Хъуыддӕгтӕ 23:1—35
23 Павел йе ’ргом аздӕхта Сӕйраг тӕрхондоны лӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, мӕ цард абоны онг куыд ӕрвыстон, уымӕй мыл Хуыцауы раз мӕ зӕрдӕ ницӕмӕй худы»+.
2 Хистӕр сауджын Анани уый куы фехъуыста, уӕд, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта, йӕ былтӕ йын цӕвут+, зӕгъгӕ.
3 Уӕд ын Павел загъта: «Хуыцау дӕ цӕвдзӕн, чъырӕйцагъд+ къул! Ам уый тыххӕй бадыс, цӕмӕй мын Закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнай+, ӕмӕ афтӕмӕй та Закъоны сӕрты хизыс+ ӕмӕ мӕ нӕмын кӕныс?»
4 Йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдон ын загътой: «Хуыцауы хистӕр сауджыны ӕфхӕрыс?!»
5 Уӕд Павел загъта: «Ӕфсымӕртӕ, хистӕр сауджын у, уый нӕ зыдтон, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Дӕ адӕмы сӕргъы чи лӕууы, уыдоны ма фау“»+.
6 Павел уый куы бамбӕрста, ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондонӕн йӕ иу хай саддукейтӕ+ сты, иннӕ хай та – фарисейтӕ, уӕд сын хъӕрӕй загъта: «Ӕфсымӕртӕ, ӕз дӕн фарисей+, фарисейты фырт! Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц+, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты+, уый мӕ кӕй уырны, уый тыххӕй!»
7 Афтӕ куы загъта, уӕд фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ фӕбыцӕу сты+, ӕмӕ дыууӕ дихы фесты.
8 Уымӕн ӕмӕ саддукейтӕ+ дзурынц, мӕрдтӕ, дам, нӕ райгас уыдзысты+, стӕй, дам, нӕдӕр зӕдтӕ ис, нӕдӕр ӕнӕуынгӕ тыхтӕ*. Фарисейтӕ та ӕппӕт уыдӕттыл ӕууӕндынц.
9 Гъемӕ бӕстӕ хъӕр-хъӕлӕба сси+, ӕмӕ, фарисейты къордӕй чи уыд, уыцы чиныджыдӕснытӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ фидар ныллӕууыдысты: «Мах ацы лӕгмӕ ӕвзӕрӕй ницы уынӕм+. Уӕдта ма йемӕ ӕнӕуынгӕ тых кӕнӕ зӕд дзырдта...»+.
10 Ӕмӕ хъӕлӕба куы стынг, уӕд ӕфсады сӕргълӕууӕг фӕтарст, Павелы куы акъабӕзтӕ кӕной, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн+ бардзырд радта, зӕгъгӕ, ныххизут, сӕ къухтӕй йӕ байсут ӕмӕ йӕ ӕфсӕддонты хӕдзармӕ акӕнут+.
11 Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынд Хицау+ ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу!+ Мӕн тыххӕй Иерусалимы куыд бӕстон хъусын кодтай+, афтӕ хъуамӕ хъусын кӕнай Ромы дӕр»+.
12 Куы сбон, уӕд дзуттӕгтӕ сусӕгвӕнд скодтой+ ӕмӕ расомы кодтой*+, зӕгъгӕ, цалынмӕ Павелы нӕ амарӕм, уӕдмӕ нӕдӕр хӕргӕ бакӕндзыстӕм, нӕдӕр нуазгӕ+.
13 Чи расомы кодта, уыдон уыдысты цыппор лӕгӕй фылдӕр.
14 Уыцы лӕгтӕ бацыдысты сауджынты хистӕртӕм+ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕм ӕмӕ сын загътой: «Мах расомы кодтам, цалынмӕ Павелы нӕ амарӕм, уӕдмӕ нӕхи хӕринаджы хъӕстӕ кӕй нӕ фӕкӕндзыстӕм.
15 Уӕдӕ сымах Сӕйраг тӕрхондонимӕ иумӕ ӕфсады сӕргълӕууӕгӕн зӕгъут, цӕмӕй уӕм Павелы ӕркӕна, цыма уӕ йӕ хъуыддаг бӕстондӕр равзарын фӕнды, афтӕ+. Мах та цӕттӕйӕ лӕудзыстӕм ӕмӕ уӕм нӕма бахӕццӕ уыдзӕн, афтӕ йӕ амардзыстӕм»+.
16 Фӕлӕ сын сӕ сусӕгвӕнды+ тыххӕй фехъуыста Павелӕн йӕ хойы лӕппу. Ӕмӕ ӕфсӕддонты хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йӕ Павелӕн радзырдта.
17 Уӕд Павел ӕфсӕддон хицӕуттӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы акӕн ӕфсады сӕргълӕууӕгмӕ, цыдӕр зӕгъинаг ын у».
18 Уый дӕр ӕй ӕфсады сӕргълӕууӕгмӕ бакодта ӕмӕ йын загъта: «Ахст лӕг Павел мӕм фӕдзырдта ӕмӕ мӕм бахатыд, цӕмӕй дӕм ацы лӕппуйы ӕрбакӕнон, цыдӕр зӕгъинаг, дам, дын у».
19 Ӕфсады сӕргълӕууӕг ын йӕ къухыл ныххӕцыд+, иуварс ӕй акодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъинаг мын дӕ?»
20 Лӕппу йын загъта: «Дзуттӕгтӕ баныхас кодтой, цӕмӕй дӕм бахатой, ӕмӕ райсом Павелы Сӕйраг тӕрхондонмӕ ӕркӕнай, цыма сӕ цыдӕр бӕлвырддӕр базонын фӕнды, афтӕ+.
21 Фӕлӕ сын ма сразы у, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй цыппор лӕгӕй фылдӕр йӕ размӕ бабадтысты+. Уыдон расомы кодтой, зӕгъгӕ, дам, цалынмӕ Павелы нӕ амарӕм, уӕдмӕ нӕдӕр хӕргӕ бакӕндзыстӕм, нӕдӕр нуазгӕ+. Ӕмӕ ма ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕ курдиат сын кӕй сӕххӕст кӕндзынӕ, уымӕ».
22 Уӕд ӕфсады сӕргълӕууӕг лӕппуйы бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн ӕй кӕй загътай, уый макӕмӕн радзур». Ӕмӕ йӕ ауагъта.
23 Стӕй ӕфсӕддон хицӕуттӕй дыууӕмӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, ӕвдай барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртыккаг сахатыл* хъуамӕ ацӕуой комкоммӕ Кесаримӕ.
24 Ӕрцӕттӕ ма кӕнут бӕхтӕ дӕр Павелы аласынӕн ӕмӕ йӕ бӕстӕйы хицау Феликсмӕ дзӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кӕнут».
25 Ӕмӕ ныффыста ахӕм фыстӕг дӕр:
26 «Клавдий Лисийӕ цытджын Феликсмӕ+, бӕстӕйы хицаумӕ. Арфӕйаг у!
27 Ацы лӕджы дзуттӕгтӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ амарынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ уӕдмӕ ӕз ме ’фсӕддонтимӕ фӕзындтӕн ӕмӕ йӕ фервӕзын кодтон+, уымӕн ӕмӕ йӕ базыдтон, ромаг+ кӕй у.
28 Цы хъуыддаджы йӕ аххосджын кӕнынц, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй йӕ ӕркодтон сӕ Сӕйраг тӕрхондонмӕ+.
29 Ӕмӕ базыдтон, кӕй йӕ аххосджын кӕнынц сӕ Закъонимӕ+ баст дзырддаг хъуыддӕгты, фӕлӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахӕссӕн кӕнӕ йӕ ахӕстоны бакӕнӕн цӕй тыххӕй уа, ахӕмӕй ницы сарӕзта+.
30 Фӕлӕ йӕ базыдтон, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд+ кӕй кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕвӕстиатӕй дӕумӕ ӕрвитын. Аххосджын ӕй чи кӕны, уыдонӕн дӕр бардзырд дӕттын, цӕмӕй йӕ ныхмӕ дзурой дӕ разы»+.
31 Уый фӕстӕ ӕфсӕддонтӕ+, куыд сын бафӕдзӕхстой, афтӕ Павелы ракодтой ӕмӕ йӕ ӕхсӕвы Антипатридӕмӕ ӕркодтой.
32 Дыккаг бон Павелы барджыты бар бакодтой, цӕмӕй йӕ дарддӕр уыдон акодтаиккой, сӕхӕдӕг та аздӕхтысты ӕфсӕддонты хӕдзармӕ.
33 Барджытӕ бацыдысты Кесаримӕ+, бӕстӕйы хицаумӕ фыстӕг бахастой ӕмӕ йӕм Павелы дӕр бакодтой.
34 Бӕстӕйы хицау фыстӕг куы бакаст, уӕд Павелы бафарста, кӕцон* дӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ базыдта+, Киликийӕ+ кӕй у, уый.
35 Стӕй йын загъта: «Чи дӕ аххосджын кӕны, уыдон дӕр куы ’рцӕуой, уӕд дын дӕ хъуыддаг лӕмбынӕг равзардзынӕн»+. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ Ироды галуаны бакӕной ӕмӕ йӕ хъахъхъӕной.
Фиппаинӕгтӕ
^ Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕ уырныдта, уыцы сомы куы нӕ сӕххӕст кодтаиккой, уӕд сӕ ӕлгъыст кӕй баййӕфтаид.
^ Хурныгуылдӕй нымайгӕйӕ, ома изӕры 9 сахатмӕ ’ввахс.
^ Комк. «кӕцы провинцийӕ».