Тӕрхонгӕнджыты 21:1—25

21  Израилы фырттӕ Массифӕйы+ расомы кодтой: «Махӕй иу дӕр йӕ чызджы Вениамины фырттӕн нӕ ратдзӕн»+.  Гъемӕ адӕм Вефилмӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ суанг изӕрмӕ уым ӕцӕг Хуыцауы+ раз бадтысты, куыдтой ӕмӕ ӕрдиаг кодтой+.  Ӕмӕ дзырдтой: «О Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, цӕмӕн ӕрцыд Израилы ахӕм хабар, абон Израилы мыггӕгтӕй иу куы фӕхъуыди?»+  Дыккаг бон адӕм райсомӕй раджы сыстадысты, уым нывондхӕссӕн скодтой ӕмӕ йыл судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+ ӕрхастой.  Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ загътой: «Йегъовӕйы размӕ куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕй чи не ’рбацыд уырдӕм? Йегъовӕмӕ Массифӕмӕ чи не ’рбацӕуа, уый тыххӕй карзӕй расомы кодтам+, мард ӕрцӕудзӕн+, зӕгъгӕ».  Ӕмӕ Израилы фырттӕ се ’фсымӕр Вениаминӕн тӕригъӕд кӕнын райдыдтой. Уыдон загътой: «Абон Израилӕй иу мыггаг фӕхъуыд.  Ныр куыд кӕнӕм? Чи ма сӕ баззад, уыдонӕн устытӕ кӕцӕй ӕрхӕссӕм, Йегъовӕйӕ куы расомы кодтам+, нӕ чызджыты сын нӕ ратдзыстӕм, зӕгъгӕ?»+  Ӕмӕ загътой: «Израилы мыггӕгтӕй Йегъовӕмӕ Массифӕмӕ чи не ’рбацыд?»+ Ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй, кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм Иавис-Галаадӕй+ ничи ӕрбацыд.  Адӕмы куы банымадтой, уӕд се ’хсӕн Иавис-Галаады цӕрджытӕй иу дӕр нӕ разынд. 10  Ӕмӕ уӕд адӕм уырдӕм арвыстой дыууадӕс мин лӕджы, ӕппӕты хъӕбатырдӕр хӕстонты, ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Ацӕут ӕмӕ Иавис-Галаады цӕрджыты карды комӕй фӕцӕгъдут, ныццӕгъдут сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр+. 11  Афтӕ бакӕнут: амарут нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты се ’ппӕты дӕр. Удӕгасӕй ныууадзут ӕрмӕстдӕр чызджыты, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи не ’рцыд, уыдоны»+. 12  Фӕлӕ Иавис-Галаады+ цӕрджыты ’хсӕн разынд ӕрмӕстдӕр цыппарсӕдӕ ӕнӕвнӕлд чызджы+, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи не ’рцыд, ахӕм чызджытӕ. Ӕмӕ сӕ ’ркодтой, кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм, Силоммӕ+, Ханааны зӕхмӕ. 13  Гъемӕ адӕм арвыстой Вениамины фырттӕм, Риммоны+ къӕдзӕхыл чи уыди, уыдонмӕ, цӕмӕй семӕ аныхас кодтаиккой ӕмӕ сын загътаиккой, бафидауӕм, зӕгъгӕ. 14  Уӕд Вениамины фырттӕ раздӕхтысты, ӕмӕ сын радтой, Иавис-Галаады+ цӕрӕг сылгоймӕгтӕй удӕгасӕй кӕй ныууагътой, уыдоны. Фӕлӕ се ’ппӕты фаг нӕ уыдысты+. 15  Адӕм Вениамины мыггагӕн тӕригъӕд кодтой+, уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ Израилы иннӕ мыггӕгтӕй фӕхицӕн кодта. 16  Ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ загътой: «Иннӕтӕн та кӕцӕй ӕрхӕссӕм устытӕ, Вениамины мыггаджы сылгоймаг куы нал баззад?» 17  Стӕй загътой: «Вениамины мыггагӕй чи аирвӕзт+, уыдонӕн хъуамӕ уа сӕхи зӕхх, цӕмӕй Израилӕй иу мыггаг ма фесӕфа. 18  Фӕлӕ сын нӕ чызджыты нӕ бон нӕу раттын, уымӕн ӕмӕ Израилы фырттӕ сомы ракодтой, Вениамины фырттӕн ус чи ратта, уый ӕлгъыст у, зӕгъгӕ»+. 19  Ӕппынфӕстаг загътой: «Афӕдзӕй-афӕдзмӕ Йегъовӕйӕн бӕрӕгбон вӕййы Силомы+, Вефилӕн цӕгатырдыгӕй, Вефилӕй Сихеммӕ+ ӕмӕ Левонӕй хуссарырдӕм цы стыр фӕндаг цӕуы, уымӕн скӕсӕнырдыгӕй чи ис, уыцы горӕты». 20  Гъемӕ Вениамины фырттӕн бафӕдзӕхстой: «Ацӕут ӕмӕ сӕнӕфсирдӕтты ӕрӕмбӕхсут 21  ӕмӕ кӕсут: Силомы чызджытӕ симгӕ кафты куы бацӕуой+, уӕд сымах дӕр сӕнӕфсирдӕттӕй рацӕут, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕхицӕн Силомы чызджытӕй ус раскъӕфӕд. Стӕй Вениамины зӕхмӕ ацӕут. 22  Сӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ нӕм се ’фсымӕртӕ лӕбурӕг куы ’рбацӕуой, уӕд сын зӕгъдзыстӕм: „Курӕг уӕ стӕм, уыцы хорзы нын бацӕут, ӕмӕ сын батӕригъӕд кӕнут, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн устытӕ хӕсты нӕ байстам+ ӕмӕ сын сымах дӕр нӕ радтат устытӕ, уымӕн ӕмӕ уӕд аххосджын уыдаиккат“»+. 23  Вениамины фырттӕ дӕр раст афтӕ бакодтой. Цал уыдысты, уал чызджы ӕрцахстой+, симгӕ кафт чи кодта, уыдонӕй+ ӕмӕ сӕ семӕ акодтой. Ӕмӕ, бынӕн цы зӕхх райстой, уырдӕм аздӕхтысты, горӕттӕ сарӕзтой+ ӕмӕ дзы ӕрцардысты. 24  Уӕд Израилы фырттӕ уырдыгӕй апырх сты, сӕ мыггӕгтӕм ӕмӕ сӕ бинонтӕм аздӕхтысты. Алчидӕр сӕ ацыд, бынӕн кӕй райста, уыцы зӕхмӕ+. 25  Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыд+. Алчидӕр арӕзта, йӕхимӕ раст цы каст, уый+.

Фиппаинӕгтӕ