Филиппӕгтӕм 2:1—30
2 Кӕд, Чырыстиимӕ иудзинады кӕй стут, уый уын уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕны+, кӕд уарзтӕй рӕвдыд стут, кӕд уӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнут, кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй уарзут+ ӕмӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут,
2 уӕд мын мӕ циндзинадыл ноджыдӕр бафтаут: ӕмхуызон хъуыды кӕнут+ ӕмӕ ӕмхуызон уарзут уӕ кӕрӕдзийы, ут ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд+.
3 Ма ут загъдуарзаг+ ӕмӕ кадуарзаг+, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут+.
4 Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут+, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр+.
5 Йесо Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут сымах дӕр+.
6 Кӕд Хуыцауы хуызӕн уыди+, уӕддӕр ӕм ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ хъуамӕ уа+.
7 Фӕлӕ йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта ӕмӕ сси цагъары хуызӕн+, сси адӕймаг+.
8 Уымӕй уӕлдай, адӕймаг куы уыди+, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ сси коммӕгӕс, коммӕгӕс мӕлӕты онг дӕр+ – мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл+.
9 Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта+ ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм ном+,
10 цӕмӕй Йесойы номы раз алчидӕр йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа – уӕлӕрвты чи ис, зӕххыл чи ис ӕмӕ зӕххы бын чи ис, уыдон+,–
11 ӕмӕ алчидӕр ӕргом зӕгъа+, Йесо Чырысти кӕй у Хицау+ нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн+.
12 Гъемӕ уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, алкӕддӕр куыд коммӕгӕс уыдыстут+,– уемӕ куы уыдтӕн*, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ уӕлдайдӕр ныр, уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд,– афтӕ дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ+ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл.
13 Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ фидар кӕны+, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат+.
14 Алцыдӕр кӕнут ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй+ ӕмӕ ӕнӕ быцӕутӕй+,
15 цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп+ ӕмӕ сыгъдӕг хъӕбултӕ+, цӕмӕй уӕм ацы хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ фӕлтӕры+ ’хсӕн фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. Сымах ацы дунейы ӕрттивут рухсгӕнӕнтау+.
16 Царды дзырдыл фидар хӕцут+, цӕмӕй Чырыстийы бон цин кӕнон+, дзӕгъӕлы кӕй нӕ фыдӕбон кодтон* ӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй дзӕгъӕлы+ кӕй нӕ архайдтон, ууыл.
17 Ӕмӕ кӕд, кувинаг нозт+ нывондыл куыд рауадзынц+, афтӕ ӕз дӕр мӕхи нывондӕн хӕссын, уырнындзинад+ уӕ кӕмӕ сразӕнгард кодта, уыцы лӕггадӕн, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ райы ӕмӕ уе ’ппӕтимӕ цин кӕнын+.
18 Ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ зӕрдӕтӕ хъуамӕ афтӕ райой ӕмӕ хъуамӕ мемӕ цин кӕнат+.
19 Фӕлӕ мӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы ныфс ис, ӕмӕ уӕм тагъд Тимофейы кӕй арвитдзынӕн, цӕмӕй, куыд стут, уый базонон ӕмӕ мӕ зӕрдӕ барухс уа+.
20 Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса+.
21 Иннӕтӕ иууылдӕр, сӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл хъуыды кӕнынц+, Йесо Чырыстийыл нӕ, фӕлӕ.
22 Тимофейы тыххӕй та зонут, йӕхи цавӕр адӕймагӕй равдыста, уый: сывӕллон+ йӕ фыдимӕ куыд уа, афтӕ мемӕ цагъарау лӕггад кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы.
23 Гъемӕ мӕ ныфс ис, уыцы адӕймаджы уӕм кӕй арвитдзынӕн, цы бауыдзынӕн, уый куыддӕр базонон, афтӕ.
24 Ӕмӕ кӕд нӕ Хицауы фӕнда, уӕд уӕм тагъд мӕхӕдӕг дӕр зындзынӕн+.
25 Фӕлӕ уал ныр ӕнӕмӕнг хъуыддагыл банымадтон, цӕмӕй уӕм арвитон ме ’фсымӕр, ме ’мкусӕг+ ӕмӕ ме ’мтохгӕнӕг+ Епафродиты+, мӕнӕн ӕххуысмӕ кӕй ӕрбарвыстат, уый,
26 уымӕн ӕмӕ йӕ тынг фӕнды уе ’ппӕты дӕр фенын, стӕй тынг мӕт кӕны, кӕй фӕрынчын, уыцы хабар кӕй фехъуыстат, уый тыххӕй дӕр.
27 О, ӕцӕгдӕр уыд рынчын, мӕлӕты къахыл лӕууыд. Фӕлӕ йын Хуыцау батӕригъӕд кодта+ – уӕвгӕ, ӕрмӕст уымӕн нӕ, фӕлӕ мӕнӕн дӕр, цӕмӕй иу маст иннӕйы фӕдыл ма бавзӕрстаин.
28 Уымӕ гӕсгӕ уӕм ӕй ӕвӕстиатӕй ӕрвитын, цӕмӕй йӕ фенат ӕмӕ та цин кӕнат, ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ мауал мӕт кӕнон.
29 Гъемӕ-иу ӕй суазӕг кӕнут+, Хицауы фӕдылдзӕуджыты куыд суазӕг кӕнут, афтӕ, бацин ыл кӕнут. Ӕмӕ ахӕм адӕймӕгтӕн аргъ кӕнут+,
30 уымӕн ӕмӕ нӕ Хицауы хъуыддаджы тыххӕй мӕлӕты къахыл лӕууыд – йӕ уд* тӕссаг уавӕры баппӕрста+, цӕмӕй, сымах ам кӕй не стут, уымӕ гӕсгӕ мын уӕ бӕсты лӕггад кодтаид+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
^ Комк. «кӕй не згъордтон».
^ Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.