Хъуыддӕгтӕ 28:1—31

28  Былмӕ дзӕбӕхӕй куы рахызтыстӕм, уӕд базыдтам, уыцы сакъадах Мальтӕ кӕй хуыйны+.  Бынӕттон цӕрджытӕ* диссаджы хӕларзӕрдӕ разындысты+: арт скодтой ӕмӕ не ’ппӕтмӕ дӕр фӕдзырдтой, уымӕн ӕмӕ уаргӕ кодта ӕмӕ уыди уазал+.  Павел дӕр йӕ хъӕбысы дзаг пыхсытӕ ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ сӕ артыл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд тӕвдмӕ пыхсытӕй рабырыд маргджын калм ӕмӕ йын йӕ цонгыл ацауындзӕг.  Бынӕттон цӕрджытӕ Павелы цонгыл калм ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Ацы адӕймаг ӕнӕмӕнгӕй лӕгмар у. Ӕмӕ кӕд денджызы нӕ фесӕфт, уӕддӕр ӕй рӕстдзинады тӕрхон баййӕфта ӕмӕ удӕгасӕй нӕ баззад».  Фӕлӕ Павел йӕ цонг ӕрцагъта, ӕмӕ калм артмӕ ӕрхауд, ӕмӕ Павелӕн ӕппындӕр ницы уыди+.  Уыдон та ӕнхъӕлмӕ кастысты, зӕгъгӕ, йӕ буар ныррӕсидзӕн кӕнӕ ӕвиппайды ӕрбамӕлдзӕн. Фӕлӕ бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты, ӕмӕ Павелӕн куы ницы уыд, уӕд сӕ хъуыды фӕивтой ӕмӕ дзурын райдыдтой, ай хуыцау у, зӕгъгӕ+.  Уыцы ранмӕ хӕстӕг уыдысты сакъадахы хицау Публийы зӕххытӕ. Уый нӕ суазӕг кодта ӕмӕ нын ӕртӕ боны уыд рӕдау фысым.  Публийӕн та йӕ фыд рынчын уыди – йӕ тӕвд нӕ хауд ӕмӕ хъӕрзыд гуыбыннизӕй*. Уӕд ӕм Павел бацыд ӕмӕ скуывта, стӕй йыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта+ ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта+.  Уыцы хабары фӕстӕ, сакъадахы адӕмӕй ма рынчын чи уыд, уыдон дӕр Павелмӕ цӕуын байдыдтой, ӕмӕ-иу сӕ сдзӕбӕх кодта+. 10  Уыцы адӕм нӕ бирӕ лӕвӕрттӕй сбуц кодтой, ӕмӕ куы цыдыстӕм, уӕд нын немӕ сӕвӕрдтой, цыдӕриддӕр нӕ хъуыди, уыдӕттӕ. 11  Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ацыдыстӕм, Александрийӕ+ чи цыд, уыцы науыл, йӕ бырынкъыл уыди нывӕфтыд «Зевсы фырттӕ». Уыцы нау зымӕджы дӕргъы лӕууыди сакъадахы наулӕууӕны. 12  Сиракузты наулӕууӕнмӕ куы бацыдыстӕм, уӕд дзы фестӕм ӕртӕ боны. 13  Уырдыгӕй рацӕугӕйӕ, сакъадахы фӕрсты ӕрзылдыстӕм ӕмӕ бахӕццӕ стӕм Регимӕ. Иу боны фӕстӕ хуссарӕй дымгӕ радымдта, ӕмӕ дыккаг бон уыдыстӕм Путеолы. 14  Уым ссардтам ӕфсымӕрты, ӕмӕ нын уыдон ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм авд боны баззадаиккам. Афтӕмӕй Роммӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодтам. 15  Ромаг ӕфсымӕртӕ мах тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд нӕ размӕ рацыдысты Аппийы базар ӕмӕ Ӕртӕ Фысымуаты* цурмӕ. Павел сӕ куы федта, уӕд Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд+. 16  Ӕппынфӕстаг Роммӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд Павелӕн радтой хицӕн хӕдзары цӕрыны бар+, ӕфсӕддон ӕй хъахъхъӕдта, афтӕмӕй. 17  Ӕртӕ боны фӕстӕ Павел фӕдзырдта дзуттӕгты дзырддзӕугӕ лӕгтӕм. Куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын загъта: «Ӕфсымӕртӕ, ӕз нӕ адӕмӕн ӕвзӕрӕй ницы ракодтон, нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты сӕрты дӕр нӕ ахызтӕн+, фӕлӕ мӕ Иерусалимы ӕрцахстой ӕмӕ мӕ ромӕгты къухтӕм радтой+. 18  Уыдон мын мӕ хъуыддаг равзӕрстой+ ӕмӕ мӕ рауадзынмӕ хъавыдысты+, уымӕн ӕмӕ мын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахастаиккой, ахӕмӕй ницы сарӕзтон+. 19  Фӕлӕ дзуттӕгтӕ мӕ рауадзыны ныхмӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕрдомдтон+ Ромы паддзахы тӕрхон – ӕндӕр гӕнӕн нал уыди. Ӕмӕ афтӕ мӕ адӕмы истӕмӕй фӕаххосджын кӕныны тыххӕй нӕ бакодтон. 20  Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй фӕндыди сымах фенын ӕмӕ уемӕ аныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ, Израилы адӕм сӕ ныфс цӕуыл дарынц+, уый тыххӕй дӕн баст ацы рӕхыстӕй»+. 21  Уыдон ын загътой: «Мах дӕу тыххӕй Иудейӕйӕ фыстӕджытӕ дӕр нӕ райстам, ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕй дӕр нын дӕу тыххӕй ӕвзӕрӕй ничи ницы загъта ӕмӕ ницы фӕхабар кодта. 22  Фӕлӕ хорз уаид, цы хъуыдытыл хӕст дӕ, уыдоны тыххӕй нын дӕхӕдӕг куы радзурис, уымӕн ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй алы ран дӕр дзурынц+ ацы сектӕйы ныхмӕ»+. 23  Уӕд йемӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй баныхас кодтой. Ӕмӕ, кӕм ӕрлӕууыд, уырдӕм ӕм ноджы фылдӕрӕй ӕрбацыдысты, ӕмӕ сын Павел райсомӕй изӕрмӕ, хабар цӕй мидӕг ис, уый ӕмбарын кодта: бӕстон сын хъусын кодта Хуыцауы паддзахады+ тыххӕй ӕмӕ сын Йесойы тыххӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Моисейы+ закъонӕй ӕмӕ Пехуымпарты+ чингуытӕй. 24  Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстыл иутӕ баууӕндыдысты+, иннӕтӕ та – нӕ+. 25  Гъемӕ, кӕрӕдзиимӕ разы кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уырдыгӕй цӕуын райдыдтой. Павел та загъта: «Раст дзырдта Хуыцауы сыгъдӕг тых уӕ фыдӕлтӕн пехуымпар Исайы уылты: 26  „Ацу уыцы адӕммӕ ӕмӕ сын афтӕ зӕгъ: „Уӕ хъустӕй хъусдзыстут, фӕлӕ йӕ нӕ бамбардзыстут; уӕ цӕстытӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ ницы фендзыстут+. 27  Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты; хъусынц, фӕлӕ сӕхи афтӕ скодтой, цыма нӕ хъусынц, ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма уыной, хъусӕй дӕр ма хъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма ӕмбарой, ӕмӕ мӕм ма раздӕхой ӕмӕ сӕ ма сдзӕбӕх кӕнон“+. 28  Уӕдӕ йӕ зонут: Хуыцау адӕмы куыд ирвӕзын кӕны, уыцы хабар ӕрвыст у иннӕ адӕмтӕм+. Ӕмӕ йӕм уыдон байхъусдзысты»+. 29  * – – 30  Павел цы хӕдзар баххуырста+, уым фӕцард дыууӕ азы, ӕмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонмӕ-иу се ’ппӕтмӕ дӕр хорз цӕстӕй ракаст. 31  Ӕмӕ сын хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын тынг ныфсджынӕй дзырдта+ Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ йӕ ницы хъыгдардта.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзырдта, уыдон».
Комк. «дизентерийӕ».
Кӕм-иу бахордтой ӕмӕ-иу сӕ фӕллад кӕм суагътой, ахӕм бынӕттӕ.
Кӕс Мф 17:21, фип.