Ӕмбисӕндтӕ 18:1—24
18 Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый схивӕнд уыдзӕн+. Ахӕм адӕймаг цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ+.
2 Ӕнӕзонд адӕймаг арф хъуыды кӕнын нӕ уарзы+, фӕфӕнды йӕ, йӕхи зӕрдӕйы цы ис, ӕрмӕст уый дзурын+.
3 Фыдгӕнӕг ӕрбацыд – ницӕмӕ йӕ дардзысты+, ӕмӕ ӕгаддзинад+ кӕм ис, уым ис худинаг дӕр.
4 Адӕймаджы дзыхӕй чи цӕуы, уыцы ныхӕстӕ – арф дӕттӕ+. Зонды суадон – гуылфгӕнгӕ цӕугӕдон+.
5 Фыдгӕнӕгӕн хатыр кӕнын* хорз куыд нӕу+, афтӕ хорз нӕу, рӕстгӕнӕджы хъуыддаг рӕстӕй куы нӕ равзарай, уый дӕр+.
6 Ӕнӕзонды ’взаг йӕхи хылы фӕтъыссы+, ӕмӕ йӕ дзыхы тыххӕй над дӕр баййафы+.
7 Ӕнӕзондӕн йе ’взаг йӕ сафӕг у+, йӕ дзых йӕ удӕн у къӕппӕг+.
8 Фыдкойгӕнӕджы ныхӕстӕ сты, адӕймаг зыдӕй кӕй аныхъуыры, ахӕм хӕринӕгты хуызӕн+ – суанг хуылфмӕ ацӕуынц+.
9 Зивӕггӕнаг кусӕг+ – абырӕджы ’фсымӕр+.
10 Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг+. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы+.
11 Хъӕздыгӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ сты йӕ фидар горӕт+, афтӕ йӕм кӕсы, ӕмӕ йӕ фидар къулау хъахъхъӕнынц+.
12 Адӕймаджы зӕрдӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт+, сӕрныллӕгдзинад та цӕуы кады разӕй+.
13 Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай+, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг+.
14 Адӕймаг зӕрдӕйӕ фидар куы уа, уӕд низӕн бабыхсдзӕн+. Фӕлӕ зӕрдӕсаст куы уа, уӕд чи бафӕраздзӕн?+
15 Ӕмбаргӕ адӕймаджы зӕрдӕ самал кӕны зонындзинӕдтӕ+, ӕмӕ зондджыны хъус дӕр зонындзинӕдтӕ агуры+.
16 Лӕвары фӕрцы адӕймагӕн байгом вӕййы уӕрӕх дуар+, ӕмӕ уый фӕрцы хицӕуттӕм дӕр бацӕуы+.
17 Тӕрхоны фыццаг чи райдайы дзурын, уый раст вӕййы+, цалынмӕ иннӕ не ’рбацӕуы ӕмӕ не сбӕлвырд кӕны, хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ+.
18 Хӕлттӕ куы сӕппарынц, уӕд быцӕу ууыл фӕвӕййы+ ӕмӕ тыхджынтӕ дӕр ӕнӕхъӕлӕбайӕ ахицӕн вӕййынц+.
19 Йӕ зӕрдӕ кӕмӕн скъахынц, уыцы ’фсымӕр фидар горӕтӕй зындӕр басӕттӕн вӕййы+, ӕмӕ быцӕутӕ хатт вӕййынц мӕсыджы дуарӕхгӕнӕн хъӕды хуызӕн+.
20 Адӕймаг бафсӕддзӕн йӕ дзыхы дыргъӕй+, бафсӕддзӕн йӕ дзыхы ныхасы тыллӕгӕй+.
21 Мӕлӕт дӕр ӕмӕ цард дӕр ӕвзаджы къухы сты+, ӕмӕ йӕ чи уарзы, уый йын хӕрдзӕн йӕ дыргъӕй+.
22 Хорз ус ссардтай?+ Уӕд ссардтай стыр хорздзинад+ ӕмӕ хайджын дӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй+.
23 Мӕгуыр лӕгъстӕ фӕкӕны+, хъӕздыг та дзуапп фӕдӕтты тызмӕгӕй+.
24 Ис ахӕм лымӕнтӕ, ӕмӕ цӕттӕ вӕййынц кӕрӕдзи аскъуыдтӕ кӕнынмӕ дӕр+. Фӕлӕ вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «хъулон митӕ кӕнын».