Ӕмбисӕндтӕ 15:1—33

15  Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн+, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудзы+.  Зондджын адӕймаг, цы зоны, уый дзуры иннӕты пайдайӕн+, ӕнӕзӕндты дзыхӕй та цӕуы ӕнӕзонддзинад+.  Йегъовӕйы цӕст ӕххӕссы алкӕдӕм дӕр+, лӕмбынӕг кӕсы ӕвзӕртӕм дӕр ӕмӕ хӕрзтӕм дӕр+.  Сабыр ныхас у царды бӕлас+, зыгъуыммӕ ныхасӕй та ныфс асӕтты+.  Ӕнӕзонд йӕ фыды зондамынд ницӕмӕ дары+, уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый та у ӕмбаргӕ+.  Рӕстгӕнӕджы хӕдзары ис бирӕ бӕркад+, фыдгӕнӕджы та йӕ фӕллӕйттӕ ӕппарынц фыдбылызы+.  Зондджынты ӕвзаг тауы зонындзинӕдтӕ+, фӕлӕ ӕнӕзӕндты зӕрдӕ ахӕм нӕу+.  Фыдгӕнджыты нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн ӕнад сты+, рӕстзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ та йын сты ӕхсызгон+.  Йегъовӕйӕн фыдгӕнӕджы фӕндаг ӕнад у+, рӕстдзинадмӕ чи тырны, уыцы адӕймаджы та уарзы+. 10  Раст фӕндаг чи ныууадзы, уымӕ зондамынд ӕвзӕр кӕсы+. Ӕмӕ уайдзӕфӕй йе сӕфт чи уыны, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт+. 11  Йегъовӕ уыны+, ингӕны* ӕмӕ сау сыджыты* цы ис, уый дӕр+. Ӕмӕ уӕд адӕймаджы фыртты зӕрдӕтӕ куыннӕ уыны!+ 12  Иннӕтыл чи худы, уый нӕ уарзы, уайдзӕф ын чи бакӕны, уыцы адӕймаджы+. Уый зондджынтӕм нӕ ацӕудзӕн+. 13  Зӕрдӕ хъӕлдзӕг куы вӕййы, уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы+, зӕрдӕйы маст та ныфс асӕтты+. 14  Ӕмбаргӕ зӕрдӕ агуры зонындзинӕдтӕ+, ӕнӕзӕндты ӕвзаг та тырны ӕнӕзонддзинадмӕ+. 15  Ныфссаст адӕймаджы бонтӕ иууылдӕр сты ӕнкъард+, йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕн та ӕдзухдӕр вӕййы куывд+. 16  Цӕйнӕфӕлтау дӕм бирӕ фӕллӕйттӕ уа, ӕмӕ ӕнцой ма зонай+, фӕлтау дӕм гыццыл уӕд, ӕмӕ Йегъовӕйӕ тӕрс+. 17  Цӕйнӕфӕлтау уӕм нард гал уа, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ уе сӕфт уынат+, фӕлтау уӕм уӕд халсартӕй хӕринаг, ӕмӕ кӕрӕдзи уарзут+. 18  Мӕсты адӕймаг загъд ракъахы, йӕ маст уромын чи зоны+, уый та хылӕн йӕ зынг ахуыссын кӕны+. 19  Зивӕггӕнаджы фӕндаг у сындзытӕй быд кауы хуызӕн+, рӕстзӕрдӕ адӕмы фӕндаг та у лӕгъз+. 20  Зондджын лӕппу йӕ фыдӕн у зӕрдӕрухсы хос+, ӕнӕзонд та йӕ мады ницӕмӕ дары+. 21  Ӕнӕзонд* цин кӕны ӕнӕзонд митыл+, арфуынӕг адӕймаг та цӕуы раст фӕндагыл+. 22  Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты+, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым та алцыдӕр рауайдзӕн+. 23  Адӕймаг цы дзуапп ратты, уый йын хӕссы циндзинад+, ӕмӕ куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас!+ 24  Ӕмбаргӕ адӕймагӕн йӕ царды фӕндаг цӕуы уӕлӕмӕ+ ӕмӕ йӕ дӕлӕмӕ, ингӕнмӕ*, нӕ уадзы+. 25  Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уыдоны хӕдзар Йегъовӕ ныппырх кӕндзӕн+, идӕдз усӕн та йӕ зӕххы арӕн сфидар кӕндзӕн+. 26  Ӕвзӕр адӕймаджы фӕндтӕ Йегъовӕйӕн сты ӕнад+, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ныхӕстӕ та йӕ цӕсты сыгъдӕг сты+. 27  Искӕй фӕллойӕ чи цӕры, уый йӕ хӕдзар фыдбылызы ӕппары+, лӕвӕрттӕй йе сӕфт чи уыны, уый та цӕрдзӕн+. 28  Рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕны+, фыдгӕнджыты дзыхӕй та ӕвзӕрдзинад йеддӕмӕ ницы цӕуы+. 29  Йегъовӕ фыдгӕнджытӕй дард у+, рӕстгӕнджыты куывдтытӕ та хъусы+. 30  Рухс цӕстӕнгас+ хъӕлдзӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕ+, хорз хабар+ фидар кӕны стджытӕ*+. 31  Царддӕттӕг уайдзӕфмӕ чи хъусы, уыцы адӕймаг+ вӕййы зондджынты ’хсӕн+. 32  Зондамынд кӕй нӕ хъӕуы, уый+ йӕ уд нӕ уарзы. Уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый та свӕййы зӕрдӕйӕ зондджын+. 33  Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый сахуыр вӕййы* зондӕй архайын+, ӕмӕ кады разӕй цӕуы сӕрныллӕгдзинад+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «сӕфты (бынаты)».
Комк. «шеолы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Комк. «Зӕрдӕ кӕмӕн нӕй, уый».
Комк. «шеолмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Комк. «стджытӕ нард кӕны».
Кӕс Ӕм 1:2, фип.