Тӕрхонгӕнджыты 4:1—24
4 Аод куы амард, уӕд та Израилы фырттӕ ногӕй райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+.
2 Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ханаайнаг паддзах Иавины къухмӕ радта*+. Иавин уыд Асоры+ паддзах. Йе ’фсады хистӕр та уыд Сисарӕ+, Харошеф-Гоимы+ чи цард, уый.
3 Израилы фырттӕ та Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+, уымӕн ӕмӕ уыцы паддзахмӕ уыди фарастсӕдӕ хӕстон бӕхуӕрдоны, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ+ кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ, ӕмӕ Израилы фыртты+ дыууын азы дӕргъы хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагъта.
4 Уыцы рӕстӕг Израилӕн тӕрхон кодта пехуымпар+ Деворӕ, Лапидофы ус.
5 Деворӕ царди Ефремы хӕхбӕсты, Рамӕ+ ӕмӕ Вефилы+ ’хсӕн, Деворӕйы пальмӕбӕласы бын. Ӕмӕ йӕм Израилы фырттӕ уырдӕм цыдысты, цӕмӕй сын Хуыцауы тӕрхӕттӕ ӕмбарын кодтаид.
6 Гъемӕ Деворӕ кӕйдӕрты Кедес-Неффалиммӕ+ Авиноамы фырт Варакмӕ+ арвыста ӕмӕ йын загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ дын бафӕдзӕхста: „Ацу ӕмӕ Фаворы+ хохыл ӕрбынат кӕн, демӕ акӕн дӕс мин лӕджы Неффалимы+ фырттӕй ӕмӕ Завулоны+ фырттӕй.
7 Ӕмӕ дӕм+ ӕз Иавины+ ӕфсады хистӕр Сисарӕйы+ йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ Киссоны+ дӕлвӕзмӕ ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзынӕн“»+.
8 Варак ын загъта: «Кӕд ды рацӕудзынӕ мемӕ, уӕд ӕз дӕр цӕуын. Фӕлӕ ды куы нӕ рацӕуай, уӕд ӕз дӕр нӕ ацӕудзынӕн».
9 Уӕд ын Деворӕ загъта: «Ӕнӕмӕнг ацӕудзынӕн демӕ. Фӕлӕ цы фӕндагыл цӕуыс, ууыл не скадджын уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Сисарӕйы ратдзӕн* сылгоймаджы къухмӕ»+. Ӕмӕ Деворӕ сыстад ӕмӕ Варакимӕ Кедесмӕ+ ацыд.
10 Варак Завулоны+ мыггагмӕ ӕмӕ Неффалимы мыггагмӕ Кедесмӕ фӕсидт, ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд дӕс мин адӕймаджы+. Деворӕ дӕр йемӕ ацыди.
11 Кенейаг Хевер+ чи у, уый та ахицӕн кенейтӕй+, Моисейы каис Ховавы фырттӕй+, ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Кедесы раз, Цананнимы, стыр бӕласы цур.
12 Сисарӕйӕн фӕхабар кодтой, Авиноамы+ фырт Варак Фаворы+ хохмӕ кӕй ссыд.
13 Ӕмӕ уӕд Сисарӕ уайтагъд ракодта йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ иууылдӕр – фарастсӕдӕ хӕстон бӕхуӕрдоны, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ+ кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ. Фӕсидт йӕ адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр, ӕмӕ Харошеф-Гоимӕй Киссоны+ дӕлвӕзмӕ ’рцыд.
14 Уӕд Деворӕ Варакӕн загъта: «Сыст, уымӕн ӕмӕ абон Йегъовӕ Сисарӕйы дӕ къухмӕ ратдзӕн. Йегъовӕ йӕхӕдӕг нӕ цӕуы дӕ разӕй?»+ Гъемӕ Варак ӕрцыд Фаворы хохӕй, йӕ фӕдыл дӕс мин лӕджы, афтӕмӕй.
15 Уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Сисарӕ, стӕй йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йе ’фсад иууылдӕр сдзӕгъӕлтӕ сты+ ӕмӕ Варакы карды комӕй фӕцагъды сты. Сисарӕ та бӕхуӕрдонӕй ӕргӕпп кодта ӕмӕ фистӕгӕй лидзынмӕ фӕци.
16 Варак хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ+ ӕмӕ ӕфсад фӕстейӕ сырдта+ суанг Харошеф-Гоимы онг, ӕмӕ Сисарӕйы ӕфсад иууылдӕр карды комӕй фӕцагъды сты. Иу дӕр сӕ нал баззад+.
17 Сисарӕ+ та кенейаг+ Хеверы ус Иаилы+ цатырмӕ алыгъд, уымӕн ӕмӕ Асоры+ паддзах Иавин ӕмӕ кенейаг Хеверы хӕдзары ’хсӕн фидыды бадзырд уыд.
18 Иаил Сисарӕйы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Рахиз мидӕмӕ, мӕ буц хицау, рахиз мӕм мидӕмӕ. Ма тӕрс». Ӕмӕ Сисарӕ йӕ цатырмӕ бацыд. Стӕй йӕ Иаил хъӕццулӕй ӕрӕмбӕрзта.
19 Фӕстӕдӕр ын Сисарӕ загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, иу гыццыл-ма мын дон авӕр, дойны мын у». Ӕмӕ Иаил ӕхсыры лалым+ бакодта ӕмӕ йын дзы радта+, стӕй Сисарӕйы фӕстӕмӕ бамбӕрзта.
20 Сисарӕ йын загъта: «Цатыры бахизӕны лӕуу, ӕмӕ исчи куы ’рбацӕуа ӕмӕ дӕ куы бафӕрса, исчи дӕм ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын зӕгъ: „Ничи!“».
21 Сисарӕ фырфӕлладӕй ныффынӕй. Иаил та, Хеверы ус, райста цатыры къӕбӕл ӕмӕ дзӕбуг, хъавгӕ йӕм бацыд ӕмӕ йын къӕбӕл йӕ къӕмисӕнты ныссагъта+ ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ныкъкъуырдта. Ӕмӕ Сисарӕ амард+.
22 Уӕдмӕ та Варак Сисарӕйы фӕстейӕ сырдта. Иаил йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын фенын кӕнон, кӕй агурыс, уыцы лӕджы». Варак ӕм мидӕмӕ бацыд ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ дӕлӕ Сисарӕ мардӕй хуыссы, йӕ къӕмисӕнты къӕбӕл сагъд, афтӕмӕй.
23 Уыцы бон Хуыцау ханаайнаг паддзах Иавины Израилы фырттӕн сӕ дӕлбар бакодта+.
24 Ӕмӕ Израилы фыртты къух ханаайнаг паддзах Иавиныл тынгӕй-тынгдӕр уӕз кӕнын райдыдта+, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг амардтой+.