Ӕмбисӕндтӕ 27:1—27

27  Райсомы бонӕй ма ’ппӕл+, уымӕн ӕмӕ, цы ’рхӕсдзӕн*, уый нӕ зоныс+.  Дӕхӕдӕг дӕхицӕй ма ’ппӕл, фӕлӕ дӕ ӕндӕр исчи раппӕлӕд. Дӕхицӕй ма ’ппӕл, фӕлӕ дӕ раппӕлӕд ӕцӕгӕлон+.  Дур уӕззау у, змис дӕр рог нӕу+, фӕлӕ дын ӕнӕзонд цы маст скӕна, уый сӕ дыууӕйӕ дӕр уӕззаудӕр у+.  Адӕймаг мӕстӕй куы рафыца, уӕд ӕгъатыр у, куы смӕсты уа, уӕд донивылдӕй уӕлдай нӕу+. Фӕлӕ хӕлӕг куы кӕна*, уӕд уымӕн та чи бафӕраздзӕн?+  Сусӕг уарзтӕй ӕргом уайдзӕф хуыздӕр у+.  Чи дӕ уарзы, уымӕн йӕ цӕфтӕ сты йе ’нувыд зӕрдӕйӕ+, йе сӕфт дӕ чи уыны, уымӕн та хорздзинады* тыххӕй лӕгъстӕ кӕнын хъӕуы+.  Ӕфсӕст адӕймаг фӕзгъӕр мыд йӕ къӕхты бын ссӕнды, ӕххормаг удӕн та цыфӕнды маст хӕринаг дӕр адджын у+.  Йӕ ахстон чи ныууадзы, уыцы цъиуӕй+ ӕмӕ, йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ чи сысты, уыцы адӕймагӕй уӕлдай нӕй+.  Сой ӕмӕ буд+ зӕрдӕйӕн куыд ӕхсызгон сты, раст афтӕ адджын у, зӕрдӕбын* уынаффӕ чи ратты, уыцы ӕмбал дӕр+. 10  Де ’мбалы ӕмӕ дӕ фыды ’мбалы ма ныууадз, ӕмӕ зындзинады куы бахауай, уӕд де ’фсымӕры хӕдзармӕ ма бацу. Дард чи цӕры, уыцы ’фсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг хуыздӕр у+. 11  Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн+, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын+. 12  Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз куы фены, уӕд дзы йӕхи бахизы+, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц+. 13  Исчи ӕцӕгӕлоны тыххӕй дзырд куы ратта, уӕд ын райс йӕ уӕлӕдарӕс+, ӕмӕ хӕлд сылгоймагимӕ* чи баиу уа, уымӕй исты райс цъынды+. 14  Сӕумӕцъӕхӕй искӕмӕн хъӕрӕй чи арфӕ кӕны, уымӕн йӕ ныхӕстӕ ӕлгъыстыл банымайдзысты+. 15  Къӕвдабон цар куыд тӕдза ӕмӕ хӕдзары фӕлӕууӕн куыд нӕ уа, афтӕ у хъуырхъуыргӕнаг ус дӕр+. 16  Уый чи уромы, уый уромы дымгӕ ӕмӕ йӕ рахиз армы уромы сой. 17  Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы цыргъ кӕны, адӕймаг та – адӕймаджы+. 18  Легъуибӕлас чи хъахъхъӕны, уый йын хӕрдзӕн йӕ дыргътӕй+, ӕмӕ йӕ хицауы чи хъахъхъӕны, уымӕн уыдзӕн кад+. 19  Адӕймаг доны йӕ цӕсгом куыд фены, афтӕ иу адӕймаг иннӕйы зӕрдӕйы фены йӕхи зӕрдӕ. 20  Ингӕн* ӕмӕ сау сыджыт*+ сты ӕнӕфсис+. Афтӕ ӕнӕфсис у адӕймаджы цӕст дӕр+. 21  Тайынгӕнӕн мигӕнӕн у ӕвзистӕн+, пец – сызгъӕринӕн+, адӕймаг та рабӕрӕг вӕййы, куы дзы раппӕлынц, уӕд+. 22  Ӕнӕзонд адӕймаджы цъӕл хоримӕ фӕхты мидӕг хойӕнӕй куы хойай, уӕддӕр дзы йе ’нӕзонддзинад нӕ рахицӕн уыдзӕн+. 23  Дӕ фысты хъуамӕ хорз зонай. Дӕ дзугтӕм зӕрдиагӕй кӕс+, 24  уымӕн ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕнустӕм не сты+, ӕмӕ паддзахы кадыхуд дӕр фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нӕу. 25  Цъӕх кӕрдӕг нал ис, фӕзынд ног кӕрдӕг, ӕмӕ хӕхтыл зайӕгойтӕ ӕрӕмбырд кодтой+. 26  Фыркъатӕ дын – уӕлӕдарӕсӕн+, цӕутӕ – зӕххы аргъ. 27  Сӕгъы ӕхсыр та уыдзӕн дӕхи фаг дӕр, дӕ хӕдзаронты фаг дӕр ӕмӕ, дӕ хӕдзары цы чызджытӕ ис, уыдоны дарыны фаг дӕр+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ныййардзӕн».
Кӕнӕ «ӕнӕууӕнк куы кӕна», ома адӕймаг йӕ цардӕмбалыл куыд ӕнӕууӕнк кӕна, афтӕ.
Комк. «пъаты».
Комк. «йӕ удӕй»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «ӕндӕрбӕстагимӕ».
Комк. «сӕфты (бынат)».
Комк. «Шеол». Кӕс Уӕлӕмх. 8.