Ӕмбисӕндтӕ 2:1—22

2  Мӕ хъӕбул, мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай+ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ дӕ зӕрдӕйы хӕзнайау куы ’вӕрай+,  зонд цы дзуры, уымӕ куы хъусай+ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ, арфуынӕг уай, уымӕ куы саразай+,  ӕмбарындзинад куы курай+ ӕмӕ арфуынындзинадмӕ куы сидай+,  ӕвзистау+ ӕмӕ сӕ ӕмбӕхст хӕзнатау куы агурай+,  уӕд бамбардзынӕ, цы у Йегъовӕйӕ тӕрсын+ ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ+,  уымӕн ӕмӕ зонд дӕтты Йегъовӕ+, уымӕй цӕуынц зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арфуынындзинад+.  Уымӕ рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕвӕрд уыдзӕн куырыхон зонд+. Рӕстӕй чи цӕры*, уыдонӕн у сӕ уарт+,  уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕст дары рӕстдзинады фӕндӕгтӕм+, ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн сӕ фӕндаг хъахъхъӕндзӕн+.  Уӕд бамбардзынӕ, цы нысан кӕны, раст, ӕнӕхӕрам ӕмӕ рӕстзӕрдӕ уай, уый – хорз цы у, уый ӕгасӕй дӕр+. 10  Зонд дӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕна+ ӕмӕ зонындзинӕдтӕ дӕ удӕн ӕхсызгон куы суой+, 11  уӕд сахуыр уыдзынӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ дӕ уый хъахъхъӕндзӕн+, арфуынындзинад уыдзӕн дӕ хъахъхъӕнӕг+, 12  ӕмӕ дӕ бахиздзысты ӕвзӕр фӕндагӕй+, хӕлд ныхӕстӕ чи кӕны, ахӕм адӕймагӕй+, 13  раст фӕндӕгтӕ чи ныууадзы ӕмӕ талынг фӕндӕгтыл чи ацӕуы, уыдонӕй+, 14  ӕвзӕрдзинад аразын ӕхсызгон кӕмӕн у+ ӕмӕ ӕвзӕр, хӕлд митӕ чи уарзы, уыцы адӕмӕй+, 15  зылын фӕндӕгтыл чи цӕуы ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр хин ӕмӕ кӕлӕн чи у, уыдонӕй+. 16  Хъахъхъӕндзысты дӕ хӕлд* сылгоймагӕй+, рӕсугъд ныхӕстӕй чи сайы, уыцы сылгоймагӕй*+, 17  йӕ цардӕмбалы, йе ’рыгон бонтӕ кӕимӕ арвыста, уый чи ныууагъта+ ӕмӕ йӕ Хуыцауы бадзырд чи ферох кодта, уымӕй+. 18  Йӕ хӕдзарӕй адӕймаг цӕуы мӕлӕтмӕ, йӕ фӕндӕгтӕ кӕнынц мӕрдтӕм+. 19  Йемӕ чи фӕлымӕн уа, уыдонӕй иу дӕр фӕстӕмӕ нал раздӕхдзӕн ӕмӕ удӕгӕсты фӕндӕгтыл нал ӕрлӕудзӕн+. 20  Уӕдӕ цу хорз адӕмы фӕндагыл+ ӕмӕ рӕстгӕнджыты фӕндагӕй ма ахиз+, 21  уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрдзысты рӕстзӕрдӕ адӕм+, баззайдзысты йыл, ӕнӕфау чи у, уыдон+. 22  Фыдгӕнджытӕ та зӕххӕй фесӕфдзысты+, мӕнгард адӕмӕй йыл иу дӕр нал баззайдзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. тексты цы дзырд ис (том), уый нысан кӕны хӕрзӕгъдау, ӕфсармджын, ӕнаипп, зӕрдӕйӕ ӕнӕхъӕн.
Комк. «ӕндӕрбӕстагӕй».
Комк. «ӕцӕгӕлон».