Ӕмбисӕндтӕ 24:1—34
24 Ма хӕлӕг кӕн ӕвзӕр адӕммӕ+ ӕмӕ, семӕ балымӕн уай, уымӕ ма бӕлл+,
2 уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕдзухдӕр сты, кӕй бастигъой, ууыл, ӕмӕ, цы фыдбылыз ракӕной, ӕрмӕстдӕр уый кой цӕуы сӕ дзыхӕй+.
3 Хӕдзар сырӕзы зонды фӕрцы+ ӕмӕ фидар кӕны арфуынындзинады фӕрцы+.
4 Ӕмӕ зонындзинӕдты фӕрцы хӕдзары къуымтӕ байдзаг вӕййынц алыхуызон зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дзауматӕй+.
5 Йӕ хъаруйӕ зондджынӕй чи архайы, уый у тыхджын адӕймаг+, ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕмӕ ис, уымӕн йӕ тыхыл тых ӕфты+.
6 Уӕдӕ искӕимӕ куы хӕцай, уӕд агур хорз разамынд+. Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый у ирвӕзындзинад+.
7 Ӕнӕзондӕн ӕцӕг зонд ӕгӕр бӕрзонд у+, ӕмӕ горӕты кулдуары раз йӕ дзых дӕр нӕ бакӕндзӕн.
8 Йӕ хъуыдытӕ ӕвзӕрдзинад ракӕныныл кӕмӕн сты, уый схондзысты фыдвӕндтӕм дӕсны+.
9 Ӕнӕзонддзинад цы хӕлд митӕм ӕркӕны, уыдон сты тӕригъӕд+, ӕмӕ иннӕтыл чи худы, уый адӕмӕн у ӕнад+.
10 Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта+, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?
11 Мӕлӕтмӕ кӕй кӕнынц, уыдоны ирвӕзын кӕн. Ӕмӕ, сӕрсӕфӕны был чи лӕууы, уыдонӕн баххуыс кӕн+.
12 Афтӕ куы зӕгъай, мах ӕй нӕ зыдтам+, зӕгъгӕ, уӕд ӕй, зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уый нӕ фендзӕн?+ Ӕмӕ дӕм йӕ хъус чи дары, уый йӕ нӕ базондзӕн ӕмӕ адӕймагӕн+, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цы ’мбӕлы, уый нӕ ратдзӕн?+
13 Хӕр, мӕ хъӕбул, мыд, уымӕн ӕмӕ пайда у, адджын фӕзгъӕр мыд-иу дӕ дзыхы акӕн+.
14 Афтӕ дӕ уды хорзӕн ссар зонд дӕр+. Куы йӕ ссарай, уӕд дын уыдзӕн фидӕн ӕмӕ дӕ ныфсӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзынӕ+.
15 Рӕстгӕнӕджы хӕдзары цур йӕ размӕ фыдгӕнӕгау ма бабад+, йӕ къона йын ма хал+,
16 уымӕн ӕмӕ рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн+, фыдгӕнджытӕ та бӕллӕхы рӕстӕг фӕцуддзысты+.
17 Де знаг куы ахауа, уӕд цин ма кӕн, ӕмӕ куы фӕкӕла, уӕд дӕ зӕрдӕ фырцинӕй ма райӕд+,
18 науӕд дӕ Йегъовӕ фендзӕн ӕмӕ йӕм уый тынг ӕвзӕр фӕкӕсдзӕн, ӕмӕ йыл йӕ маст нал ныккалдзӕн+.
19 Ма мӕсты кӕн ӕвзӕргӕнджытӕм, ма хӕлӕг кӕн фыдгӕнджытӕм+,
20 уымӕн ӕмӕ ӕвзӕргӕнджытӕй иуӕн дӕр фидӕн нӕй+, фыдгӕнджытӕн сӕ цырагъ ахуысдзӕн+.
21 Мӕ хъӕбул, тӕрс Йегъовӕйӕ ӕмӕ паддзахӕй+. Змӕнтгӕ чи кӕны, уыдонимӕ ма у+.
22 Змӕнтджыты бӕллӕх афтӕ ӕвиппайды баййафдзӕн+, ӕмӕ сын се сӕфт зонгӕ дӕр ничи бакӕндзӕн+.
23 Ацы ныхӕстӕ дӕр загъд сты зондджынтӕн+: «Хорз нӕу тӕрхоны искӕй хъулон кӕнын»+.
24 Фыдгӕнӕгӕн афтӕ чи дзуры, ды раст дӕ+, зӕгъгӕ, уый адӕмтӕ ӕлгъитдзысты, адӕмыхӕттытӕ йӕ ныхмӕ дзурдзысты.
25 Фӕлӕ йын уайдзӕф чи кӕны, уыдон та цӕрдзысты фӕрнӕй+ ӕмӕ хайджын уыдзысты хорздзинӕдтӕй+.
26 Раст цы у, уый чи дзуры, уымӕн пъатӕ кӕндзысты+.
27 Хӕдзары ӕддейӕ дын цы куыстытӕ ис, уыдон бакӕн ӕмӕ дӕ хуымы куыстытӕ кӕронмӕ фӕу+. Уый фӕстӕ бинонтӕ дӕр скӕн.
28 Адӕймаг аххосджын куы нӕ уа, уӕд йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ма ныллӕуу+ – дӕ дзыхӕй цӕудзӕн ӕнӕзонд ныхас+.
29 Афтӕ ма дзур: «Уый мын куыд бакодта, ӕз дӕр ын афтӕ бакӕндзынӕн+. Алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн»+.
30 Иухатт фӕцӕйцыдтӕн магусайы хуымы рӕзты+, ӕнӕзонды* сӕнӕфсирдоны рӕзты+.
31 Ӕмӕ кӕсын, ӕмӕ йын иууылдӕр хӕмпӕлты бын фӕци+, пысырайӕ нал зыны, йӕ дурӕй амад къул дӕр ныппырх+.
32 Ӕмӕ цы федтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ айстон+, цы федтон, уымӕй мӕхицӕн иу хъуыддаг райстон зондӕн+:
33 иу гыццыл афынӕй кӕндзынӕ, иу гыццыл дӕ цӕстытӕ ӕрцъынд кӕндзынӕ, иу гыццыл ахуысдзынӕ, дӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл авӕргӕйӕ+,
34 ӕмӕ мӕгуырдзинад дӕ разы ӕрбалӕудзӕн абырӕгау, ӕмӕ тыхст цард – гӕрзифтонг лӕгау+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «зӕрдӕ кӕмӕн нӕй, уый».