Тӕрхонгӕнджыты 15:1—20

15  Иуцасдӕры фӕстӕ, мӕнӕугӕрдӕн афон, Самсон ӕрцыд йӕ усы бӕрӕггӕнӕг, йемӕ ӕрхаста иу сӕныкк+. Ӕмӕ загъта: «Бацӕуон мӕ усмӕ йӕ уатмӕ»+. Фӕлӕ йӕ чызджы фыд нӕ бауагъта.  Загъта йын: «Ӕз загътон, зӕгъын дзы, ӕвӕццӕгӕн, де сӕфт федтай+, ӕмӕ йӕ дӕ сиахсӕмбалӕн радтон+. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр хо йӕхицӕй хуыздӕр нӕу? Йӕ бӕсты уый уӕд дӕ ус».  Фӕлӕ сын Самсон загъта: «Ныр филистимӕгтӕн исты фыдбылыз куы ракӕнон, уӕд аххосджын нӕ уыдзынӕн»+.  Гъемӕ Самсон ацыд, ӕртӕсӕдӕ рувасы ӕрцахста+, стӕй райста цырӕгътӕ, рувӕсты дыгӕйттӕй сӕ къӕдзилтӕй кӕрӕдзимӕ бабаста ӕмӕ сын сӕ къӕдзилты ’хсӕн фӕйнӕ цырагъы нытътъыста.  Уый фӕстӕ цырӕгътӕ ссыгъта ӕмӕ рувӕсты филистимӕгты кӕрдинаг хуымты ауагъта. Ӕмӕ сын ницыуал ныууагъта, басыгъта сын сӕ куыристӕ дӕр ӕмӕ сӕ кӕрдинаг хуымтӕ дӕр, стӕй сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ дӕр+.  Филистимӕгтӕ кӕрӕдзи фӕрсын райдыдтой: «Уый чи бакодта?» Стӕй загътой: «Уый фимнӕйаджы сиахс Самсон уыди, уымӕн ӕмӕ йын йӕ усы йӕ сиахсӕмбалӕн радта»+. Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ уыцы сылгоймагӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыды дӕр арты басыгътой+.  Самсон та сын загъта: «Кӕд афтӕ кӕнут, уӕд мын ӕндӕр цы гӕнгӕ у: мӕ маст уӕ исдзынӕн+. Ӕмӕ уӕд ӕрсабыр уыдзынӕн».  Гъемӕ сӕ цӕгъдын райдыдта ӕмӕ дзы тынг бирӕ фӕцагъта. Уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ Етамы къӕдзӕхты ’хсӕн ӕрцард+.  Уый фӕстӕ филистимӕгтӕ+ рацыдысты, Иудӕйы+ зӕххыл ӕрбынат кодтой ӕмӕ Лехимӕ+ бабырстой. 10  Иудӕйы цӕрджытӕ сын загътой: «Цӕмӕн рацыдыстут нӕ ныхмӕ?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Мах уый тыххӕй ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй Самсоны сбӕттӕм, ӕмӕ нын уый куыддӕриддӕр бакодта, мах дӕр ын афтӕ бакӕнӕм». 11  Уӕд Иудӕйы цӕрджытӕ, ӕртӕ мин лӕджы, ацыдысты Етамы+ къӕдзӕхмӕ ӕмӕ Самсонӕн загътой: «Нӕ йӕ зоныс, филистимӕгты дӕлбар кӕй стӕм, уый?+ Уый нын цы бакуыстай?» Самсон сын дзуапп радта: «Уыдон мын куыд бакодтой, ӕз дӕр сын афтӕ бакодтон»+. 12  Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Мах ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дӕ сбӕттӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухмӕ раттӕм». Уӕд сын Самсон загъта: «Расомы мын кӕнут, уӕхӕдӕг мӕ кӕй нӕ амардзыстут». 13  Ӕмӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Нӕ, мах дӕ ӕрмӕстдӕр сбӕтдзыстӕм ӕмӕ дӕ сӕ къухмӕ ратдзыстӕм. Маргӕ дӕ нӕ акӕндзыстӕм». Гъемӕ йӕ дыууӕ ног бӕндӕнӕй+ сбастой ӕмӕ йӕ къӕдзӕхӕй ӕркодтой. 14  Самсон ӕрцыд Лехийы онг, ӕмӕ йӕ филистимӕгтӕ куы федтой, уӕд фырцинӕй хъӕр кӕнын райдыдтой+. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг Самсоныл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ, йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон, гӕнӕй конд ӕндах артӕй куыд асудза+, афтӕ аисты ӕмӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудтой. 15  Уӕд Самсон ссардта, ӕрӕджы чи амард, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр, систа йӕ ӕмӕ дзы мин адӕймаджы ныццагъта+. 16  Ӕмӕ уӕд Самсон загъта: «Хӕрӕджы ӕфсӕрӕй сӕ кӕрӕдзи сӕртыл самадтон! Хӕрӕджы ӕфсӕрӕй амардтон мин адӕймаджы!»+ 17  Уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ӕфсӕр йӕ къухӕй аппӕрста ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Рамаф-Лехи*+. 18  Ныр Самсон тынг сдойны ӕмӕ Йегъовӕмӕ сдзынӕзта: «Дӕ цагъары къухмӕ ахӕм стыр ирвӕзындзинад радтай+, ӕмӕ ныр та хъуамӕ дойныйӕ амӕлон ӕмӕ, сунӕтгонд чи нӕу, уыдоны къухмӕ бахауон?»+ 19  Уӕд Хуыцау фегом кодта, Лехийы цы дзыхъхъ* уыди, уый, ӕмӕ дзы дон+ ракалд. Самсон дзы нуазын райдыдта, ӕмӕ та дзы тых+ бацыд ӕмӕ йӕм хъарутӕ фӕзынд+. Уый тыххӕй уыцы суадон схуыдта Ен-Гаккоре*. Ӕмӕ абоны онг дӕр уыцы суадон ис Лехийы. 20  Самсон филистимӕгты рӕстӕджы Израилӕн тӕрхон кодта дыууын азы+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Нысан кӕны «ӕфсӕры къуыпп».
Комк. «фӕхты хуызӕн дзыхъхъ».
Нысан кӕны «ӕххуысмӕ дзыназӕджы суадон».