Тӕрхонгӕнджыты 10:1—18

10  Авимелехы фӕстӕ Израил фервӕзын кӕнынмӕ+ сыстад Фолӕ, Иссахары мыггагӕй. Фолӕ уыд Додойӕн йӕ фырт Фуӕйы фырт. Уый цард Ефремы хӕхбӕсты+, Шамиры.  Фолӕ Израилӕн тӕрхон кодта дыууын ӕртӕ азы. Стӕй амард ӕмӕ йӕ Шамиры бавӕрдтой.  Уый фӕстӕ та тӕрхонгӕнӕг уыд Галаады+ цӕрӕг Иаир. Уый Израилӕн тӕрхон кодта дыууын дыууӕ азы.  Иаирӕн райгуырд ӕртын фырты, ӕмӕ-иу цыдысты ӕртын хӕрӕгыл+. Уыдис сын ӕртын горӕты, абоны онг дӕр сӕ хонынц Хаввоф-Иаир+. Уыцы горӕттӕ сты Галаады зӕххыл.  Уый фӕстӕ Иаир амард ӕмӕ йӕ Камоны бавӕрдтой.  Уӕд та Израилы фырттӕ райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+. Ваалтӕн+ ӕмӕ Астартӕтӕн+, стӕй Сирийы+, Сидоны+ ӕмӕ Моавы+ хуыцӕуттӕн, Аммоны+ фыртты ӕмӕ филистимӕгты+ хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Йегъовӕйы та ныууагътой ӕмӕ йын нал лӕггад кодтой+.  Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ филистимӕгты+ ӕмӕ Аммоны+ фыртты къухмӕ радта*+.  Ӕмӕ уыцы аз Израилы фыртты ӕфхӕрдтой ӕмӕ сӕ бынтондӕр хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагътой. Афтӕ кодтой ӕстдӕс азы, Израилы фырттӕй Иорданы фаллаг фарс аморейты зӕххыл, ома Галаады, чи цард, уыдонӕн.  Аммоны фырттӕ-иу Иорданыл ахызтысты, цӕмӕй-иу Иудӕ, Вениамин ӕмӕ Ефремы мыггагимӕ схӕцыдаиккой. Иудзырдӕй, Израил тынг уынгӕг уавӕры уыд+. 10  Ӕмӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+, дзырдтой йын: «Нӕ Хуыцау, дӕ разы тӕригъӕд ракодтам+, уымӕн ӕмӕ дӕу ныууагътам ӕмӕ Ваалтӕн кувӕм»+. 11  Уӕд Йегъовӕ Израилы фырттӕн загъта: «Египетӕгтӕ+, аморейтӕ+, Аммоны+ фырттӕ, филистимӕгтӕ+, 12  сидойнӕгтӕ+, амаликӕгтӕ+ ӕмӕ-иу уӕ мадиамӕгтӕ+ куы ӕфхӕрдтой+ ӕмӕ-иу мӕм ӕххуысмӕ куы дзынӕзтат, уӕд-иу уӕ сӕ къухӕй нӕ фервӕзын кодтон? 13  Сымах та мӕ ныууагътат+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдыдтат+. Уый тыххӕй уӕ ӕз нал ирвӕзын кӕндзынӕн+. 14  Ацӕут ӕмӕ, цы хуыцӕутты равзӕрстат+, уыдонмӕ сидут ӕххуысмӕ+. Уыдон уӕ ирвӕзын кӕнӕнт уӕ тыхсты сахат». 15  Фӕлӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн загътой: «Мах тӕригъӕд ракодтам+. Цыдӕриддӕр дӕ фӕнды, уый нын бакӕн+. Ӕрмӕст дӕ курӕг стӕм, ацы бон нӕ фервӕзын кӕн»+. 16  Ӕмӕ райдыдтой, цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ сӕм уыди, уыдон сафын+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын+, ӕмӕ йӕ уд+ нал фӕрӕзта Израилы тӕригъӕдмӕ кӕсын+. 17  Цасдӕры фӕстӕ Аммоны+ фырттӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Галаады+ ӕрбынат кодтой. Уӕд Израилы фырттӕ дӕр ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ уыдон та Массифӕйы+ ӕрбынат кодтой. 18  Галаады адӕм ӕмӕ кънйӕзтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Чи ацӕудзӕн нӕ разӕй, цӕмӕй Аммоны фырттимӕ схӕцӕм?+ Уый слӕууӕд ӕппӕт Галаады цӕрджыты сӕргъы»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ауӕй кодта».