Ӕмбисӕндтӕ 19:1—29
19 Рӕстӕй чи цӕры, ахӕм мӕгуыр хуыздӕр у+, мӕнгӕвзаг чи у, уымӕй ӕмӕ ӕнӕзонд адӕймагӕй+.
2 Адӕймагмӕ* зонындзинӕдтӕ куы нӕ уа, уӕд уый хорз нӕу+, ӕмӕ тагъд чи кӕны, уый тӕригъӕд аразы+.
3 Адӕймаг йе ’нӕзондӕй ацӕуы рӕдыд фӕндагыл+, мӕсты та Йегъовӕмӕ фӕкӕны+.
4 Хъӕздыгдзинады фӕрцы адӕймагӕн фӕзыны бирӕ ӕмбӕлттӕ+, мӕгуыры та йӕхи ӕмбал дӕр ныууадзы+.
5 Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн+, сайгӕ чи кӕны, уый нӕ аирвӕздзӕн+.
6 Кадджын адӕймаджы зӕрдӕ балхӕныныл бирӕтӕ фӕархайынц+, ӕмӕ, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уый алкӕмӕн дӕр йӕ лымӕн вӕййы+.
7 Мӕгуыр йе ’фсымӕртӕн дӕр цӕстысындз у+. Ӕмӕ йӕм уӕд йе ’мбӕлттӕ та хӕстӕг кӕцӕй цӕудзысты!+ Цыдӕр сын зӕгъынмӕ фӕхъавы, фӕлӕ йӕм лӕугӕ дӕр ничи ӕркӕны+.
8 Зонд* чи самал кӕны+, уый уарзы йӕ уд. Арфуынындзинад чи нӕ сафы, уый ссардзӕн хорздзинад+.
9 Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн+, ӕмӕ, сайгӕ чи кӕны, уый фесӕфдзӕн+.
10 Ӕнӕзондыл нӕ фидауы хъал цард+. Ӕмӕ уӕд лӕггадгӕнӕгыл куыд хъуамӕ фидауа, цӕмӕй кънйӕзтӕн хицау уа!+
11 Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы+, ӕмӕ иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны+.
12 Паддзах куы смӕсты уа, уӕд уый у, домбай куыд ныббогъ кӕна, уыйау+. Йӕ хорзӕх та у, кӕрдӕгыл цы ’ртӕх ӕрбады, уый хуызӕн+.
13 Ӕнӕзонд фырт йӕ фыдӕн у фыдбылызы хос+, усы хъуыр-хъуыр та у, цар куыд тӕдза ӕмӕ хӕдзары фӕлӕууӕн куыд нӕ уа, уый хуызӕн+.
14 Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыгдзинад ныййарджытӕй баззайынц+, ӕмбаргӕ ус та у Йегъовӕйӕ+.
15 Адӕймагыл зивӕг фынӕй ӕфтауы+, ӕмӕ магуса* ӕххормагӕй баззайы+.
16 Фӕдзӕхстмӕ чи хъусы, уый йӕ уд хъахъхъӕны+. Йӕ фӕндӕгтӕм йӕ хъус чи нӕ дары, уый та баййафдзӕн мӕлӕт+.
17 Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад+.
18 Дӕ фырты-иу бафхӕр, цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ+. Йӕ мӕлӕтмӕ йын ма бабӕлл+.
19 Йӕ маст чи нӕ баурома, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн+. Ахӕм адӕймаджы куы фервӕзын кӕнай, уӕд дӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъӕудзӕн афтӕ бакӕнын+.
20 Уынаффӕмӕ хъус ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ ис+, цӕмӕй дӕ зондджын адӕймаг рауайа+.
21 Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис+, фӕлӕ сӕххӕст уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕндон+.
22 Адӕймагмӕ хорзӕй цы ис, уый – йе ’нувыд уарзт+, ӕмӕ мӕгуыр адӕймаг гӕды лӕгӕй хуыздӕр у+.
23 Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый цӕуы царды фӕндагыл+. Ӕхсӕв йӕхицӕн дзӕбӕх фынӕй кӕндзӕн+ ӕмӕ йӕм ӕвзӕрдзинад ӕмгӕрон дӕр нӕ бацӕудзӕн+.
24 Зивӕггӕнаг йӕ къух къусмӕ ӕруадзы+, йӕ дзыхмӕ йӕ схӕсса, уый та йӕ бон нал вӕййы+.
25 Иннӕтыл чи худы, уый ныццӕв+, цӕмӕй ӕвӕлтӕрд суа ӕмбаргӕ+. Ӕмбаргӕ адӕймагӕн йӕ рӕдыд бацамон, цӕмӕй фылдӕр бамбара+.
26 Йӕ фыды чи ӕфхӕры ӕмӕ йӕ мады чи расуры+, уыцы фырт кӕны ӕнаккаг ӕмӕ худинаджы митӕ+.
27 Мӕ хъӕбул, зондамындмӕ куы нал хъусай, уӕд зонды ныхӕстӕй адзӕгъӕл уыдзынӕ+.
28 Ницӕйаг ӕвдисӕн рӕстдзинадыл худгӕ кӕны+, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ фыдхъуыддӕгтӕй не ’фсӕдынц+.
29 Иннӕтыл чи худы, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕфхӕрд+, ӕнӕзӕндтӕн се рагъыл сӕмбӕлдзӕн цӕфтӕ+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Удмӕ»; «уд» – дзут. не́феш.
^ Кӕнӕ «Хорз фӕндтӕ»; комк. «зӕрдӕ».
^ Комк. «магуса уд»; «уд» – дзут. не́феш.