Ӕмбисӕндтӕ 28:1—28

28  Фыдгӕнджыты фӕстейӕ куы ничи сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕнынц+, рӕстгӕнджытӕ та сты домбайау хъӕбатыр+.  Бӕстӕйы мидӕг закъон куы нал феххӕст кӕнынц, уӕд дзы бирӕ кънйӕзтӕ раивынц кӕрӕдзи+. Раст цы у, уый чи зоны, ахӕм арфуынӕг адӕймаджы фӕрцы та дзы кънйаз бирӕ рӕстӕг уыдзӕн хицау+.  Кӕмӕ ницы ис ӕмӕ афтӕмӕй мӕгуырты чи сайы+, уыцы адӕймаг у, къӕвда бӕстӕ куыд фесафы ӕмӕ хӕрынӕн куыд ницыуал баззайы, афтӕ.  Закъоныл йӕ къух чи сисы, уыдон фыдгӕнӕджы куы скадджын кӕнынц+, уӕд сӕм, закъон чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕм мӕсты фӕкӕнынц+.  Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон нӕу рӕстдзинад бамбарын, Йегъовӕйы чи агуры, уыдон та алцыдӕр ӕмбарынц+.  Рӕстӕй чи цӕры, ахӕм мӕгуыр хуыздӕр у, хъӕздыг чи у, фӕлӕ зылын фӕндӕгтыл чи цӕуы, уымӕй+.  Ӕмбаргӕ фырт ӕххӕст кӕны закъон+, гуыбындзӕлтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та йӕ фыды худинаг кӕны+.  Проценттӕ райсыны ӕмӕ ӕхца бакусыны тыххӕй ӕфстау чи дӕтты+ ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ афтӕмӕй чи бирӕ кӕны, уый сӕ ӕмбырд кӕны, мӕгуыртӕн чи ӕххуыс кӕны, уымӕн+.  Йӕхи иннӕрдӕм чи аздахы, цӕмӕй закъонмӕ ма хъуса+, уымӕн йӕ куывдтытӕ дӕр ӕнад сты+. 10  Рӕстзӕрдӕ адӕймаджы ӕвзӕр фӕндагыл чи акӕны+, уый йӕхӕдӕг ныххаудзӕн, цы дзыхъхъ скъахта, уым+, ӕнаипп адӕймӕгтӕ та хайджын уыдзысты хорздзинадӕй+. 11  Хъӕздыг йӕхимӕ зондджын фӕкӕсы+, фӕлӕ арфуынӕг чи у, ахӕм мӕгуыр ӕй зоны, ӕцӕгӕй цы у, уый+. 12  Куыд хорз вӕййы, рӕстгӕнджытӕ куы фӕцин кӕнынц, уӕд+. Фыдгӕнджытӕ куы схицау вӕййынц, уӕд та адӕм сӕхи афтӕ аивынц, ӕмӕ сӕ базонӕн нал вӕййы+. 13  Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн+, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ+. 14  Амондджын у, алкӕддӕр Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы адӕймаг+. Йӕ зӕрдӕ чи ныддур кодта, уый та бахаудзӕн бӕллӕхы+. 15  Богътӕгӕнаг домбай ӕмӕ лӕбурӕг арс – ахӕм у фыдгӕнӕг хицау мӕгуыр адӕмы сӕргъы+. 16  Арфуынӕг чи нӕу, ахӕм разамонӕг фӕкӕны алы цӕстфӕлдахӕн митӕ+, хи пайда чи нӕ агуры, уый та йӕ царды бонтыл бафтаудзӕн+. 17  Адӕймаджы* туг кӕуыл ис, уый рамбӕхс-бамбӕхс кӕндзӕн, цалынмӕ ингӕнмӕ нӕ ныххиза, уӕдмӕ+. Ӕмӕ йӕ мачи уромӕд. 18  Ӕнаипп адӕймаг аирвӕздзӕн+, зылын фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕвиппайды бабын уыдзӕн+. 19  Йӕ зӕхх чи кусы, уый бафсӕддзӕн дзулӕй+, ӕнӕпайда хъуыддӕгты фӕдыл чи цӕуы, уый та бафсӕддзӕн мӕгуырдзинадӕй+. 20  Иузӕрдион адӕймаг хайджын уыдзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕй+, тагъддӕр схъӕздыг уа, ууыл чи архайы, уый та ӕнаххос нӕ уыдзӕн+. 21  Хорз нӕу хъулон митӕ кӕнын+, ӕмӕ къӕбӕры тыххӕй фыдракӕнд саразын дӕр хорз нӕу. 22  Хӕлӕггӕнаг адӕймаг бафты мулкыл+, фӕлӕ йӕ нӕ зоны, кӕй смӕгуыр уыдзӕн. 23  Адӕймаг фӕстӕдӕр бузныг уыдзӕн, зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ йын чи кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ йын уайдзӕф чи бакӕны, уымӕй+. 24  Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи стигъы+ ӕмӕ афтӕ чи дзуры, ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон+, зӕгъгӕ, уый у абырджыты ӕмбал. 25  Схъӕл адӕймаг ракъахы загъд+, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уый та уыдзӕн хорздзинӕдтӕй ӕфсӕст+. 26  Йӕ зӕрдӕйыл йӕ ныфс чи дары, уый у ӕнӕзонд+, зонды фӕндагыл чи цӕуы, уый та фервӕздзӕн+. 27  Цы йӕм ис, уымӕй мӕгуырӕн чи хай кӕны, уый ницы цух уыдзӕн+, йӕ цӕстытӕ чи рамбӕхс-бамбӕхс кӕны, уый та бирӕ ӕлгъыстытӕ баййафдзӕн+. 28  Фыдгӕнджытӕ куы схицау вӕййынц, уӕд адӕм ӕмбӕхсын райдайынц+, куы фесӕфынц, уӕд та рӕстгӕнджытӕ сбирӕ вӕййынц+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.