Хъуыддӕгтӕ 14:1—28

14  Иконийы+ Павел ӕмӕ Варнавӕ бацыдысты дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнмӕ+ ӕмӕ афтӕ хорз дзырдтой, ӕмӕ тынг бирӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ грекъӕгтӕ+ систы уырнджытӕ.  Чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕ та иннӕ адӕмты сызмӕстой+ ӕмӕ сӕ ӕфсымӕрты ныхмӕ скодтой+.  Уыдон уӕддӕр Иконийы бирӕ рӕстӕг фесты ӕмӕ Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой. Ӕмӕ сын Хуыцау лӕвӕрдта нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдыста, йе стыр хорзӕхы тыххӕй цы дзырдтой, уымӕй разы кӕй уыд+.  Фӕлӕ горӕты адӕм дыууӕ дихы фесты: иутӕ уыдысты дзуттӕгты фарс, иннӕтӕ та – апостолты фарс.  Иннӕ адӕмтӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕ сӕ разамонджытимӕ хъавыдысты Павел ӕмӕ Варнавӕйӕ фӕхынджылӕг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ дуртӕй амарынмӕ+.  Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сӕхи айстой+ Ликаонийы горӕттӕм, Листрӕмӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алыварс бӕстӕмӕ.  Ӕмӕ уым хъусын кодтой хорз хабар+.  Листрӕйы уыди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг. Йӕ мады гуыбынӕй къуылых рахаста+ ӕмӕ цӕуынхъом никуы уыд.  Уыцы лӕг бадти ӕмӕ хъуыста Павелы ныхӕстӕм. Павел ӕм ӕдзынӕг ныккаст, ӕмӕ куы федта, кӕй йӕм ис уырнындзинад+, цӕмӕй сдзӕбӕх уа, 10  уӕд ын хъӕрӕй загъта: «Сыст ӕмӕ дӕ къӕхтыл слӕуу». Уый дӕр фӕгӕпп кодта ӕмӕ цӕуын райдыдта+. 11  Павел цы сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд ликаойнагау хъӕр кӕнын байдыдтой: «Хуыцӕуттӕ+ адӕймаджы хуыз райстой ӕмӕ нӕм ӕрцыдысты!» 12  Ӕмӕ Варнавӕйы хуыдтой Зевс, Павелы та – Гермес, уымӕн ӕмӕ дзургӕ фылдӕр уый кодта. 13  Горӕты раз уыд Зевсы кувӕндон. Ӕмӕ Зевсы дзуарылӕг горӕты кулдуары цурмӕ ӕрбатардта галтӕ ӕмӕ ӕрбахаста дидинджытӕй быд худтӕ, йӕ зӕрды уыди адӕмимӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссын+. 14  Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой, адӕмы астӕумӕ балыгъдысты ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: 15  «Уый цы кусут? Мах дӕр сымахау+ адӕймӕгтӕ+ йеддӕмӕ ницы стӕм! Мах уын хъусын кӕнӕм хорз хабар, цӕмӕй ацы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ+ ныууадзат ӕмӕ раздӕхат удӕгас Хуыцаумӕ+ – арв+, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уымӕ. 16  Рагзаманты Хуыцау ӕппӕт адӕмтӕн уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цардаиккой+, 17  фӕлӕ уын уӕддӕр йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй+ уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ+ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста»+. 18  Ӕмӕ кӕд адӕмӕн уыдӕттӕ дзырдтой, уӕддӕр сӕ тыххӕйты баурӕдтой, цӕмӕй сын нывонд ма ӕрхастаиккой. 19  Уыцы рӕстӕг Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ сын адӕмы сӕ ныхмӕ скодтой+. Павелы дуртӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ горӕтӕй ӕддӕмӕ раластой, ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ амард+. 20  Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ разы куы амбырд сты, уӕд сыстад ӕмӕ горӕтмӕ бацыд. Ӕмӕ дыккаг бон Варнавӕимӕ Дервимӕ араст+. 21  Уыцы горӕты хорз хабар куы фехъусын кодтой ӕмӕ дзы бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ+ куы бацӕттӕ кодтой, уӕд раздӕхтысты Листрӕ, Икони ӕмӕ Антиохимӕ. 22  Уым ахуыргӕнинӕгты фидар кодтой+, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинады фидар уой, ӕмӕ сын дзырдтой: «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы»+. 23  Уымӕй уӕлдай ма сын алы ӕмбырды дӕр сӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ+. Павел ӕмӕ Варнавӕ ком фӕдардтой+ ӕмӕ фӕкуывтой, ӕмӕ афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты, кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы бар бакодтой+. 24  Уый фӕстӕ Писидийыл ахызтысты ӕмӕ ӕрцыдысты Памфилимӕ+. 25  Ӕмӕ Пергийы Хуыцауы ныхас куы фехъусын кодтой, уӕд ӕрцыдысты Атталимӕ. 26  Уырдыгӕй та науыл араст сты Антиохимӕ+ – кӕронмӕ цы хъуыддаг ахӕццӕ кодтой, уыцы хъуыддаг бакӕныны тыххӕй сӕ уый размӕ Хуыцауы стыр хорзӕхыл кӕм бафӕдзӕхстой, уыцы горӕтмӕ+. 27  Уырдӕм куы ’рхӕццӕ сты, уӕд ӕмбырды адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сын радзырдтой+, Хуыцау сӕ къухӕй цы бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн уырнындзинады дуар кӕй байгом кодта, уый тыххӕй+. 28  Гъемӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дзӕвгар рӕстӕг фесты.

Фиппаинӕгтӕ