Ӕмбисӕндтӕ 21:1—31

21  Паддзахы зӕрдӕ Йегъовӕйы къухы у цӕугӕдоны хуызӕн+ – кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм ӕй аздахы+.  Адӕймагӕн йӕ алы фӕндаг дӕр йӕхи цӕсты раст у+, фӕлӕ Йегъовӕ кӕсы, зӕрдӕйы цы ис, уымӕ+.  Рӕстӕй цӕрай ӕмӕ раст тӕрхон кӕнай, уый Йегъовӕйӕн нывӕндтӕй ӕхсызгондӕр у+.  Хъал цӕстытӕ ӕмӕ схъӕл зӕрдӕ+, фыдгӕнджыты цырагъ, сты тӕригъӕд+.  Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда+, тагъд чи кӕны, уымӕн та йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ+.  Гӕды ’взагӕй хъӕздыгдзинӕдтӕ кӕнын, чи ӕрбайсӕфы, ахӕм мигъӕй уӕлдай нӕу+. Афтӕ чи кӕны, уыдон агурынц мӕлӕт+.  Фыдгӕнджытӕ иннӕты кӕй стигъынц, уый сӕ бабын кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды рӕстӕй архайын+.  Ӕцӕгӕлоны фӕндаг у зылын+, сыгъдӕг чи у, уымӕн та йӕ хъуыддӕгтӕ сты раст+.  Хъуырхъуыргӕнаг усимӕ иу хӕдзары цӕрыны бӕсты+ фӕлтау цары къуымы цӕр+. 10  Фыдгӕнӕджы уд бӕллы ӕвзӕрдзинадмӕ+, ӕмӕ йе ’мбалмӕ хорз цӕстӕй нӕ ракӕсдзӕн+. 11  Иннӕтыл чи худы, уый ӕфхӕрд куы баййафы, уӕд ӕвӕлтӕрд свӕййы зондджын+. Ӕмӕ зондджынӕн хъуыддаг куы бамбарын кӕнынц, уӕд фылдӕр базоны+. 12  Рӕстаг Хуыцау йӕ хъус дары фыдгӕнӕджы хӕдзармӕ+ ӕмӕ фыдгӕнджыты бӕллӕхы ӕппары+. 13  Мӕгуыры ӕрдиагмӕ йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны+, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕххуысмӕ сиддзӕн, фӕлӕ йын дзуапдӕттӕг нӕ уыдзӕн+. 14  Сусӕг лӕварӕй маст ссӕуы+, ӕмӕ гӕртамӕй*+ ссӕуы тыхджын маст дӕр. 15  Рӕстгӕнӕгӕн ӕхсызгон у рӕстӕй архайын+, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоныл та мӕгуыры бон акӕндзӕн+. 16  Зонды фӕндаг чи ныууадза+, уый уыдзӕн мӕрдты ’хсӕн+. 17  Хъазын ӕмӕ худын йеддӕмӕ ӕндӕр кӕй ницы мӕт ис, уый смӕгуыр уыдзӕн+; сӕн ӕмӕ сой чи уарзы, уый не схъӕздыг уыдзӕн+. 18  Рӕстгӕнӕджы балхӕныны тыххӕй раттынц фыдгӕнӕджы+, ӕмӕ мӕнгард адӕймаг уыдзӕн рӕстзӕрдӕ адӕмы бӕсты+. 19  Хъуырхъуыргӕнаг усимӕ тухӕнӕй мӕлыны бӕсты фӕлтау ӕдзӕрӕг быдыры цӕр+. 20  Зондджыны хӕдзары – агургӕ ӕмӕ ӕнӕаргӕ хӕзна ӕмӕ сой+, ӕнӕзонд та сын сӕ бынӕй рухс суадзы+. 21  Рӕстдзинадмӕ+ ӕмӕ ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард, рӕстдзинад ӕмӕ кад+. 22  Зондджын адӕймаг къулы сӕрты бахизы тыхджынты горӕтмӕ, цӕмӕй басӕтта, сӕ зӕрдӕ цы тыхыл дарынц, уый+. 23  Йӕ дзыхӕй уӕлдай ныхас кӕмӕн не схауы ӕмӕ йе ’взаджы рохтыл хӕцын чи зоны, уый йӕ уд мастӕй хизы+. 24  Йӕхиуыл чи фервӕссыд ӕмӕ йӕ масты фӕдыл чи цӕуы, уымӕн йӕ ном – хиуылӕрвӕссон, хъал ӕмӕ хиппӕлой+. 25  Зивӕггӕнаджы йӕ бӕллицтӕ ӕркӕндзысты мӕлӕтмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ кусын нӕ комынц+. 26  Уый бон-изӕрмӕ цӕмӕдӕрты бӕллы, рӕстгӕнӕг та дӕтты ӕмӕ хӕлӕг ницы кӕны+. 27  Фыдгӕнджыты нывӕндтӕ ӕнад сты+. Ӕмӕ уӕд хӕлд адӕмы нывӕндтӕ куыннӕ хъуамӕ уой ӕнад+! 28  Сайгӕ чи кӕны, ахӕм ӕвдисӕн фесӕфдзӕн+, лӕмбынӕг хъусын чи зоны, уыцы адӕймаг та дзурдзӕн ӕнустӕм+. 29  Фыдгӕнӕг йӕхи ныцъцъаммар кӕны+, рӕстзӕрдӕ адӕймаг та йӕ фӕндӕгтыл цӕудзӕн фидар къахдзӕфтӕй+. 30  Зонд, арфуынындзинад ӕмӕ уынаффӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы уой, уӕд ницы сты+. 31  Бӕх ӕрцӕттӕ кӕнынц тохы бонмӕ+, фӕлӕ ирвӕзындзинад у Йегъовӕйӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «роны ӕвӕрд гӕртамӕй».