Ӕмбисӕндтӕ 11:1—31
11 Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг у, сайгӕ чи кӕны, ахӕм уӕзбарӕн+, раст барӕн дур та йын ӕхсызгон у.
2 Дӕхиуыл фервӕссыдтӕ? Уӕд фегад уыдзынӕ+. Зонд та ис бонзонгӕтӕм+.
3 Рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, рӕстӕй кӕй цӕрынц+, уый, мӕнгард адӕмы та сӕ мӕнгард митӕ бабын кӕндзысты+.
4 Мастисӕн бон адӕймагӕн йӕ хъӕздыгдзинад нӕ баххуыс кӕндзӕн+, йӕ рӕстдзинад та йӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн+.
5 Ӕнӕфау адӕймагӕн йӕ рӕстдзинады фӕрцы йӕ фӕндаг уыдзӕн раст+, фыдгӕнӕджы та йӕ фыдхъуыддӕгтӕ фесафдзысты+.
6 Рӕстзӕрдӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн сӕ рӕстдзинад+, мӕнгард адӕмы та ӕрцахсдзысты сӕхи фӕндтӕ+.
7 Фыдгӕнӕг куы амӕлы, уӕд фесӕфы йӕ ныфс дӕр+. Фесӕфы, йӕ хъарутӕй йӕ цы ныфс вӕййы, уый дӕр+.
8 Рӕстгӕнӕг фыдбылызӕй аирвӕзы+, йӕ бӕсты дзы бахауы фыдгӕнӕг+.
9 Хуыцауы чи ныууагъта, уымӕн йӕ дзых сафы иннӕты+, рӕстгӕнджытӕ та фервӕзынц зонындзинӕдты фӕрцы+.
10 Сӕ хорз ӕгъдауӕй рӕстгӕнджытӕ горӕты цӕрджытӕн циндзинад хӕссынц+, фыдгӕнджытӕ куы фесӕфынц, уӕд та адӕм фырцинӕй фӕзарынц+.
11 Рӕстзӕрдӕ адӕм арфӕгонд кӕй сты, уый фӕрцы горӕт скадджын вӕййы*+, фыдгӕнджыты дзых та йӕ халгӕ кӕны+.
12 Ӕнӕзонд адӕймаг* иннӕты ницӕмӕ дары+, арфуынӕг адӕймаг та никӕмӕн ницы радзуры+.
13 Фыдкой кӕнын чи уарзы+, уый иннӕты сусӕг ныхас радзуры+, иузӕрдион чи у, уый та йӕ нӕ рахъӕр кӕны+.
14 Хорз разамынд кӕм нӕй, уым адӕм хъизӕмар кӕнынц+, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый та ирвӕзындзинад у+.
15 Ӕцӕгӕлоны тыххӕй исты хъуыддаджы дзырд чи дӕтты, уый йӕхи фыдбылызы ӕппары+, йӕ къух раттыныл тагъд чи нӕ кӕны, уый та вӕййы ӕнӕмаст.
16 Зӕрдӕмӕдзӕугӕ сылгоймаг йӕхицӕн скӕны хорз ном+, иннӕты чи ӕфхӕры, уыдон та сӕхицӕн скӕнынц фӕллӕйттӕ.
17 Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый йӕ удӕн хорз кӕны+, ӕгъатыр адӕймаг та йӕхицӕн знаг у+.
18 Фыдгӕнӕгӕн йе ’фтиаг у мӕнг+, рӕстдзинад чи тауы, уымӕн та – ӕцӕг+.
19 Рӕстдзинадыл фидар чи хӕцы, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы цард+, ӕвзӕрдзинадыл чи бафтыд, уымӕ та – мӕлӕт+.
20 Мӕнгардзӕрдӕ чи у, уыдон Йегъовӕйӕн ӕнад сты+, ӕнӕфау адӕм та адджын сты йӕ зӕрдӕйӕн+.
21 Кӕд ӕвзӕр адӕм кӕрӕдзийӕн ӕххуысӕй зӕрдӕ бавӕрынц ӕмӕ кӕрӕдзимӕ сӕ къухтӕ раттынц, уӕддӕр ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзысты+, рӕстгӕнджыты цот та ӕнӕмӕнг аирвӕздзысты+.
22 Хуыйӕн йӕ бырынкъыл сызгъӕрин цӕг куыд уа, афтӕ у рӕсугъд, фӕлӕ зонд кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм сылгоймаг+.
23 Рӕстгӕнджыты бӕллицтӕ ӕркӕнынц ӕрмӕстдӕр хорздзинадмӕ+, фыдгӕнджытӕм та ӕнхъӕлмӕ кӕсы судзгӕ масты цӕхӕр+.
24 Иуӕй-иу адӕймаг дӕтты рӕдауӕй, фӕлӕ йӕм цы ис, уый йын уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны+, иннӕ та никӕмӕн ницы ратты, фӕлӕ йӕ уый ӕркӕны мӕгуырдзинадмӕ+.
25 Рӕдау адӕймаг* бафсӕддзӕн хорздзинӕдтӕй+, ӕмӕ иннӕтӕн дон чи нӕ хӕлӕг кӕны, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты+.
26 Адӕмӕн хор чи нӕ уӕй кӕны, уый ӕлгъитдзысты, чи йӕ уӕй кӕны, уый та арфӕгонд уыдзӕн+.
27 Хорздзинад аразынмӕ чи тырны, уый ссардзӕн Хуыцауы хорзӕх*+, йӕ хъуыдытӕ ӕвзӕрдзинад ракӕныныл кӕмӕн сты, ууыл та ӕрцӕудзӕн ӕвзӕрдзинад+.
28 Йӕ хъӕздыгдзинадыл йӕ ныфс чи дары, уый бабын уыдзӕн+, рӕстгӕнджытӕ та уыдзысты цъӕх сыфтӕры хуызӕн+.
29 Йӕ хӕдзар фыдбылызы чи ӕппары+, уымӕн йӕ къухы дымгӕйӕ уӕлдай ницы бафтдзӕн+, ӕмӕ ӕнӕзонд адӕймаг уыдзӕн, зӕрдӕйӕ зондджын чи у, уымӕн йӕ цагъар.
30 Рӕстгӕнӕг цы дыргъ хӕссы, уый у царды бӕлас+, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕтӕм* фӕндаг чи ссары, уый у зондджын+.
31 Рӕстгӕнӕг дӕр зӕххыл, цы йӕм ӕмбӕлы, уый райсдзӕн+. Ӕмӕ уӕд фыдгӕнӕг ӕмӕ тӕригъӕдджын та куыннӕ хъуамӕ райсой, цы сӕм ӕмбӕлы, уый!+
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «Рӕстзӕрдӕ адӕм горӕтӕн куы фӕарфӕ кӕнынц, уӕд скадджын вӕййы».
^ Комк. «Зӕрдӕ кӕмӕн нӕй, уый».
^ Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Хауы адӕмы хорзӕхмӕ дӕр.
^ Комк. «удтӕм»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.