Ӕмбисӕндтӕ 20:1—30
20 Сӕн адӕймагӕй хынджылӕг кӕны+, карз нозт кӕны змӕнтгӕ+, ӕмӕ уыдоны тыххӕй раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл вӕййы, уымӕн йӕ сӕры зонд нӕй+.
2 Паддзах цы тас ӕфтауы, уый у, домбай куыд ныббогъ кӕна, уый хуызӕн+. Йӕхимӕ йӕ чи смӕсты кӕны, уый тӕригъӕд аразы йӕхи уды ныхмӕ+.
3 Адӕймаг йӕхи быцӕутӕй куы хиза, уӕд ын уый кад у+, ӕнӕзондӕн та ӕндӕр мацы ратт+.
4 Зивӕггӕнаг зымӕджы нӕ бахуым кӕны, уазал у+, зӕгъгӕ, ӕмӕ хуымгӕрдӕнты афон мӕгуыргур куы зила, уӕд ын ничи ницы ратдзӕн+.
5 Адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ сты арф дӕттӕ+, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг сисдзӕн+.
6 Бирӕтӕ дзурынц се ’нувыд уарзты тыххӕй+, фӕлӕ кӕм ис иузӕрдион адӕймаг?+
7 Рӕстгӕнӕг цӕры рӕстӕй+. Амондджын уыдзысты йӕ фырттӕ йӕ фӕстӕ+.
8 Паддзах бады тӕрхоны бадӕныл+, ӕмӕ йӕ цӕстӕнгасӕй фыддзинад ӕрбайсӕфы+.
9 Чи зӕгъдзӕн: «Ӕз ссыгъдӕг кодтон мӕ зӕрдӕ+, сыгъдӕг дӕн мӕ тӕригъӕдӕй?»+
10 Дыууӕ хуызы уӕзбарӕнтӕ ӕмӕ дыууӕ хуызы барӕн мигӕнӕнтӕ+ – иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг сты+.
11 Сывӕллонӕн йӕ митӕм гӕсгӕ дӕр бӕрӕг вӕййы, цы аразы, уый сыгъдӕг ӕмӕ раст у ӕви нӕ+.
12 Чи хъусы, уыцы хъус ӕмӕ, чи уыны, уыцы цӕст – дыууӕ дӕр Йегъовӕ скодта+.
13 Бирӕ фынӕй кӕнын ма уарз, кӕннод смӕгуыр уыдзынӕ+. Бакӕн дӕ цӕстытӕ, ӕмӕ дзулӕй бафсӕдай+.
14 «Нӕ бӕззы, нӕ бӕззы»,– фӕдзуры ӕлхӕнӕг ӕмӕ ацӕуы+. Уый фӕстӕ та йӕхицӕй феппӕлы+.
15 Ис сызгъӕрин, ис зынаргъ дуртӕ* дӕр бирӕ, фӕлӕ ноджы зынаргъдӕр* у, зондджын ныхас кӕмӕй цӕуы, ахӕм ӕвзаг+.
16 Исчи ӕцӕгӕлоны тыххӕй дзырд куы ратта, уӕд ын райс йӕ уӕлӕдарӕс+, ӕмӕ хӕлд сылгоймагимӕ* чи баиу уа, уымӕй исты райс цъынды+.
17 Адӕймаг сайдӕй цы дзул самал кӕны, уый йӕм адджын фӕкӕсы+, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ дзых хуырӕй байдзаг вӕййы+.
18 Уынаффӕйы фӕрцы адӕймагӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц+, ӕмӕ искӕимӕ куы хӕцай, уӕд агур хорз разамынд+.
19 Фыдкой кӕнын чи уарзы, уый иннӕты сусӕг ныхас радзуры+, ӕмӕ йӕ дзыхы чи ницы уромы, уыимӕ ма лымӕн кӕн+.
20 Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ӕлгъиты+, уымӕн йӕ цырагъ ахуысдзӕн, куы ’рталынг уа, уӕд+.
21 Адӕймаг абон ӕнӕфсисӕй цы бынтӕ скӕна+, уыдоны райсом арфӕдзинад нӕ уыдзӕн+.
22 Афтӕ ма дзур: «Мӕ маст дзы райсдзынӕн!»+ Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл+, ӕмӕ дӕ уый фервӕзын кӕндзӕн+.
23 Дыууӕ хуызы уӕзбарӕнтӕ Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг сты+, ӕмӕ, сайгӕ чи кӕны, ахӕм барӕн къустӕй барын хорз нӕу+.
24 Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтӕ Йегъовӕ аразы+. Зӕххон адӕймаг йӕхӕдӕг та куыд хъуамӕ базона йӕ фӕндаг?+
25 Адӕймаг ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ истӕмӕй куы зӕгъа, ай нывондгонд у+, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ сомыйыл+ куы хъуыдытӕ кӕна+, уӕд йӕхи къӕппӕджы баппӕрста.
26 Зондджын паддзах фыдгӕнджыты алырдӕмты ныппырх кӕны+ ӕмӕ сыл найгӕнӕн цалх рауадзы+.
27 Адӕймаджы улӕфт+ у Йегъовӕйы цырагъ, сгары зӕрдӕйы къуымтӕ иууылдӕр+.
28 Паддзахы хъахъхъӕнынц йе ’нувыд уарзт ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад*+, ӕнувыд уарзты фӕрцы лӕууы йӕ паддзахбадӕн+.
29 Лӕппуты фидауц – сӕ тых+, зӕрӕдты фидауц – сӕ урс сӕр+.
30 Адӕймаг над куы баййафы, уӕд ӕвзӕрдзинад ныууадзы+, цӕфты фӕрцы йӕ зӕрдӕ ссыгъдӕг вӕййы+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «коралтӕ».
^ Комк. «зынаргъ мигӕнӕн».
^ Комк. «ӕндӕрбӕстагимӕ».
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».