Тӕрхонгӕнджыты 12:1—15

12  Уӕд Ефремы мыггаджы адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ ных цӕгатырдӕм сарӕзтой, цӕугӕдоныл ахызтысты ӕмӕ Йеффайӕн загътой: «Аммоны фырттимӕ хӕцынмӕ куы ацыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай?+ Дӕ хӕдзар дын арты хай бакӕндзыстӕм, дӕхӕдӕг дӕр йӕ мидӕг, афтӕмӕй»+.  Фӕлӕ сын Йеффай загъта: «Ӕз ӕмӕ мӕ адӕм Аммоны фырттимӕ карз тохы бацыдыстӕм+. Дзырдтон уӕм ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сымах нӕ фервӕзын кодтат сӕ къухӕй.  Нӕ мӕ ирвӕзын кӕнут, уый куы федтон, уӕд загътон, цӕрон ӕви мӕлон+, уӕддӕр хъуамӕ схӕцон Аммоны фырттимӕ+. Ӕмӕ мын сӕ Йегъовӕ мӕ къухмӕ радта. Уӕдӕ ныр цӕмӕн рацыдыстут мӕ ныхмӕ?»  Гъемӕ Йеффай уайтагъд Галаады цӕрджыты амбырд кодта+ ӕмӕ Ефремы мыггагимӕ схӕцыди. Ӕмӕ галаадӕгтӕ Ефремы фыртты фӕцагътой, уымӕн ӕмӕ афтӕ дзырдтой: «Галаадӕгтӕ, сымах Ефрем ӕмӕ Манассийы зӕххыл цӕрут, фӕлӕ Ефремӕн ничи стут*».  Галаадӕгтӕ Иорданы тӕнджытӕ бацахстой+ ӕмӕ ефремӕгтӕн сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдтой. Ӕмӕ-иу ефремӕгтӕй алидзынмӕ чи хъавыд, уый-иу сын куы загъта, ауадзут мӕ иннӕ фарсмӕ, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй галаадӕгтӕ бафарстой: «Ды Ефремӕй нӕ дӕ?» Ӕмӕ-иу куы загъта, нӕ дӕн, зӕгъгӕ,  уӕд-иу ын загътой: «Уӕдӕ-ма зӕгъ „шибболет“»+. Уый та-иу загъта „сибболет“, уымӕн ӕмӕ уыцы дзырд раст зӕгъын йӕ бон нӕ уыд. Уӕд-иу ӕй ӕрцахстой ӕмӕ-иу ӕй Иорданы тӕнджыты раз амардтой. Уыцы рӕстӕг ефремӕгтӕй фӕмард цыппор дыууӕ мин адӕймаджы+.  Йеффай Израилӕн тӕрхон кодта ӕхсӕз азы. Стӕй галаадаг Йеффай амард ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ горӕты, Галаады.  Йеффайы фӕстӕ Израилӕн тӕрхон кодта+ вифлеемаг+ Есевон.  Уыдис ын ӕртын лӕппуйы ӕмӕ ӕртын чызджы. Есевон арвыста ӕмӕ йӕ фырттӕн ракуырдта ӕртын чызджы, йӕхи хӕдзарвӕндагӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕртӕй. Есевон Израилӕн тӕрхон кодта авд азы. 10  Стӕй амард ӕмӕ йӕ Вифлеемы бавӕрдтой. 11  Йӕ фӕстӕ Израилӕн тӕрхон кӕнын райдыдта завулойнаг+ Елон. Уый Израилӕн тӕрхон кодта дӕс азы. 12  Стӕй завулойнаг Елон амард, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Аиалоны, Завулоны зӕххыл. 13  Уый фӕстӕ та Израилӕн тӕрхон кӕнын райдыдта пирафойнаг+ Гиллелы фырт Авдон. 14  Уыдис ын цыппор фырты ӕмӕ ӕртын фырты фырты, ӕмӕ-иу цыдысты ӕвдай хӕрӕгыл+. Авдон Израилӕн тӕрхон кодта аст азы. 15  Стӕй пирафойнаг Гиллелы фырт Авдон амард ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Пирафоны, Ефремы зӕххыл, амаликӕгты+ хӕхбӕсты.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «сымах стут, Ефремӕй чи фӕлыгъд, уыцы адӕм».