Тӕрхонгӕнджыты 8:1—35

8  Уӕд Ефремы фырттӕ Гедеонӕн загътой: «Уый цы бакуыстай? Цӕуылнӕ нӕм фӕдзырдтай, мадиамӕгтимӕ хӕцынмӕ куы цыдтӕ, уӕд?»+ Ӕмӕ ӕппӕт амӕлттӕй хыл къахтой+.  Фӕстагмӕ сын Гедеон загъта: «Сымахимӕ абаргӕйӕ ӕз цы сарӕзтон?+ Авиезер сӕнӕфсирӕй цы тыллӕг ӕрӕмбырд кодта+, уымӕй, Ефрем йӕ фӕстӕ цы иугай цупӕлттӕ ӕртыдта, уыдон хуыздӕр нӕ уыдысты?+  Мадиамаг кънйӕзты, Оривы ӕмӕ Зивы+, Хуыцау сымах къухмӕ нӕ радта? Ӕз та цы сарӕзтон ахӕмӕй?» Ӕмӕ сын уый куы загъта, уӕд сӕ маст ссыди+.  Ӕппынфӕстаг Гедеон Иорданмӕ ӕрхӕццӕ ӕмӕ, йемӕ цы ӕртӕсӕдӕ лӕджы уыди, уыдонимӕ цӕугӕдоныл ахызт. Тынг бафӕлладысты, фӕлӕ уӕддӕр се знӕгты дарддӕр сырдтой.  Фӕстӕдӕр Гедеон Сокхофы+ цӕрджытӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, мӕ фӕдыл цы адӕм цӕуы, уыдонӕн-ма мын дзул раттут+ – фӕллад сты. Мадиамаг паддзӕхтӕ Зевей+ ӕмӕ Салманы+ сурын фӕстейӕ».  Фӕлӕ йын Сокхофы кънйӕзтӕ загътой: «Цыма Зевей ӕмӕ Салман ныридӕгӕн дӕ къухы сты, афтӕ нӕ дзурыс? Цӕмӕн дын хъуамӕ раттӕм де ’фсадӕн дзул?»+  Уӕд Гедеон загъта: «Кӕд афтӕ у, уӕд мын уӕхимӕ кӕсут: Йегъовӕ Зевейы ӕмӕ Салманы мӕ къухмӕ куы радта, уӕд уӕ быдыры сындзытӕй ӕмӕ пыхсытӕй банай кӕндзынӕн»+.  Ӕмӕ уырдыгӕй йӕ фӕндаг адарддӕр кодта Пенуелы+ онг ӕмӕ та Пенуелы цӕрджытӕн дӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, фӕлӕ йын уыдон дӕр Сокхофы цӕрджыты дзуапп радтой.  Уӕд Пенуелы цӕрджытӕн загъта: «Фӕстӕмӕ фарнимӕ куы сыздӕхон, уӕд ацы мӕсыгӕй дур дурыл нал ныууадздзынӕн»+. 10  Зевей ӕмӕ Салман+ се ’фсӕдтимӕ уыдысты Каркоры. Сӕ адӕм ма уыдысты фынддӕс мины бӕрц – уыйбӕрц ма баззад Скӕсӕны цӕрджыты+ ӕфсадӕй. Чи сӕ фӕмард, уыдон та уыдысты сӕдӕ дыууын мин хӕстоны+. 11  Гедеон та дарддӕр цыди Новах ӕмӕ Иогбегӕйӕ+ скӕсӕнырдӕм, цатырты чи цард, уыдоны фӕндагыл. Знӕгты ӕфсад ӕдзӕттӕйӕ баййӕфта, ӕмӕ сӕ цӕгъдын райдыдта+. 12  Зевей ӕмӕ Салман+ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ Гедеон уайтагъд фӕстейӕ асырдта, ӕмӕ ӕрцахста уыцы дыууӕ мадиамаг паддзахы. Ӕмӕ се ’фсадӕн йӕ быны дон бацыд. 13  Иоасы фырт Гедеон хӕстӕй фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд цыди, хӕрдмӕ Хересмӕ чи цӕуы, уыцы фӕндагыл. 14  Фӕндагыл ӕрцахста, Сокхофы+ чи цард, иу ахӕм ӕрыгон лӕппуйы, ӕмӕ йӕ бӕстон ӕрфӕрстытӕ кодта+. Гъемӕ йын уый дӕр ныффыста Сокхофы кънйӕзты+ ӕмӕ хистӕр лӕгты нӕмттӕ, ӕвдай авд лӕджы нӕмттӕ. 15  Уӕд Гедеон ацыд Сокхофы цӕрджытӕм ӕмӕ сын загъта: «Мӕнӕ сты Зевей ӕмӕ Салман, кӕй тыххӕй мыл худтыстут, зӕгъгӕ: „Зевей ӕмӕ Салман цыма ныридӕгӕн дӕ къухы сты, афтӕ нӕ дзурыс? Цӕмӕн дын хъуамӕ раттӕм дзул дӕ фӕллад адӕмӕн?“»+. 16  Стӕй ракодта горӕты хистӕр лӕгты, райста быдыры сындзытӕ ӕмӕ пыхсытӕ, ӕмӕ Сокхофы цӕрджытӕн сӕ бон базонын кодта+. 17  Пенуелы+ мӕсыг дӕр ныппырх кодта+, горӕты цӕрджыты та ныццагъта. 18  Уӕд Зевей ӕмӕ Салманы+ бафарста: «Фаворы хохыл кӕй амардтат, уыцы адӕм цыхуызӕн уыдысты?»+ Уыдон ын дзуапп радтой: «Раст де ’нгӕс уыдысты, се ’ппӕт дӕр – паддзахы фыртты хуызӕн». 19  Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Уыдон ме ’фсымӕртӕ уыдысты, мӕ мадызӕнӕг. Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ уын сомы кӕнын: удӕгасӕй сӕ куы ныууагътаиккат, уӕд уӕ нӕ амардтаин»+. 20  Ӕмӕ Йеферӕн, йӕ хистӕр фыртӕн, загъта: «Сыст ӕмӕ сӕ амар». Фӕлӕ лӕппу йӕ хъама не сласта – тарсти, уымӕн ӕмӕ нырма ӕрыгон уыд+. 21  Уӕд Зевей ӕмӕ Салман загътой: «Сыст ӕмӕ нӕ дӕхӕдӕг амар, уымӕн ӕмӕ лӕг йӕ хъаруйӕ лӕг у»+. Гедеон дӕр сыстад ӕмӕ Зевей ӕмӕ Салманы амардта+. Ӕмӕ сӕ теуаты хъуыртыл рӕсугъдӕн цы мӕйы нывтӕ уыди, уыдон рафтыдта. 22  Уый фӕстӕ Израилы адӕм Гедеонӕн загътой: «Ды нын у хицау+, ды ӕмӕ дӕ фырт ӕмӕ дӕ фырты фырт, уымӕн ӕмӕ нӕ ды фервӕзын кодтай мадиамӕгты къухӕй»+. 23  Фӕлӕ сын Гедеон загъта: «Ӕз уын нӕ уыдзынӕн хицау, нӕдӕр уын мӕ фырт уыдзӕн хицау+. Хицау уын уыдзӕн Йегъовӕ»+. 24  Стӕй сын загъта: «Иу цыдӕр уӕ курӕг дӕн: уе знӕгтӕй цы байстат, уымӕй мын алчидӕр фӕйнӕ фындзылдаргӕ цӕджы+ раттӕд». Израилӕгтӕ кӕй басастой, уыдонмӕ уыди фындзылдаргӕ цӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ измаилӕгтӕ уыдысты+. 25  Уыдон ын загътой: «Куыннӕ дын ратдзыстӕм». Ӕмӕ зӕххыл уӕлӕдарӕс айтыдтой ӕмӕ дзы алчидӕр ӕрӕппӕрста, се знӕгтӕй цы байстой, уымӕй фӕйнӕ фындзылдаргӕ цӕджы. 26  Цы сызгъӕрин фындзылдаргӕ цӕгтӕ сӕ ракуырдта, уыдонӕн сӕ уӕз уыди иу мин авдсӕдӕ сиклы* сызгъӕрин. Уымӕй уӕлдай ма дзы уыди хъусцӕджытӕ, мӕйы хуызӕн аивгӕнӕнтӕ+ ӕмӕ, мадиамаг паддзӕхтыл тарсырх къуымбил ӕндахӕй цы уӕлӕдарӕс+ уыди, уыдон, стӕй, теуаты хъуыртыл+ цы фӕрдгуытӕ уыди, уыдон дӕр. 27  Ӕмӕ дзы Гедеон скодта ефод+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ горӕты, Офрӕйы+. Ӕмӕ уым ӕнӕхъӕн Израил уыцы ефодӕн кувын райдыдта*+, ӕмӕ афтӕмӕй Гедеонӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн къӕппӕг сси+. 28  Уыйадыл мадиамӕгтӕ+ басастысты Израилы фырттӕн, ӕмӕ сӕ сӕрыл хӕрдмӕ нал схӕцыдысты. Ӕмӕ цыппор азы дӕргъы, цалынмӕ Гедеон ӕгас уыд, уӕдмӕ, зӕххыл уыди сабырдзинад+. 29  Ӕмӕ Иоасы фырт Йероваал*+ ацыд йӕ фӕндагыл ӕмӕ дарддӕр цард йӕ хӕдзары. 30  Гедеонӕн райгуырд ӕвдай фырты+, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ устытӕ уыди. 31  Сихемы йын цы номылус уыди, уый дӕр ын ныййардта лӕппу. Ӕмӕ йӕ Гедеон схуыдта Авимелех+. 32  Ӕппынфӕстаг Иоасы фырт Гедеон амард, зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, йӕ фыд Иоас кӕм уыд ныгӕд, уым, Авиезеры байзӕддӕгты зӕххыл, Офрӕйы+. 33  Куыддӕр Гедеон амард, афтӕ та Израилы фырттӕ Ваалтимӕ хӕтын райдыдтой+, ӕмӕ сӕхицӕн хуыцауӕн сӕвӕрдтой Ваал-Верифы+. 34  Израилы фырттӕ ферох кодтой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы+, алырдыгӕй сын цы знӕгтӕ уыди, уыдоны къухӕй сӕ чи фервӕзын кодта, уыцы Хуыцауы+. 35  Йероваал, ома Гедеон, Израилӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта+, уыдон дӕр ферох кодтой ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронтӕм ӕнувыд уарзт нӕ равдыстой+.

Фиппаинӕгтӕ

Иу сикл у 11,4 г.
Комк. «йемӕ хӕтын райдыдта».
Ома Гедеон. Кӕс Трх 6:32.