Ӕмбисӕндтӕ 30:1—33

30  Иакейы фырт Агуры ныхӕстӕ, ахсджиаг ныхӕстӕ+. Ацы ныхӕстӕ загъта Ифиилӕн, Ифиил ӕмӕ Укалӕн.  Мӕнӕй ӕнӕзонддӕр нӕй+, адӕмау мӕм нӕй ӕмбарындзинад+.  Ӕз зонд нӕ базыдтон+, ӕмӕ Сыгъдӕг Хуыцау цы зоны, уый нӕ зонын+.  Чи ссыд уӕлӕрвтӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рцыд уырдыгӕй?+ Чи бакодта дымгӕ+ йӕ дыууӕ армы? Чи батыхта дӕттӕ ӕмбӕрзӕны?+ Чи сӕвӕрдта зӕххӕн кӕрӕттӕ?+ Куыд у йӕ ном+ ӕмӕ куыд у йӕ фырты ном – зоныс ӕй?+  Хуыцауӕн йӕ алы ныхас дӕр у сыгъдӕг+. Йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдонӕн у сӕ уарт+.  Йӕ ныхӕстӕм ын мацы бафтау+, цӕмӕй дын ма бауайдзӕф кӕна ӕмӕ мӕнгард ма разынай+.  Дыууӕ хъуыддаджы дӕ курын+. Ӕндӕр мӕ ницы хъӕуы, цалынмӕ цӕрын, уӕдмӕ+.  Мӕнгдзинад ӕмӕ мӕм гӕдыныхас хӕстӕг ма ӕрбауадз+. Мӕгуырдзинад дӕр мын ма ратт ӕмӕ хъӕздыгдзинад дӕр+. Къӕбӕр мын дӕтт мӕ фаг+,  цӕмӕй ӕгӕр ма бафсӕдон ӕмӕ дӕ ма ныууадзон+ ӕмӕ ма зӕгъон: «Чи у Йегъовӕ?»+ – ӕмӕ цӕмӕй ма смӕгуыр уон ӕмӕ давын ма райдайон ӕмӕ мӕ Хуыцауы ном ма фӕхудинаг кӕнон+. 10  Цагъары фыдкой ма кӕн йӕ хицауӕн+, цӕмӕй дӕ ма ралгъита ӕмӕ ма фӕаххосджын уай+. 11  Ис ахӕм адӕм, ӕмӕ сӕ фыды дӕр ӕлгъитынц ӕмӕ сӕ мадӕн дӕр нӕ арфӕ кӕнынц+. 12  Ис ахӕм адӕм, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты+, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ ӕхсад не сты+. 13  Ис ахӕм адӕм, ӕмӕ куыд хъал цӕстӕй кӕсынц, уый у диссаг! Сӕ цӕхӕр цӕстытӕй уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц+. 14  Ис ахӕм адӕм, ӕмӕ сӕ дӕндӕгтӕ сты хъаматӕ, се ’фсӕртӕ – ӕргӕвдӕн кӕрдтӕ+, цӕмӕй бахӕрой, зӕххыл цы ’фхӕрд ӕмӕ цы мӕгуыр адӕм ис, уыдоны+. 15  Цъулбертӕн* ис дыууӕ чызджы, ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ӕри, ӕри!» Ис ӕртӕ, ӕмӕ ӕфсис нӕ зонынц, цыппар, ӕмӕ никуы зӕгъдзысты, фаг у, зӕгъгӕ. 16  Ингӕн*+, ӕнӕзӕнӕг хуылф+, донхъуаг зӕхх+ ӕмӕ арт+, афтӕ чи нӕ зӕгъы, фаг у+, зӕгъгӕ. 17  Йӕ фыдыл чи худы ӕмӕ йӕ мады коммӕ чи нӕ кӕсы, уымӕн йӕ цӕст+ быдираг халӕттӕ* скъахдзысты ӕмӕ йын ӕй цӕргӕсы лӕппынтӕ бахӕрдзысты. 18  Ис ӕртӕ хъуыддаджы, ӕмӕ мӕм тынг диссаг кӕсынц, цыппар, ӕмӕ сӕ мӕ бон бамбарын нӕу: 19  цӕргӕсы фӕндаг арвыл, калмы фӕндаг къӕдзӕхыл, науы фӕндаг денджызы астӕу+ ӕмӕ нӕлгоймаджы фӕндаг чызджы зӕрдӕмӕ+. 20  Ахӕм у хӕтаг сылгоймаджы фӕндаг: бахордта, йӕ былтӕ асӕрфта ӕмӕ зӕгъы: «Ӕз ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон»+. 21  Ӕртӕ хъуыддагӕй нырризы зӕхх, цыппар хъуыддаджы нӕ фӕразы: 22  цагъар паддзах куы свӕййы+, ӕнӕзондмӕ хӕринаг фаг куы вӕййы+, 23  ӕнад сылгоймаг искӕй ус куы свӕййы+ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг йӕ ӕхсины бынат куы бацахсы+. 24  Ис цыппар цӕрӕгойы, зӕххыл уыдонӕй гыццылдӕр нӕй, фӕлӕ сты ӕрдзӕй зондджын+: 25  мӕлдзыджытӕ тыхджын адӕм не сты+, фӕлӕ сӕрдыгон сӕхицӕн хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕнынц+; 26  хӕххон зыгъарджытӕ*+ хъаруджын адӕм не сты, фӕлӕ сӕ хӕдзар сӕвӕрынц къӕдзӕхыл+; 27  мӕтыхтӕн+ паддзах нӕй, фӕлӕ рацӕуынц къордтӕ-къордтӕй+; 28  гӕккуыри*+ йӕ къӕхтӕй фидар ныххӕцы ӕмӕ паддзахы галуаны дӕр балӕууы. 29  Ис ӕртӕ, ӕмӕ сӕ къахы айст у аив, цыппар, ӕмӕ сӕ фезмӕлд у рӕсугъд: 30  домбай – цӕрӕгойтӕй ӕппӕты тыхджындӕр, никӕмӕй фӕтӕрсдзӕн+; 31  цуанон куыдз*, цӕу ӕмӕ паддзах йе ’фсады сӕргъы+. 32  Кӕд де ’нӕзондӕй дӕхи сбӕрзонд кодтай+ кӕнӕ дӕм ахӕм хъуыды фӕзынд, уӕд дӕ дзыхыл дӕ къух авӕр+, 33  уымӕн ӕмӕ ӕхсыр куы цӕгъдай, уӕд дзы царв куыд рауайы, искӕй фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг куыд ӕркӕлы, афтӕ адӕймаг йӕ маст куы скалы, уӕд уый та расайы хыл+.

Фиппаинӕгтӕ

«Цъулбер» – уаллоны хуызӕн тугцъирӕг цӕрӕгой; уырыс. «пиявка».
Комк. «Шеол». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Комк. «сынтытӕ». Сынт у сау маргъ, халӕтты мыггагӕй.
Кӕс Лв 11:5, фип.
Бӕлвырдӕй, геккон.
Кӕнӕ «егар».