Ӕмбисӕндтӕ 16:1—33
16 Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ йӕхицӕй аразгӕ сты+, цы дзуапп ратдзӕн, уый та Йегъовӕйӕ у+.
2 Адӕймагӕн йӕ фӕндӕгтӕ йӕхи цӕсты сыгъдӕг сты+, фӕлӕ Йегъовӕ кӕсы, зӕрдӕйы цы ис, уымӕ+.
3 Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн*+, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты+.
4 Йегъовӕ ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кодта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн+, суанг фыдгӕнӕджы дӕр дары бӕллӕхы бонмӕ+.
5 Йегъовӕйӕн хъалзӕрдӕ адӕймаг ӕнад у+. Кӕд ын исчи ӕххуысӕй зӕрдӕ бавӕрдта ӕмӕ йӕм йӕ къух радта, уӕддӕр ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн+.
6 Ӕнувыд уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинады* фӕрцы адӕймаг йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг вӕййы+, ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй+.
7 Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуынц+, уӕд ын йе знӕгты дӕр йемӕ бафидауын кӕны+.
8 Цӕйнӕфӕлтау дӕм бирӕ уа, ӕмӕ дӕм рӕстдзинад ма уа+, фӕлтау дӕм гыццыл уӕд, ӕмӕ рӕстӕй цӕр+.
9 Адӕймаджы зӕрдӕ фӕхъуыды кӕны йӕ фӕндагыл+, фӕлӕ йын йӕ къахдзӕфтӕ аразы Йегъовӕ+.
10 Паддзахы дзыхӕй хъуамӕ цӕуа Хуыцауы уынаффӕ+ ӕмӕ тӕрхоны хъуамӕ мӕнг ныхас ма зӕгъа+.
11 Раст уӕзбарӕн ӕмӕ раст барӕн къустӕ сты Йегъовӕйӕ+, уымӕй сты, хызыны чи ис, уыцы барӕн дуртӕ дӕр+.
12 Паддзӕхтӕн фыдхъуыддӕгтӕ ӕнад сты+, уымӕн ӕмӕ паддзахбадӕн рӕстдзинады фӕрцы фӕлӕууы фидар+.
13 Раст ныхӕстӕ ӕхсызгон сты цытджын паддзахӕн+, ӕмӕ уый уарзы, чи нӕ сайы, уыцы адӕймаджы+.
14 Паддзах смӕсты, уӕд додой дӕ сӕр*+, фӕлӕ йын зондджын адӕймаг йӕ маст ӕрсабыр кӕны+.
15 Паддзахы цӕсгомы рухсы ис цард+, ӕмӕ йӕ хорзӕх у, уалдзыгон къӕвда чи ӕрбахӕссы, ахӕм мигъы хуызӕн+.
16 Сызгъӕрин самал кӕнынӕй зонд самал кӕнын бирӕ хуыздӕр у!+ Ӕвзисты бӕсты фӕлтау ӕмбаргӕдзинад самал кӕн+.
17 Рӕстзӕрдӕ адӕм сӕхи хизынц ӕвзӕрдзинады фӕндагӕй+. Йӕ фӕндагмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг чи дары, уый хъахъхъӕны йӕ уд+.
18 Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт+, ӕмӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрхауы+.
19 Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уыдонимӕ ӕфтиаг дих кӕныны бӕсты+ фӕлтау сӕрныллӕг у ӕмӕ сабыр адӕмимӕ цӕр+.
20 Хъуыддаг хорз чи ӕмбары, уый ссардзӕн хорздзинад+, ӕмӕ амондджын у, Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыцы адӕймаг+.
21 Зӕрдӕйӕ зондджын чи у, уый схондзысты ӕмбаргӕ адӕймаг+, ӕмӕ адджын ныхасы ис стырдӕр тых+.
22 Ӕмбаргӕдзинад йӕ хицауӕн у царды суадон+, ӕнӕзӕндты та бафхӕры* се ’нӕзонддзинад+.
23 Зондджын адӕймаджы зӕрдӕйӕ цӕуы ӕмбаргӕ ныхӕстӕ+ ӕмӕ йӕ ныхасы ис стырдӕр тых+.
24 Дзӕбӕх ныхӕстӕ сты фӕзгъӕр мыды хуызӕн+, удӕн – адджын, стджытӕн – ӕвдадзы хос+.
25 Вӕййы ахӕм фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ раст+ фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ+.
26 Чи фыдӕбон кӕны, уый йӕхи тыххӕй фыдӕбон кӕны+, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕрын хъӕуы+.
27 Ницӕйаг адӕймаг скъахы ӕвзӕрдзинад+, ӕмӕ йе ’взагыл судзы пиллон арт+.
28 Фыдвӕндтӕ чи кӕны, уый адӕмы кӕрӕдзи ныхмӕ скӕны+, фыдкойгӕнӕг хорз ӕмбӕлтты фӕхицӕн кӕны+.
29 Фыдлӕг иннӕйы дӕр фӕрӕдийын кӕндзӕн+ ӕмӕ йӕ ӕвзӕр фӕндагыл бафтаудзӕн+.
30 Йӕ цӕст ӕрныкъулы, фыдвӕндтӕ кӕны+. Йӕ былтӕ нылхъывта – хъуамӕ йӕ фыдвӕнд кӕронмӕ ахӕццӕ кӕна.
31 Адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд+, рӕстдзинады фӕндагыл куы уа, уӕд+.
32 Йӕ маст уромын чи зоны, уый тыхджын адӕймагӕй хуыздӕр у+, ӕмӕ йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый хуыздӕр у, горӕт чи басӕтты, уымӕй+.
33 Хӕлттӕ ныппарынц дарӕсы фӕдджийы+, фӕлӕ цы уынаффӕ рахӕссынц, уый алкӕддӕр вӕййы Йегъовӕйӕ+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Йегъовӕйыл сӕвӕр».
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
^ Комк. «Паддзахы маст у мӕлӕты хабархӕссӕг».