Хъуыддӕгтӕ 6:1—15
6 Ахуыргӕнинӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, ӕмӕ уыцы рӕстӕг, ахуыргӕнинӕгтӕй грекъагау+ чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ хъаст кӕнын райдыдтой, дзуттагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ-иу алы бон хӕринаг куы уӕрстой, уӕд-иу сын сӕ идӕдзты ницӕмӕ ӕрдардтой+.
2 Уӕд дыууадӕс апостолы ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ загътой: «Хуыцауы ныхас ныууадзӕм ӕмӕ фынгты уӕлхъус лӕууӕм ӕмӕ хӕринаг уарӕм, уый раст нӕ уыдзӕн+.
3 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уе ’хсӕнӕй равзарут+ авд лӕджы, хорз ном кӕмӕн ис, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ зондӕй+ хайджын чи у, ахӕмты, цӕмӕй ацы ахсджиаг куыст уыдонӕн бахӕс кӕнӕм.
4 Мах та нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ ратдзыстӕм кувынӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас амонынӕн»+.
5 Сӕ ныхӕстӕ се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыдысты, ӕмӕ равзӕрстой Стефаны, фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+ хайджын чи уыд, уыцы адӕймаджы, стӕй Филиппы+, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыцы антиохиаг Николайы.
6 Уыцы лӕгты апостолтӕм ӕрбакодтой, ӕмӕ апостолтӕ скуывтой ӕмӕ сыл стӕй сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой+.
7 Хуыцауы ныхас та парахат кодта+, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой+. Суанг ма сауджынтӕй+ дӕр бирӕтӕ систы уырнджытӕ+.
8 Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕвдыста стыр диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ+.
9 Фӕлӕ, кӕй ссӕрибар кодтой, уыдоны ӕмбырдгӕнӕн* кӕй хуыдтой, уырдыгӕй иуӕй-иутӕ, стӕй Киренӕйы, Александрийы+, Киликийы+ ӕмӕ Азийы цӕрджытӕй чидӕртӕ Стефанимӕ быцӕу кӕнын райдыдтой.
10 Фӕлӕ йӕ зонды+ ныхмӕ ӕмӕ, кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕ уыди+.
11 Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн афтӕ дзырдтаиккой+: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта+, уый».
12 Гъемӕ йыл адӕмы, хистӕр лӕгты ӕмӕ чиныджыдӕсныты сардыдтой, ӕмӕ уыдон йӕ уӕлхъус алӕууыдысты, ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ Сӕйраг тӕрхондонмӕ ӕрбакодтой+.
13 Ӕмӕ ракодтой мӕнгӕвдисӕнты+, ӕмӕ уыдон загътой: «Ацы лӕг ацы сыгъдӕг бынат ӕмӕ Закъон фауынӕй не ’нцайы+.
14 Мах ӕй нӕхӕдӕг фехъуыстам, афтӕ кӕй дзырдта, уыцы назаретаг Йесо, дам, ацы бынат ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ нын Моисей цы ӕгъдӕуттӕ ныууагъта, уыдон, дам, аивдзӕн».
15 Сӕйраг тӕрхондоны чи бадт, уыдон иууылдӕр Стефанмӕ кастысты+ ӕмӕ федтой, йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй уыди+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «синагогӕ».