Хъуыддӕгтӕ 13:1—52
13 Антиохийы ӕмбырды уыди пехуымпартӕ+ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер* кӕй хуыдтой, уыцы Симеон, киренӕйаг Луций+, стӕй, хицау Иродимӕ* чи ахуыр кодта, уыцы Манаил ӕмӕ Савл.
2 Иуафон, Йегъовӕйӕн куы лӕггад кодтой+ ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Хуыцауы сыгъдӕг тых загъта: «Варнавӕ ӕмӕ мын Савлы+ раттут. Ӕз сӕ иу хъуыддагӕн равзӕрстон».
3 Уӕд ком фӕдардтой, скуывтой ӕмӕ Савл ӕмӕ Варнавӕйыл сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой+. Стӕй сӕ афӕндараст кодтой.
4 Гъемӕ уыдон дӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕ куы рарвыста, уӕд ӕрцыдысты Селевкимӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ.
5 Саламинмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнты райдыдтой Хуыцауы ныхас хъусын кӕнын. Семӕ уыд Иоанн+ дӕр, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаид.
6 Стӕй Саламинӕй ацыдысты ӕмӕ сакъадахы иннӕ кӕронмӕ, Пафосмӕ бахӕццӕ сты, ӕмӕ уым фембӕлдысты иу дзуттаг лӕгыл, Вар-Йесо, зӕгъгӕ. Уый уыд кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнг пехуымпар+.
7 Уыцы лӕг уыди сакъадахы хицау* Сергий Павелы адӕмӕй. Сергий Павел уыди зондджын лӕг. Ӕмӕ Варнавӕ ӕмӕ Савлы йӕхимӕ фӕхуыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыди Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын.
8 Фӕлӕ уыцы кӕлӕнгӕнӕг – Елимӕ – сӕ ныхмӕ цӕуын райдыдта+, цӕмӕй сакъадахы хицау Йесойыл ма баууӕндыдаид. Ном Елимӕ нысан кӕны «кӕлӕнгӕнӕг».
9 Уӕд Савл, хонынц ӕй Павел дӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, ӕдзынӕг ӕм ныккаст
10 ӕмӕ йын загъта: «Уӕртӕ хинӕйдзаг ӕмӕ цъаммар! Хӕйрӕджы+ фырт ӕмӕ, раст цыдӕриддӕр у, уый знаг! Йегъовӕйы раст фӕндӕгтӕ ма бирӕ зыгъуыммӕ кӕндзынӕ?
11 Йегъовӕ дӕ ӕрцӕвдзӕн, ӕмӕ бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ иуцасдӕр хуры рухс нал фендзынӕ». Ӕвиппайды Елимӕйы цӕстытыл мигъ ныббадт, бӕстӕ йыл баталынг ӕмӕ, кӕй къухыл ныххӕцыдаид, уый агурӕг-иу куы иуырдӕм фӕци, куы иннӕрдӕм+.
12 Сакъадахы хицау+ уый куы федта, уӕд баууӕндыд, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта, уыдӕттӕ йӕ дисы бафтыдтой.
13 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Пафосӕй науыл ацыдысты Памфилийы+ горӕт Пергимӕ. Фӕлӕ сӕ Иоанн+ ныууагъта ӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхт+.
14 Уыдон та сӕ балц адарддӕр кодтой ӕмӕ Пергийӕ араст сты Писидийы Антиохимӕ. Уым сабатбон ӕмбырдгӕнӕнмӕ+ бацыдысты ӕмӕ сбадтысты.
15 Уым Закъонӕй+ ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй куы бакастысты, уӕд сӕм ӕмбырдгӕнӕны хистӕртӕ+ барвыстой ахӕм ныхас: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕ адӕмы бафидар кӕнынӕн исты зӕгъын фӕнды, уӕд табуафси».
16 Уӕд Павел сыстад, къухӕй ацамыдта+, цӕмӕй фӕсабыр уыдаиккой, ӕмӕ загъта:
«Байхъусут мӕм, израилӕгтӕ ӕмӕ, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон!+
17 Ацы адӕмы Хуыцау, Израилы Хуыцау, йӕхицӕн равзӕрста нӕ фыдӕлты. Ӕмӕ Египеты ӕрцӕуӕггӕгтӕ куы уыдысты, уӕд сӕ сбӕрзонд кодта ӕмӕ сӕ уырдыгӕй йӕ тыхджын цонгӕй ракодта+.
18 Цыппор азы+ бӕрц сын ӕдзӕрӕг быдыры быхста сӕ митӕн.
19 Ханааны бӕстӕйы авд адӕмыхатты куы ныццагъта, уӕд сын уыцы зӕхх хӕлттӕм гӕсгӕ байуӕрста+.
20 Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты иу-цыппарсӕдӕ фӕндзай азмӕ.
Уыцы хабӕртты фӕстӕ сын суанг пехуымпар Самуилы заманы онг лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ+.
21 Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕхицӕн ӕрдомдтой паддзах+, ӕмӕ сын Хуыцау радта Кисы фырт Саулы, Вениамины мыггагӕй+, ӕмӕ сын уый паддзах уыди цыппор азы.
22 Йӕ паддзахбадӕн ын куы байста+, уӕд сын паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды+. Давиды тыххӕй афтӕ загъта: „Ӕз ссардтон, мӕ зӕрдӕйӕн адджын+ чи у ӕмӕ, мӕн цыдӕриддӕр фӕнды, уый чи бакӕндзӕн+, ахӕм адӕймаджы – Йессейы+ фырт Давиды“.
23 Ӕмӕ Хуыцау, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ, Давиды байзӕддӕгтӕй+ Израилӕн радта ирвӕзынгӕнӕджы+ – Йесойы.
24 Иоанн+ Йесойы ’рцыды размӕ+ ӕппӕт Израилы адӕмӕн хъусын кодта, уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ донаргъуыд райсут, зӕгъгӕ.
25 Йӕ лӕггады кӕрон та афтӕ дзырдта: „Куыд хъуыды кӕнут, ӕз чи дӕн? Ӕз уый нӕ дӕн. Фӕлӕ мӕ фӕстӕ ӕрбацӕуы, ӕз йӕ дзабырты бӕттӕнтӕ райхалыны аккаг дӕр кӕмӕн нӕ дӕн, уый“+.
26 Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы адӕм! Ацы ирвӕзындзинады хабар Хуыцау махмӕ ӕрӕрвыста+.
27 Иерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ разамонджытӕ ацы адӕймаджы нӕ базыдтой+. Ӕмӕ йын куы тӕрхон кодтой, уӕд ӕххӕст кодтой, алы сабаты дӕр Пехуымпарты+ чингуытӕй хъӕрӕй кӕй фӕкӕсынц, уыцы ныхӕстӕ.
28 Ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахастаиккой, ахӕмӕй йӕм кӕд ницы ссардтой+, уӕддӕр Пилатӕй ӕрдомдтой, цӕмӕй йӕ амарын кодтаид+.
29 Ӕмӕ Йесойы тыххӕй фыст цыдӕриддӕр уыд, уыдон куы сӕххӕст кодтой+, уӕд ӕй хъӕдӕй ӕристой+ ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой+.
30 Фӕлӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта+.
31 Ӕмӕ-иу фӕзынд, йемӕ Галилейӕйӕ Иерусалиммӕ чи ацыд ӕмӕ йын ныр адӕмы раз ӕвдисӕнтӕ чи сты, уыдонмӕ, ӕмӕ афтӕ уыд бирӕ бонты дӕргъы+.
32 Ӕмӕ уын ныр хъусын кӕнӕм, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн+ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый тыххӕй хорз хабар:
33 Хуыцау мах тыххӕй, сӕ байзӕддӕгты тыххӕй, йӕ ныхас кӕронмӕ сӕххӕст кодта, Йесойы кӕй райгас кодта, уымӕй+. Дыккаг псаломы дӕр афтӕ фыст у: „Ды дӕ мӕ фырт, абон ӕз сдӕн дӕ Фыд“+.
34 Мӕрдтӕй йӕ кӕй райгас кодта ӕмӕ йын адӕймаджы буар, ӕмбийгӕ чи кӕны, ахӕм буар кӕй никуыуал уыдзӕн, уый тыххӕй та афтӕ загъта: „Ӕз уӕ уарздзынӕн, Давидӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы ӕцӕг ӕнувыд уарзтӕй“+.
35 Уымӕ гӕсгӕ уый афтӕ зӕгъы ӕндӕр псаломы дӕр: „Ды, иузӕрдион дыл чи у, уый ӕмбийын нӕ бауадздзынӕ“+.
36 Давид+ йӕ рӕстӕджы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодта, стӕй амард*, йӕ фыдӕлтимӕ йӕ бавӕрдтой ӕмӕ йӕ буар ӕмбийгӕ дӕр бакодта+.
37 Хуыцау кӕй райгас кодта, уымӕн та йӕ буар нӕ бамбыд+.
38 Уӕдӕ йӕ зонут, ме ’фсымӕртӕ: сымахӕн хъуыстгонд цӕуы, Хуыцау уын Йесойы фӕрцы уӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн, уый+.
39 Моисейы закъоны+ фӕрцы уӕ нӕ уыд ӕнаххосыл банымайӕн, фӕлӕ, чидӕриддӕр баууӕнда, уый Йесойы фӕрцы нымад ӕрцӕудзӕн ӕнаххосыл+.
40 Уӕдӕ уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ ма баййафа, Пехуымпарты чиныджы цы фыст ис, уый:
41 „Сымах ницӕмӕ дарут, ӕз цы хъуыддаг аразын, уый. Уӕдӕ йӕ фенут ӕмӕ бадис кӕнут ӕмӕ фесӕфут, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕстӕджы ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын уый тыххӕй исчи лыстӕг хабӕртты онг куы радзурид, уӕддӕр уӕ нӕ бауырнид“»+.
42 Павел ӕмӕ Варнавӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй куы рацӕйцыдысты, уӕд сын адӕм лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой, зӕгъгӕ-иу нын иннӕ сабаты дӕр уыдӕтты тыххӕй радзурут+.
43 Ӕмӕ иууылдӕр ӕмбырдгӕнӕнӕй куы рацыдысты, уӕд дзуттӕгтӕй ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста ӕмӕ Хуыцауӕн чи куывта, уыдонӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы+ фӕдыл ацыдысты. Павел ӕмӕ Варнавӕ дӕр семӕ ныхас кодтой ӕмӕ сӕ разӕнгард кодтой+, дарддӕр дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхы аккаг ут, зӕгъгӕ+.
44 Иннӕ сабаты ӕгас горӕт дӕр, искуы иутӕй фӕстӕмӕ, ӕрӕмбырд Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъусынмӕ+.
45 Дзуттӕгтӕ уыйбӕрц адӕмы куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕймардысты+ ӕмӕ, Павел цы дзырдта, уый ныхмӕ дзурын райдыдтой, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы фаудтой+.
46 Уӕд сын Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуыди фехъусын кӕнын+. Фӕлӕ йӕ сымах кӕй ницӕмӕ дарут+ ӕмӕ уӕхи ӕнусон царды аккагыл кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм ӕндӕр адӕмтӕм+.
47 Уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз дӕ адӕмтӕн радтон рухсӕн+, цӕмӕй суанг зӕххы кӕроны онг дӕр фехъусын кӕнай, адӕмы цӕй фӕрцы фервӕзын кӕндзынӕн, уый“»+.
48 Ӕндӕр адӕмтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд райдыдтой цин кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйы ныхас кадджын кӕнын+, ӕмӕ ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ+.
49 Ӕмӕ Йегъовӕйы ныхас уым алы рӕтты хъуыстгонд цыди+.
50 Фӕлӕ дзуттӕгтӕ+ Павел ӕмӕ Варнавӕйыл сардыдтой, адӕмы ’хсӕн нымад чи уыди ӕмӕ Хуыцауӕн чи куывта, уыцы сылгоймӕгты ӕмӕ горӕты дзырддзӕугӕ лӕгты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зилын райдыдтой+ ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фӕсырдтой.
51 Уӕд уыдон дӕр сӕ къӕхты рыг ӕрцагътой+, уыцы адӕм кӕй рӕдийынц, уый равдисыны тыххӕй, ӕмӕ ацыдысты Иконимӕ.
52 Ахуыргӕнинӕгтӕн та сӕ циныл цин ӕфтыд+ ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ома Ирод Антипӕ, Номдзыд Ироды фырт.
^ Ома «сау».
^ Комк. «проконсул», ома, Ромы Сенат кӕй сӕвӕрдта, уыцы хицау.
^ Комк. «бафынӕй».