Ӕмбисӕндтӕ 1:1—33

1  Давиды фырт+ Соломоны+, Израилы паддзахы+, ӕмбисӕндтӕ+.  Ацы ӕмбисӕндтӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй адӕймаг зонд ссара+ ӕмӕ зондамынд* фехъуса+, цӕмӕй, арф хъуыды кӕм ис, уыцы ныхӕстӕ ӕмбара+,  цӕмӕй зондамындмӕ хъуса+ ӕмӕ суа ӕмбаргӕ+, раст+, ӕнӕхӕрам+ ӕмӕ рӕстзӕрдӕ+,  цӕмӕй ӕвӕлтӕрд суа уӕззаузонд+, ӕрыгон бирӕ цыдӕртӕ базона+ ӕмӕ хъуыды кӕнын сахуыр уа+.  Зондджын адӕймаг байхъусдзӕн ӕмӕ ноджы фылдӕр базондзӕн+, ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг бамбардзӕн, куыд бакӕнын хъӕуы, уый+.  Ахӕм адӕймаг ӕмбардзӕн ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ зынӕмбарӕн ныхӕстӕ+, зондджынты ныхӕстӕ+ ӕмӕ сӕ базон-базонтӕ+.  Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонындзинӕдты райдайӕн+. Ӕрмӕстдӕр ӕнӕзонд нӕ хъусы зонд ӕмӕ зондамындмӕ+.  Мӕ хъӕбул*, хъус дӕ фыды зондамындмӕ+ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн+,  уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ сты рӕсугъд кадыхуд дӕ сӕрӕн+ ӕмӕ рӕсугъд рӕхыс дӕ хъуырӕн+. 10  Тӕригъӕдджынтӕ дӕ куы рӕдийын кӕной, мӕ хъӕбул, уӕд-иу сын ма баком+. 11  Уыдон дын дзурдзысты: «Цом, искӕй размӕ бабадӕм ӕмӕ йӕ амарӕм+. Нӕхи аирхӕфсӕм: искуы ӕрӕмбӕхсӕм ӕмӕ ӕнаххос адӕмы ӕрцахсӕм+. 12  Удӕгасӕй+ сӕ ингӕнау*+ аныхъуырӕм, о, сыджыт адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй куыд аныхъуыры, афтӕ – ингӕны былыл чи лӕууы, уыдонау+. 13  Бирӕ зынаргъ дзауматӕ ссардзыстӕм+, адӕмӕй цы байсӕм, уыдӕттӕй нӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг кӕндзыстӕм+. 14  Ды дӕр дӕ хал махимӕ сӕппар. Не ’хцадон уыдзӕн иумӕйаг»+. 15  Фӕлӕ ды, мӕ хъӕбул, семӕ ма ацу+. Ма ӕрлӕуу сӕ фӕндагыл+, 16  уымӕн ӕмӕ уыдон бырсынц ӕвзӕрдзинад саразынмӕ+, тагъд кӕнынц туг ныккалынмӕ+. 17  Цъиутӕн хыз сӕ тӕккӕ цӕстыты раз ничи ӕвӕры – уый дзӕгъӕлы у+. 18  Ӕмӕ уый тыххӕй уыдон ӕнаххос адӕмӕн сӕ размӕ бабадынц, цӕмӕй сын сӕ туг ныккалой+, ӕрӕмбӕхсынц, цӕмӕй сын сӕ цард* байсой+. 19  Ахӕм митӕ кӕнынц, искӕй фӕллойӕ чи цӕры, уыдон+. Фӕлӕ сын уыцы фӕллой сӕхи цард байсы+. 20  Ӕцӕг зонд+ хъӕр кӕны уынджы+, горӕты фӕзтӕй хъуысы йӕ хъӕлӕс+. 21  Хъӕрӕй дзуры, адӕм ӕмызмӕлд кӕм кӕнынц, уыцы уынджы тигъӕй+. Горӕты кулдуӕртты раз дзуры+: 22  «Ӕнӕмбаргӕтӕ, кӕдмӕ уыдзыстут афтӕ ӕнӕмбаргӕ, кӕдмӕ цӕудзӕн уый уӕ зӕрдӕмӕ?+ Ӕмӕ сымах та, иннӕтыл худын чи уарзы, уыдон, кӕдмӕ кӕндзыстут афтӕ?+ Ӕнӕзӕндтӕ, зонындзинӕдтӕй уе сӕфт кӕдмӕ уындзыстут?+ 23  Мӕ уайдзӕфмӕ мын байхъусут ӕмӕ уӕ митӕ ныууадзут+. Ӕмӕ уӕ мӕ тыхӕй схайджын кӕндзынӕн+ ӕмӕ уын мӕ ныхӕстӕ фехъусын кӕндзынӕн+. 24  Ӕз уӕм дзурын, фӕлӕ мӕм нӕ хъусут+, мӕ къухтӕ уӕм ивазын, фӕлӕ уӕ иумӕ дӕр нымады нӕ дӕн+, 25  мӕ уынаффӕтӕй мын иу дӕр ницӕмӕ дарут+ ӕмӕ мын мӕ уайдзӕфмӕ нӕ хъусут+. 26  Ӕмӕ уый тыххӕй ӕз дӕр худдзынӕн, бӕллӕхы куы бахауат, уӕд+, худдзынӕн, цӕмӕй тӕрсут, уый уӕ куы баййафа+, 27  цӕмӕй тӕрсут, уый тыхджын дымгӕйау куы ’рбацӕуа ӕмӕ уӕ бӕллӕх зилгӕдымгӕйау+ куы ’рбаййафа, хъизӕмӕртты хай куы фӕуат ӕмӕ уын уӕззау рӕстӕг куы скӕна, уӕд+. 28  Уыцы рӕстӕг мӕм уыдон дзурдзысты, фӕлӕ ӕз мӕхи ныхъхъус кӕндзынӕн+, агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ не ссардзысты+, 29  уымӕн ӕмӕ зонындзинӕдтӕй се сӕфт уыдтой+ ӕмӕ Йегъовӕйӕ нӕ тарстысты+. 30  Мӕ уынаффӕмӕ мын нӕ байхъуыстой+ ӕмӕ мын мӕ уайдзӕфтӕй иу дӕр ницӕмӕ ӕрдардтой+. 31  Уый тыххӕй, цы аккаг сты, уый райсдзысты+ ӕмӕ сӕ бирӕ фӕндтӕ сӕ хъуырӕй скалдзысты+. 32  Ӕнӕмбаргӕты бабын кӕндзӕн+, ныхмӕ кӕй цӕуынц+, уый, ӕмӕ ӕнӕзӕндты, ӕнӕмӕт кӕй сты, уый фесафдзӕн+. 33  Мӕнмӕ чи хъусы, уый та цӕрдзӕн ӕдасӕй+ ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. тексты цы дзырд ис, уымӕн ис бирӕ нысаниуджытӕ, ӕмӕ йӕ ратӕлмац кӕнӕн ис ахӕм дзырдтӕй: «зонд амонын», «ахуыр кӕнын», «амонын», «хъомыл кӕнын», «зонд раст кӕнын», «ӕфхӕрын».
Ӕмбисӕндты чиныджы «хъӕбул»-ӕй цы дзут. дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый фылдӕр рӕтты амоны лӕппумӕ, фыртмӕ.
Комк. «шеолау». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Комк. «сӕ удтӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.