӕ йӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцавта+, мӕ фыд мӕм ракӕса, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ уӕд Халев бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» 15  Ахсӕ йын дзуапп радта: «Раарфӕ мын кӕн+. Зӕххӕн мын йӕ хуссар хай радтай, фӕлӕ ма мын Гуллоф-Маим дӕр ратт». Ӕмӕ йын Халев дӕр Уӕллаг Гуллоф+ ӕмӕ Дӕллаг Гуллоф радта. 16  Моисей кӕй сиахс+ уыди, уыцы кенейаджы+ фырттӕ Иудӕйы фырттимӕ пальмӕбӕлӕсты+ горӕтӕй рацыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдырмӕ, уый ис Арадӕй+ хуссарырдӕм, ӕмӕ уымы адӕмимӕ ӕрцардысты+. 17  Иудӕйы мыггаг та Симеоны мыггагимӕ, се ’фсымӕртимӕ, ацыдысты ӕмӕ схӕцыдысты Цефафы цӕрӕг ханаайнӕгтимӕ, ӕмӕ сын сӕ горӕт сӕфты хай бакодтой+. Ӕмӕ уый тыххӕй уыцы горӕт схуыдтой Хормӕ*+. 18  Уый фӕстӕ Иудӕйы мыггаг бацахста Газӕ+ ӕмӕ йӕ зӕххытӕ, Аскалон+ ӕмӕ йӕ зӕххытӕ, Екрон+ ӕмӕ йӕ зӕххытӕ. 19  Йегъовӕ уыд Иудӕйы мыггагимӕ, ӕмӕ Иудӕйы мыггаг хӕхбӕстӕ йӕхи бакодта, фӕлӕ быдыры чи цард, уыдоны зӕххытӕ байсын сӕ бон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕм уыди, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ+ кӕмӕн уыд, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ+. 20  Моисей куыд загъта, афтӕ Халевӕн Хеврон куы радтой+, уӕд уый Енакы+ ӕртӕ фырты уырдыгӕй фӕсырдта. 21  Вениамины фырттӕ та Иерусалимы цӕрӕг йевусейты нӕ фӕсырдтой+, ӕмӕ йевусейтӕ абоны онг дӕр Вениамины фырттимӕ Иерусалимы цӕрынц+. 22  Уыцы рӕстӕг Иосифы фырттӕ+ дӕр схӕцыдысты Вефилы+ ныхмӕ, ӕмӕ Йегъовӕ уыди семӕ+. 23  Ӕмӕ Иосифы фырттӕ Вефилмӕ сусӕгӕй сӕ хъус дарын райдыдтой+. Уыцы горӕт раздӕр хуынди Луз+. 24  Сгарджытӕ федтой, горӕтӕй чи рацӕйцыд, иу ахӕм лӕджы ӕмӕ йын загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, горӕтмӕ кӕуылты ис бацӕуӕн, уый-ма нын равдис, ӕмӕ дын мах дӕр хорздзинад сараздзыстӕм»+. 25  Гъемӕ сын уыцы лӕг равдыста, горӕтмӕ кӕуылты ис бацӕуӕн, уый. Ӕмӕ уӕд уыцы горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты карды комӕй фӕцагътой+, уыцы лӕджы ӕмӕ йын йӕ бинонты та се ’ппӕты дӕр ауагътой+. 26  Уӕд уыцы лӕг хетты+ зӕхмӕ ацыд, уым горӕт сарӕзта ӕмӕ йӕ схуыдта Луз. Ӕмӕ абоны онг дӕр афтӕ хуыйны. 27  Манассийы+ мыггаг та нӕ байста Беф-Сан+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Фаанах+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Дор+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Ивлеам+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ Мегиддо+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ уыцы зӕххыл цӕргӕйӕ баззадысты+. 28  Израилы фырттӕ куы стыхджын сты+, уӕд ханаайнӕгтӕй сӕхицӕн ӕххуырстытӕ скодтой+, фӕлӕ сӕ уӕддӕр иууылдӕр нӕ фӕсырдтой+. 29  Ефремы мыггаг дӕр нӕ фӕсырдта, Газеры чи цард, уыцы ханаайнӕгты, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ дарддӕр дӕр Газеры+ се ’хсӕн цардысты. 30  Уӕдӕ Завулоны+ мыггаг дӕр нӕ фӕсырдта Китроны цӕрджыты ӕмӕ Наглолы+ цӕрджыты, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ дарддӕр дӕр се ’хсӕн цардысты+ ӕмӕ сын ӕххуырстытӕ систы+. 31  Асиры+ мыггаг нӕ фӕсырдта Аккойы, Сидоны+, Ахлавы, Ахзивы+, Хелвӕйы, Афекы+ ӕмӕ Реховы+ цӕрджыты. 32  Ӕмӕ Асиры фырттӕ дарддӕр уыцы зӕххыл цӕрӕг ханаайнӕгты ’хсӕн цардысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕсырдтой+. 33  Неффалимы+ мыггаг нӕ фӕсырдта Вефсамисы цӕрджыты ӕмӕ Беф-Анафы+ цӕрджыты, ӕмӕ дарддӕр уыцы зӕххыл цӕрӕг ханаайнӕгты ’хсӕн цардысты+. Вефсамис ӕмӕ сын Беф-Анафы цӕрджытӕ та ӕххуырстытӕ систы+. 34  Аморейтӕ Даны+ фырттыл хӕхтырдӕм ахӕцыдысты, дӕлвӕзмӕ ’рцӕуын сӕ нӕ уагътой+. 35  Аморейтӕ Хересы хохыл, Аиалоны+ ӕмӕ Шаалбимы+ цӕргӕйӕ баззадысты. Фӕлӕ сыл Иосифы фыртты къух афтӕ тынг уӕз кӕнын райдыдта, ӕмӕ сӕ цагъары куыст кӕнын бахъуыди+. 36  Аморейты зӕххытӕ уыдысты Акравимы+ къуылдымӕй фалӕмӕ, Селӕйӕ хӕрдмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Нысан кӕны «сӕфты хай бакӕнын».