Тӕрхонгӕнджыты 9:1—57

9  Иуафон Йероваалы фырт Авимелех+ ацыд Сихеммӕ+ йӕ мады ’фсымӕртӕм, ӕмӕ уыдонӕн дӕр ӕмӕ йӕ мады ’рвадӕлтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта:  «Курӕг уӕ дӕн, Сихемы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъут: „Цы уын у хуыздӕр, хицау уын ӕвдай адӕймаджы уой+, Йероваалы фырттӕ се ’ппӕт дӕр, ӕви иу адӕймаг? Рох уӕ ма уӕд, ӕз уӕ туг, уе стӕг* кӕй дӕн, уый“»+.  Гъемӕ йын йӕ мады ’фсымӕртӕ йӕ ныхӕстӕ Сихемы цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр радзырдтой, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ Авимелехы+ ’рдӕм фесты, уымӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уый не ’фсымӕр у»+.  Ӕмӕ йын Ваал-Верифы+ хӕдзарӕй ӕвдай ӕвзист ӕхцайы радтой, ӕмӕ уыцы ӕхцатӕй Авимелех баххуырста, кӕм цы дзӕгъӕлдзу ӕмӕ ӕнаккаг адӕм уыди, уыдоны+, цӕмӕй йӕм ӕрбаиу уыдаиккой.  Стӕй ацыд йӕ фыды хӕдзармӕ, Офрӕмӕ+, ӕмӕ иу дурыл амардта йе ’фсымӕрты+, Йероваалы фыртты – ӕвдай лӕджы. Фӕлӕ Йероваалы кӕстӕр фырт Иофам аирвӕзт, уымӕн ӕмӕ бамбӕхст.  Уый фӕстӕ Сихемы цӕрджытӕ ӕмӕ, Миллойы+ чи цард, уыдон иууылдӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ ӕрцыдысты, Сихемы+ цы цӕджындз уыд, уый размӕ, стыр бӕласы+ размӕ. Ӕмӕ уым Авимелехы паддзахӕй сӕвӕрдтой+.  Иофамӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд ацыд, Гаризимы+ хохы сӕр слӕууыд ӕмӕ сӕм ныхъхъӕр кодта: «Сихемы цӕрджытӕ, байхъусут мӕм, ӕмӕ Хуыцау та сымахмӕ байхъусдзӕн:  Иухатт бӕлӕстӕ сфӕнд кодтой сӕхицӕн паддзах сӕвӕрын*. Ӕмӕ оливӕбӕласӕн+ загътой: „Паддзах-ма нын у“+.  Фӕлӕ сын оливӕбӕлас дзуапп радта: „Ныр хъуамӕ мӕ сой ныууадзон, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕмӕй кадджын кӕнынц+, уыцы сой, ӕмӕ ацӕуон ӕмӕ иннӕ бӕлӕсты сӕрмӕ ратас-батас кӕнон?“+ 10  Уӕд та бӕлӕстӕ загътой легъуибӕласӕн+: „Ды нын у паддзах“. 11  Фӕлӕ сын легъуибӕлас дӕр загъта: «Ныр хъуамӕ мӕ адджын ӕмӕ мӕ хорз дыргътӕ ныууадзон, ӕмӕ ацӕуон ӕмӕ иннӕ бӕлӕсты сӕрмӕ ратас-батас кӕнон?“+ 12  Уый фӕстӕ та бӕлӕстӕ загътой сӕнӕфсирӕн: „Ды нын у паддзах“. 13  Фӕлӕ та сын сӕнӕфсир дӕр дзуапп радта: „Ныр хъуамӕ мӕ ног сӕн ныууадзон, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр чи хъӕлдзӕг кӕны+, уыцы сӕн, ӕмӕ ацӕуон ӕмӕ иннӕ бӕлӕсты сӕрмӕ ратас-батас кӕнон?“ 14  Ӕппынфӕстаг бӕлӕстӕ иууылдӕр загътой сындзкъутӕрӕн+: „Ды нын у паддзах“. 15  Ӕмӕ сындзкъутӕр бӕлӕстӕн загъта: „Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр ӕвӕрут уӕхицӕн паддзахӕй, уӕд рацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут+. Кӕд нӕ, уӕд та сындзкъутӕрӕй арт+ рацӕуӕд ӕмӕ Ливаны+ кедртӕ+ аныхъуырӕд“. 16  Уӕдӕ Авимелехы паддзахӕй+ кӕй сӕвӕрдтат, уымӕй раст бакодтат ӕмӕ уӕм фау ӕрхӕссӕн нӕй? Йероваалӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн хорзы бацыдыстут ӕмӕ йын йӕ къухты фыдӕбонӕн аккаг аргъ скодтат? 17  Мӕ фыд тох кодта+ уӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ уд мӕлӕты дзыхмӕ лӕвӕрдта+, цӕмӕй уӕ мадиамӕгты+ къухӕй фервӕзын кодтаид, 18  сымах та мӕ фыды хӕдзаронты ныхмӕ сыстадыстут ӕмӕ йын йӕ фыртты+, ӕвдай лӕджы+, иу дурыл амардтат, ӕмӕ йын йӕ цагъар-сылгоймаджы+ фырт Авимелехы та Сихемы цӕрджытӕн паддзахӕй+ сӕвӕрдтат, уе ’фсымӕр кӕй у, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. 19  Гъемӕ кӕд Йероваалӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн раст бакодтат ӕмӕ уӕм уый тыххӕй фау ӕрхӕссӕн нӕй, уӕд цин кӕнут Авимелехыл, ӕмӕ уыл уый дӕр цин кӕнӕд+. 20  Кӕд нӕ, уӕд та Авимелехӕй арт+ рацӕуӕд ӕмӕ Сихемы цӕрджыты ӕмӕ Миллойы+ цӕрджыты аныхъуырӕд+. Ӕмӕ арт рацӕуӕд Сихемы цӕрджытӕй ӕмӕ Миллойы цӕрджытӕй дӕр ӕмӕ Авимелехы аныхъуырӕд“+. 21  Уый фӕстӕ Иофам+ алыгъд, ӕрцыд Беермӕ ӕмӕ уым ӕрцард, уымӕн ӕмӕ йе ’фсымӕр Авимелехӕй ӕмбӕхсти. 22  Авимелех та Израилӕн йӕхи схицау кодта, ӕмӕ афтӕ уыди ӕртӕ азы дӕргъы+. 23  Уый фӕстӕ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй Авимелех ӕмӕ Сихемы цӕрджытӕ кӕрӕдзи ныхмӕ суыдаиккой+. Ӕмӕ Сихемы цӕрджытӕ Авимелехыл гадзрахатӕй рацыдысты+. 24  Афтӕ уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй, Йероваалы ӕвдай фырты фыдмард кӕй акодтой, уый афтӕмӕй ма баззадаид+, ӕмӕ цӕмӕй сӕ туг ист ӕрцыдаид се ’фсымӕр Авимелехӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ уый амардта+, стӕй Сихемы цӕрджытӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ йын уыдон ӕххуыс кодтой+ йе ’фсымӕрты амарынӕн. 25  Ӕмӕ йын Сихемы цӕрджытӕ хӕхты йӕ размӕ адӕмы бабадын кодтой, ӕмӕ сӕ рӕзты чидӕриддӕр цыди, уыдоны стыгътой. Уый тыххӕй фӕхабар кодтой Авимелехӕн. 26  Уый фӕстӕ Сихеммӕ+ ӕрцыд Еведы фырт Гаал+ йе ’фсымӕртимӕ, ӕмӕ Сихемы цӕрджытӕ сӕ ныфс ууыл дарын райдыдтой+. 27  Иуафон, алы хатт-иу куыд кодтой, афтӕ быдырмӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ сӕнӕфсирдӕтты сӕнӕфсир тыдтой ӕмӕ дзы сӕн дыгътой. Ӕмӕ сӕхицӕн цины бӕрӕгбон скодтой+. Стӕй ацыдысты сӕ хуыцауы кувӕндонмӕ+, уым хордтой ӕмӕ нызтой+ ӕмӕ Авимелехы ӕлгъыстой+. 28  Ӕмӕ сын Еведы фырт Гаал загъта: «Чи у Авимелех+, ӕмӕ чи у Сихем? Цӕмӕн ын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм? Йероваалы+ фырт нӕу, ӕмӕ Зевулы+ дӕр уый нӕ сӕвӕрдта хицауӕй? Лӕггад кӕнут Сихемы фыд Емморы+ адӕмӕн. Авимелехӕн та цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм? 29  Ехх, ӕрмӕст ацы адӕм мӕ къухы куы уаиккой!+ Уӕд Авимелехы йӕ бынатӕй раппарин». Авимелехӕн та загъта: «Стыр ӕфсад ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ рацу»+. 30  Горӕты кънйаз Зевул фехъуыста Еведы+ фырт Гаалы ныхӕстӕ, ӕмӕ йӕм йӕ маст ссыгъд. 31  Гъемӕ Гаалыл сайдӕй рацыд ӕмӕ Авимелехмӕ арвыста фидиуджытӕ ахӕм ныхасимӕ: «Еведы фырт Гаал ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ Сихеммӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ горӕты цӕрджыты дӕ ныхмӕ аразынц. 32  Уӕдӕ ӕхсӕвы сыст+, ды дӕр ӕмӕ демӕ цы адӕм ис, уыдон дӕр, ӕмӕ быдыры йӕ размӕ бабадут+. 33  Ӕмӕ райсомӕй раджы, куыддӕр хур скӕса, афтӕ сыст ӕмӕ горӕтыл дӕхи ныццӕв. Ӕмӕ йӕ адӕмимӕ дӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд ын аккаг фӕу». 34  Гъемӕ Авимелех ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон иууылдӕр ӕхсӕвы сыстадысты ӕмӕ цыппар къордӕй Сихеммӕ хӕстӕг ӕрӕмбӕхстысты, цӕмӕй йӕм бабырстаиккой. 35  Цасдӕры фӕстӕ Еведы фырт Гаал+ рацыд ӕмӕ горӕты кулдуары раз слӕууыд. Ӕмӕ уӕд Авимелех ӕмӕ йӕ адӕм се ’мбӕхсӕн бынӕттӕй рагӕппытӕ кодтой. 36  Гаал адӕмы куы ауыдта, уӕд Зевулӕн загъта: «Акӕс-ма, хӕхтӕй адӕм ӕрцӕуы». Зевул та йын загъта: «Уый дӕм хӕхты аууӕттӕ фӕкастысты адӕмы хуызӕн»+. 37  Фӕстӕдӕр та йын Гаал ногӕй загъта: «Акӕс-ма, уӕртӕ тӕккӕ астӕуӕй адӕм ӕрцӕуы. Иу къорд та дзы ӕрбацӕуы Меоннимы стыр бӕласы ’рдыгӕй». 38  Уӕд ын Зевул загъта: «Афтӕ нӕ дзырдтай+, чи у Авимелех, цӕмӕн ын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ?+ Кӕй ныхмӕ дзырдтай, уыцы адӕм не сты?+ Гъемӕ, табуафси, ацу ӕмӕ семӕ схӕц». 39  Ӕмӕ Гаал Сихемы цӕрджыты ракодта, ӕмӕ Авимелехимӕ схӕцыд. 40  Авимелех ӕй фӕстейӕ асырдта ӕмӕ дзы Гаал лидзӕг фӕци, ӕмӕ йын йӕ адӕмы суанг горӕты кулдуары онг цагътой – тынг бирӕ дзы фӕцагъды ис. 41  Авимелех дарддӕр цард Арумӕйы. Зевул+ та Гаалы+ ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты Сихемӕй+ фӕсырдта. 42  Иннӕ бон адӕм райдыдтой быдырмӕ цӕуын. Ӕмӕ йӕ Авимелехӕн загътой+. 43  Уӕд уый йӕ адӕмы ракодта, ӕртӕ къордыл сӕ адих кодта+ ӕмӕ быдыры сӕ размӕ бабадт. Стӕй акаст, ӕмӕ уӕртӕ адӕм горӕтӕй рацӕуынц. Ӕмӕ уый дӕр сыстад ӕмӕ сӕ фӕцагъта. 44  Авимелех ӕмӕ, йемӕ цы къордтӕ уыди, уыдон сӕ ных сарӕзтой горӕты кулдуӕрттӕм, дыууӕ къорды та сӕхи ныццавтой, быдыры чи уыд, уыдоныл ӕмӕ сӕ фӕцагътой+. 45  Авимелех горӕты ныхмӕ хӕцыд ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ йӕ бацахста. Цы адӕм дзы уыди, уыдоны ныццагъта+, стӕй горӕт ныппырх кодта+ ӕмӕ йын йӕ зӕххыл цӕхх ныккалдта+. 46  Сихемы мӕсыджы цӕрджытӕ уый куы фехъуыстой, уӕд уайтагъд алыгъдысты, Ел-Верифы+ кувӕндоны цы ӕмбӕхсӕн бынат уыди, уырдӕм. 47  Авимелехӕн фӕхабар кодтой, Сихемы мӕсыджы цӕрджытӕ, дам, иууылдӕр иу ран ӕмбырдӕй сты. 48  Уӕд Авимелех ссыд Селмоны+ хохмӕ, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йемӕ цы адӕм уыди, уыдон дӕр. Фӕрӕт йӕ къухмӕ райста, бӕласы къалиу дзы ракодта, систа йӕ, йе уӕхскыл ӕй сӕвӕрдта ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдонӕн загъта: «Цы сарӕзтон, уый федтат? Рӕвдздӕр, сымах дӕр афтӕ бакӕнут!»+ 49  Ӕмӕ сӕ алчидӕр фӕйнӕ къалиуы ракодта ӕмӕ Авимелехы фӕдыл ацыдысты. Стӕй сӕ къалиутӕ ӕмбӕхсӕн бынаты бахизӕныл бафӕлдӕхтой ӕмӕ йыл арт бандзӕрстой. Ӕмӕ, Сихемы мӕсыджы цы адӕм уыд, уыдон иууылдӕр амардысты – уыдысты иу мины бӕрц, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ+. 50  Авимелех ацыд Тевецмӕ+, йӕ разы ӕрбынат кодта, схӕцыди семӕ ӕмӕ горӕт бацахста. 51  Горӕты астӕу та уыди фидар мӕсыг, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ, горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр уырдӕм балыгъдысты, бахизӕн сӕ фӕстӕ сӕхгӕдтой ӕмӕ мӕсыджы сӕрмӕ схызтысты. 52  Авимелех йӕ ных сарӕзта мӕсыгмӕ, размӕ абырста ӕмӕ мӕсыджы бахизӕнмӕ хӕстӕг бацыд, арт ыл бандзарон, зӕгъгӕ+. 53  Уӕд уырдыгӕй иу сылгоймаг Авимелехы сӕрыл куыройыдур ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын йӕ сӕр ныппырх кодта+. 54  Авимелех уайтагъд фӕдзырдта, йӕ хӕцӕнгарз ын чи хаста, уыцы лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хъама слас ӕмӕ мӕ амар+, кӕннод зӕгъдзысты, сылгоймаг ӕй амардта, зӕгъгӕ». Йӕ лӕггадгӕнӕг дӕр ӕй хъамайӕ ныррӕхуыста, ӕмӕ Авимелех амард+. 55  Израилӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ Авимелех амард, уӕд сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. 56  Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ Авимелехӕн йӕхи сӕрыл ӕрцыд, йӕ ӕвдай ӕфсымӕрмӕ йӕ къух сисгӕйӕ йӕ фыдӕн цы ӕвзӕрдзинад ракодта, уый+. 57  Ӕмӕ Сихемы цӕрджытӕн дӕр, цы ӕвзӕрдзинад ракодтой, уый сӕхи сӕрыл ӕрцыд. Хуыцау афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй сӕ Йероваалы+ фырт Иофамы+ ӕлгъыст+ баййӕфтаид+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Рд 29:14, фип.
Комк. «байсӕрдын».