Тӕрхонгӕнджыты 17:1—13

17  Ефремы+ хӕхбӕсты царди иу лӕг, Миха, зӕгъгӕ.  Ӕмӕ иухатт йӕ мадӕн загъта: «Хъуыды ма кӕныс, иу мин сӕдӕ ӕвзист сиклы дӕ куы ахастой ӕмӕ сӕ чи ахаста, уый мӕ разы куы ралгъыстай?+ Уыцы ӕвзист ӕхца мӕнмӕ сты, ӕз сӕ райстон»+. Уӕд йӕ мад загъта: «Йегъовӕйӕ арфӕгонд уӕд мӕ фырт»+.  Гъемӕ Миха уыцы иу мин сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ йӕ мадмӕ радта+, ӕмӕ йӕ мад загъта: «Ацы ӕвзист ӕз мӕхи къухӕй нывонд кӕнын Йегъовӕйӕн мӕ фырты тыххӕй, цӕмӕй дзы гуымирытӕ+ саразой. Ӕмӕ дын сӕ мӕнӕ фӕстӕмӕ дӕттын».  Лӕппу ӕвзист фӕстӕмӕ йӕ мадмӕ радта. Уый дзы дыууӕсӕдӕ ӕвзист ӕхцайы систа ӕмӕ сӕ ӕвзисты куыстгӕнӕгмӕ радта+. Уый дӕр сын дзы скодта дыууӕ гуымирыйы+. Ӕмӕ сӕ стӕй Михайы хӕдзары сӕвӕрдтой.  Уыцы адӕймагмӕ, Михамӕ, уыди хуыцӕутты кувӕндон+. Миха сарӕзта ефод+ ӕмӕ терафим*+, ӕмӕ йӕ фырттӕй иуы къухмӕ бартӕ радта+, цӕмӕй йын сауджынӕй лӕггад кодтаид+.  Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыд+. Алчидӕр арӕзта, йӕхимӕ раст цы каст, уый+.  Уыди иу ӕвзонг лӕппу, Иудӕйы чи ис, уыцы Вифлеемӕй+, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, ӕмӕ уыд левит+. Иуцасдӕр уым царди,  стӕй рацыд, Иудӕйы чи ис, уыцы горӕт Вифлеемӕй, цӕмӕй ӕндӕр искуы ацардаид. Ӕппынфӕстаг ӕй йӕ фӕндаг ӕркодта Ефремы хӕхбӕстӕм, Михайы+ хӕдзармӕ.  Миха йын загъта: «Кӕцӕй цӕуыс?» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕн левит, Иудӕйы чи ис, уыцы Вифлеемӕй. Мӕхицӕн загътон, зӕгъын, цӕуон, ӕндӕр искуы ацӕрон». 10  Ӕмӕ йын уӕд Миха загъта: «Мӕнмӕ цӕр ӕмӕ мын уынаффӕгӕнӕг*+ ӕмӕ сауджын+ у. Ӕз та дын алы аз дӕр дӕтдзынӕн дӕс ӕвзист ӕхцайы, стӕй дӕ уӕлӕдарӕсӕй ӕмӕ хӕринагӕй цы хъӕуа, уый дӕр». Ӕмӕ левит дӕр уымӕ ӕрлӕууыд. 11  Сразы уыцы лӕгмӕ цӕрыныл, ӕмӕ йын йӕхи фыртау адджын сси. 12  Уымӕй уӕлдай Миха левиты къухмӕ бартӕ радта+, цӕмӕй йын сауджынӕй+ лӕггад кодтаид ӕмӕ дарддӕр дӕр Михайы хӕдзары цардаид. 13  Ӕмӕ уӕд Миха загъта: «Ныр ӕй фидарӕй зонын, Йегъовӕ мын кӕй арфӕ кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ мын левит лӕггад кӕны сауджынӕй»+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома бинонты хуыцау, къухӕйконд хуыцау.
Комк. «фыд».