Тӕрхонгӕнджыты 18:1—31

18  Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыд+. Ӕмӕ уӕд Даны+ мыггаг агуырдта йӕхицӕн зӕххытӕ цӕрынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм уӕды онг Израилы иннӕ мыггӕгты ’хсӕн фаг зӕхх нӕма ӕрхауд+.  Гъемӕ Даны фырттӕ сӕхицӕй, сӕ мыггагӕй, Цорӕйӕ+ ӕмӕ Естаолӕй+, арвыстой фондз лӕджы, хъӕбатыр адӕймӕгты, цӕмӕй зӕхх басгӕрстаиккой+ ӕмӕ йӕ федтаиккой. Загътой сын: «Ацӕут, зӕхх фенут». Цасдӕры фӕстӕ уыцы лӕгтӕ ӕрцыдысты Ефремы+ хӕхбӕстӕм, Михайы+ хӕдзармӕ, ӕмӕ ӕхсӕвы уым ӕрлӕууыдысты.  Михайы хӕдзары цур куы уыдысты, уӕд ӕвзонг левиты йӕ хъӕлӕсӕй базыдтой, ӕмӕ уырдӕм базылдысты. Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Чи дӕ ӕркодта ардӕм? Цӕмӕн дӕ ам, цы дзы кусыс?»  Уый сын дзуапп радта: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ сарӕзта Миха, баххуырста мӕ+, цӕмӕй йын сауджынӕй+ лӕггад кӕнон».  Уӕд ын уыдон загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, бафӕрс-ма+ нын Хуыцауы+, цӕмӕй йӕ зонӕм, нӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ уыдзӕн ӕви нӕ».  Сауджын сын загъта: «Фарнимӕ цӕут. Йегъовӕ уын арфӕ кӕны уӕ фӕндагӕн».  Уыцы фондз лӕджы сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой, ӕрцыдысты Лаисмӕ+, ӕмӕ федтой, цы адӕм дзы цӕры, уыдон сӕ хъаруйӕ ныфсджын кӕй сты, сидойнӕгтау сӕхицӕн сабыр ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй кӕй цӕрынц+. Семӕ ничи хӕцыд, ничи сӕ ӕфхӕрдта, хъыгдарӕг сӕ нӕ уыд. Стӕй сидойнӕгтӕй+ дӕрддзӕфгомау цардысты ӕмӕ сын иннӕ адӕмтимӕ ницы хъуыддӕгтӕ уыди.  Фӕстагмӕ ӕрыздӕхтысты се ’фсымӕртӕм, Цорӕмӕ+ ӕмӕ Естаолмӕ+, ӕмӕ сӕ се ’фсымӕртӕ бафарстой: «Цӕй, цы зӕгъдзыстут?»  Уыдон сын загътой: «Сыстут, ӕмӕ семӕ схӕцӕм. Мах федтам уыцы зӕхх, ӕмӕ тынг хорз зӕхх у+. Сымах та ракӕ-бакӕ кӕнут. Мауал фӕстиат кӕнут, ацӕут уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсут+. 10  Куы ’рцӕуат уырдӕм, уӕд фендзыстут, уыцы адӕм сӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй кӕй цӕрынц+, сӕ зӕххытыл та цӕст кӕй не ’ххӕссы. Хуыцау нын ӕй нӕ къухмӕ радта+. Уыцы зӕххыл цы нӕ ис, ахӕм нӕй»+. 11  Уӕд Даны+ мыггагӕй ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы сӕ хӕцӕнгарз сӕ астӕутыл ӕрбабастой ӕмӕ араст сты уырдыгӕй, ома Цорӕйӕ ӕмӕ Естаолӕй+. 12  Уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕрбынат кодтой Иудӕйы зӕххыл, Кириаф-Иаримы+ раз. Уыцы бынат абоны онг Махане-Дан*+ дӕр уый тыххӕй хуыйны. Уый ис Кириаф-Иаримӕн ныгуылӕнырдыгӕй. 13  Уырдыгӕй ацыдысты Ефремы хӕхбӕстӕм ӕмӕ Михайы+ хӕдзармӕ ӕрцыдысты. 14  Лаисы+ зӕхх сгарӕг+ чи уыд, уыцы фондз лӕджы се ’фсымӕртӕн загътой: «Зонут ӕй, ацы хӕдзӕртты ефод, терафим+ ӕмӕ ӕндӕр гуымирытӕ+ кӕй ис? Уӕдӕ ахъуыды кӕнут, цы кӕнгӕ уын у ныр»+. 15  Гъемӕ сӕ фӕндагӕй фӕзылдысты ӕмӕ уыцы ӕвзонг левиты+ хӕдзармӕ бацыдысты,– йӕ хӕдзар уыди Михайы хӕдзары фарсмӕ,– ӕмӕ йӕ фӕрстытӕ кӕнын райдыдтой, куыдтӕ дӕ+, зӕгъгӕ. 16  Уыцы рӕстӕг, Даны+ фырттӕй чи уыд, уыцы ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы лӕууыдысты кулдуары раз, сӕ хӕцӕнгарз сӕ астӕутыл+, афтӕмӕй. 17  Зӕхх сгарӕг+ чи уыд, уыцы фондз адӕймаджы та хӕдзармӕ бацыдысты, цӕмӕй ефод+, терафим+ ӕмӕ гуымирытӕ+ рахастаиккой. Сауджын+ та ӕхсӕзсӕдӕ гӕрзифтонг лӕгимӕ лӕууыд кулдуары раз. 18  Гъемӕ бацыдысты Михайы хӕдзармӕ ӕмӕ ефод, терафим ӕмӕ гуымирытӕ+ рахастой. Уӕд сӕ сауджын+ бафарста: «Уый цы кусут?» 19  Уыдон ын загътой: «Сабыр, дӕ дзыхыл хӕц. Цом немӕ ӕмӕ махӕн у уынаффӕгӕнӕг*+ ӕмӕ сауджын+. Цы дын хуыздӕр у: иу лӕджы хӕдзарӕн уай сауджын+ ӕви Израилы ӕнӕхъӕн мыггагӕн ӕмӕ хӕдзарвӕндагӕн?»+ 20  Уый сауджыны зӕрдӕмӕ фӕцыд+. Ӕмӕ ефод, терафим ӕмӕ гуымирытӕ+ рахаста ӕмӕ уыцы адӕмимӕ ацыд. 21  Уӕд уыдон дӕр фӕзылдысты ӕмӕ сӕ фӕндагыл дарддӕр ацыдысты, сӕ разӕй скодтой сывӕллӕтты, фос ӕмӕ сӕм мулкӕй цы уыди, уый+. 22  Михайы хӕдзарӕй иудзӕвгар куы ауадысты, уӕд Михайӕн+ йӕ сыхӕгтӕ амбырд сты, Даны фыртты аййафӕм, зӕгъгӕ. 23  Ӕмӕ Даны фырттӕм фӕстейӕ куы хъӕр кодтой, уӕд сӕм уыдон разылдысты ӕмӕ Михайӕн загътой: «Цы ’рцыди+, цӕмӕн сӕмбырд кодтай уыцы адӕмы?» 24  Уый сын загъта: «Цы хуыцӕуттӕ+ скодтон+, уыдон мын ахастат, акодтат мын мӕ сауджыны+ дӕр ӕмӕ уӕ фӕндагыл араст стут, мӕнӕн та ма цы баззади?+ Ӕмӕ ма мӕ фӕрсгӕ дӕр кӕнут, цы ’рцыди, зӕгъгӕ?» 25  Уӕд ын Даны фырттӕ загътой: «Афтӕ бакӕн, ӕмӕ дын дӕ хъӕлӕс мауал хъусӕм, кӕннод уыл ацы мӕстджын адӕм+ нӕ бацауӕрддзысты, ӕмӕ дӕхи* дӕр бабын кӕндзынӕ, ӕмӕ дӕ хӕдзаронты дӕр». 26  Ӕмӕ Даны фырттӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой. Миха дӕр уый куы бамбӕрста, ӕмӕ уымӕй тыхджындӕр сты+, уӕд разылд ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. 27  Уыдон та ахастой, Миха цы скодта, уыдӕттӕ, йӕ сауджыны+ дӕр ын акодтой ӕмӕ ацыдысты Лаисмӕ+, сӕхицӕн сабыр ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй чи цард, уыцы адӕмимӕ схӕцынмӕ+. Ӕмӕ сӕ карды комӕй фӕцагътой+, сӕ горӕт та сын арты хай бакодтой+. 28  Чи сӕ фервӕзын кодтаид, уый нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Сидонӕй+ дӕрддзӕфгомау цардысты ӕмӕ сын иннӕ адӕмтимӕ ӕппындӕр ницы хъуыддӕгтӕ уыди. Уыцы хабар уыди дӕлвӕзы, Беф-Реховы+ раз. Стӕй уыцы горӕт ногӕй сарӕзтой ӕмӕ дзы ӕрцардысты+. 29  Йӕ ном дӕр ын аивтой – схуыдтой йӕ Дан, сӕ фыд Даны+ номӕй. Дан уыд Израилы фырт+. Раздӕр та уыцы горӕт хуынди Лаис+. 30  Уый фӕстӕ Даны фырттӕ гуымирытӕй+ иу сӕхицӕн сӕвӕрдтой. Сауджынтӕ та сын систы Моисейӕн йӕ фырт Гирсоны+ фырт Ионафан+ ӕмӕ йӕ фырттӕ. Ӕмӕ сын сауджынтӕй уыдысты, цалынмӕ уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ+. 31  Михайы конд гуымиры та сӕм лӕууыд, цалынмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар*+ Силомы+ уыд, уӕдмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Нысан кӕны «Даны ӕфсад».
Комк. «фыд».
Комк. «дӕхи уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «цатыр».