Тӕрхонгӕнджыты 7:1—25

7  Уӕд Йероваал+, ома Гедеон+, ӕмӕ йемӕ цы адӕм уыди, уыдон иууылдӕр райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ Хароды цъайы цур ӕрбынат кодтой. Мадиамӕгты ӕфсады цатыртӕ та уыдысты цӕгатырдыгӕй, Морейы къуыбыры раз, дӕлвӕзы.  Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Ӕгӕр бирӕ адӕм ис демӕ. Мадиамӕгты уыйбӕрц адӕмы къухмӕ нӕ ратдзынӕн+, цӕмӕй Израил йӕхицӕй ма ӕппӕла+ ӕмӕ мын ма дзура: „Мӕ цонджы хъару мӕ фервӕзын кодта“+.  Уӕдӕ, дӕ хорзӕхӕй, адӕмӕн фехъусын кӕн: „Кӕд уӕ, мыййаг, исчи йӕ ныфс нӕ хӕссы ӕмӕ фыртӕссӕй ризы, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд“»+. Гедеон дӕр сӕ уыцы ныхӕстӕй бафӕлвӕрдта. Ӕмӕ адӕмӕй дыууын дыууӕ мины фӕстӕмӕ аздӕхтысты, дӕс мины та баззадысты.  Фӕлӕ та Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Уӕддӕр ӕгӕр бирӕ сты дӕ адӕм+. Зӕгъ сын, цӕмӕй донмӕ ныццӕуой, ӕмӕ дын сӕ уым бафӕлвардзынӕн. Ӕмӕ дын афтӕ кӕмӕй зӕгъон, мӕнӕ ай ацӕудзӕн демӕ, зӕгъгӕ, уый ацӕудзӕнис демӕ. Афтӕ кӕмӕй зӕгъон, ай нӕ ацӕудзӕн демӕ, уый та нӕ ацӕудзӕн».  Ӕмӕ Гедеон адӕмӕн загъта, цӕмӕй донмӕ ныццӕуой+. Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Куыдз йе ’взагӕй куыд фесдӕры дон, афтӕ чи нуаза, уыдоны-иу ӕрлӕууын кӕн хицӕнӕй, стӕй, йӕ зонгуытыл чи ’рлӕууа ӕмӕ афтӕмӕй чи нуаза дон, уыдоны дӕр»+.  Гъемӕ-иу дон йӕ дзыхмӕ йӕ къухы чи схаста ӕмӕ афтӕмӕй чи нызта, уыдон уыдысты ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы. Иннӕтӕ се ’ппӕт дӕр нызтой сӕ зонгуытыл лӕугӕйӕ.  Ӕмӕ Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Дон йӕ къухӕй чи нызта, уыцы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ дын мадиамӕгты дӕ къухмӕ ратдзынӕн+. Иннӕтӕн та се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хӕдзармӕ аздӕха».  Гедеон дӕр йемӕ ныууагъта ӕрмӕстдӕр уыцы ӕртӕсӕдӕ лӕджы. Иннӕ израилӕгтӕй та райстой, хӕринагӕй сӕм цы уыди, уый, райстой сын сӕ сыкъатӕ дӕр+, ӕмӕ сӕ стӕй Гедеон сӕ хӕдзӕрттӕм арвыста. Мадиамӕгты ӕфсады цатыртӕ та уыдысты сӕ дӕлейӕ, дӕлвӕзы+.  Уыцы ӕхсӕв+ ын Йегъовӕ загъта: «Сыст, ныццу, сӕ цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм ӕмӕ сӕм бабырс, уымӕн ӕмӕ дын сӕ ӕз дӕ къухмӕ радтон+. 10  Фӕлӕ сӕм кӕд нӕ уӕндыс бабырсын, уӕд уал сӕ цатыртӕм дӕ лӕггадгӕнӕг Фурӕимӕ ныццу+. 11  Байхъус-иу, цы дзурдзысты, уымӕ+, ӕмӕ дӕ уӕд ныфс бацӕудзӕн+. Ӕмӕ сӕм ныццӕудзынӕ ӕмӕ сӕм бабырсдзынӕ». Гедеон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Фурӕ ныццыдысты, мадиамӕгты цатырты хъахъхъӕнджытӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм. 12  Дӕлвӕз йедзаг уыди мадиамӕгтӕ, амаликӕгтӕ ӕмӕ Скӕсӕны цӕрджытӕй+, раст мӕтыхау бирӕ уыдысты+. Сӕ теуатӕн+ банымайӕн дӕр нӕ уыд, денджызы был змисӕн куыд нӕй банымайӕн, афтӕ. 13  Гедеон сӕм ныццыд, ӕмӕ дын мӕнӕ иу адӕймаг иннӕмӕн йӕ фын дзуры: «Фыны федтон+, цыма хъӕбӕрхорӕй конд тымбыл дзул фӕцӕйтылд мадиамӕгты цатыртӕм. Цатыры онг батылд, сӕмбӕлди йыл, ӕмӕ цатыр ӕрхауд+ – сфӕлдӕхта йӕ, ӕмӕ цатыр ныппырх». 14  Уӕд ын йе ’мбал афтӕ+: «Уый ӕнӕмӕнг израилаг Гедеоны+, Иоасы фырты хъама у. Ӕцӕг Хуыцау+ ын мадиамӕгты ӕмӕ се ’фсад ӕгасӕй дӕр йӕ къухмӕ радта»+. 15  Гедеон уыцы фыны хабар куы фехъуыста, стӕй йӕ куыд бамбарын кодтой, уый дӕр+, уӕд Хуыцауӕн бакуывта+. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхт, израилӕгтӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм, ӕмӕ загъта: «Сыстут+, Йегъовӕ уын мадиамӕгты ӕфсад уӕ къухмӕ радта». 16  Стӕй уыцы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы ӕртӕ къордыл адих кодта ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ къухмӕ радта фӕйнӕ сыкъа+ ӕмӕ фӕйнӕ стыр афтид дурыны. Дурынты мидӕг та уыди цырӕгътӕ. 17  Ӕмӕ сын загъта: «Мӕнмӕ-иу кӕсут, ӕмӕ ӕз куыд кӕнон, афтӕ кӕнут. Сӕ цатырты цурмӕ куы бацӕуон, уӕд-иу, ӕз цы аразон, уый аразут сымах дӕр. 18  Сыкъайӕ куы ныууасон, ӕз ӕмӕ мемӕ чи ис, уыдон дӕр, уӕд-иу сымах дӕр, сӕ цатырты алыварс лӕугӕйӕ, сыкъатӕй ныууасут+ ӕмӕ-иу хъӕр кӕнут: «Йегъовӕйы+ хъама ӕмӕ Гедеоны хъама!» 19  Уый фӕстӕ, ӕхсӕвы дыккаг хъахъхъӕнӕн афон* Гедеон ӕмӕ, йемӕ цы сӕдӕ адӕймаджы уыди, уыдон мадиамӕгты цатыртӕм хӕстӕг бацыдысты+. Уыдон та уӕд аивтой хъахъхъӕнджыты. Ӕмӕ сыкъатӕй ныууасыдысты+ ӕмӕ, сӕ къухты цы стыр доны дурынтӕ уыди, уыдон ныппырх кодтой+. 20  Уӕд ӕртӕ къорды дӕр сыкъатӕй ныууасыдысты+, сӕ дурынтӕ ныппырх кодтой, сӕ галиу къухтӕм цырӕгътӕ райстой, сӕ рахиз къухтӕм та – сыкъатӕ, ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Йегъовӕйы+ хъама ӕмӕ Гедеоны хъама!» 21  Уыцы рӕстӕг сӕ алчидӕр мадиамӕгты цатырты алыварс лӕууыд йӕхи бынаты. Уӕд мадиамӕгтӕ иууылдӕр ратӕх-батӕх кӕнын райдыдтой, хъӕр систой ӕмӕ лидзынмӕ фесты+. 22  Ӕртӕсӕдӕ+ хӕстоны та дарддӕр уасыдысты сыкъатӕй+, ӕмӕ Йегъовӕ се ’ппӕты дӕр кӕрӕдзи ныхмӕ скодта, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи цӕгъдын райдыдтой+. Стӕй лидзынмӕ фесты ӕмӕ лыгъдысты суанг Бефшиттӕйы онг ӕмӕ дарддӕр Царерӕмӕ, суанг, Табафы раз чи ис, уыцы Авел-Мехолӕйы+ арӕнты онг. 23  Уӕдмӕ фӕсидтысты израилӕгтӕм Неффалимы+, Асиры+ ӕмӕ Манассийы+ ӕгас мыггагӕй, ӕмӕ мадиамӕгты фӕстейӕ асырдтой+. 24  Гедеон ма ӕгас Ефремы+ хӕхбӕстӕм дӕр арвыста фидиуджытӕ ахӕм ныхасимӕ: «Рацӕут мадиамӕгты размӕ, сӕ разӕй фӕут ӕмӕ бацахсут цӕугӕдӕттӕ суанг Бефварӕйы онг ӕмӕ Иордан». Ӕмӕ ефремӕгтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ бацахстой цӕугӕдӕттӕ+ суанг Бефварӕйы онг ӕмӕ Иордан. 25  Стӕй ма уыдон ӕрцахстой дыууӕ мадиамаг кънйазы дӕр, Оривы ӕмӕ Зивы+. Ӕмӕ Оривы амардтой Оривы+ къӕдзӕхыл, Зивы та – Зивы сӕндуцӕны раз. Ӕмӕ мадиамӕгты+ фӕстейӕ сырдтой. Орив ӕмӕ Зивы сӕртӕ та ӕрбахастой Гедеонмӕ Иорданы цурмӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Дыккаг хъахъхъӕнӕн афон-иу уыди изӕры 10 сахатӕй ӕхсӕвы 2 сахатмӕ.