Ӕмбисӕндтӕ 31:1—31
31 Паддзах Лемуилы ныхӕстӕ, йӕ мад ын зонд амонгӕйӕ кӕй загъта+, уыцы ахсджиаг ныхӕстӕ+.
2 Цы дын зӕгъон, мӕ лӕппу? Цы дын зӕгъон, мӕ хъӕбул*?+ Цы дын зӕгъон, сомытӕ кӕй тыххӕй кодтон, мӕ уыцы фырт?+
3 Дӕ хъарутӕ сылгоймӕгтӕн ма дӕтт+ ӕмӕ, паддзӕхты чи сафы, уыцы фӕндӕгтыл ма ацу+.
4 Паддзӕхтӕн, Лемуил, паддзӕхтӕн не ’мбӕлы сӕн нуазын. Ӕмӕ хицӕуттӕн нӕ фидауы афтӕ дзурын: «Кӕм ис карз нозт?»+ –
5 уымӕн ӕмӕ куы бануазой, уӕд закъон ферох кӕндзысты ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы бартӕ нӕ бахъахъхъӕндзысты+.
6 Карз нозт раттут, сӕфты къахыл чи лӕууы, уымӕн+, ӕмӕ сӕн, йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг кӕмӕн у, уыдонӕн+.
7 Уадз бануаза, ӕмӕ дзы ферох уа йӕ мӕгуырдзинад ӕмӕ мауал хъуыды кӕна йӕ мӕстытӕ.
8 Йӕхи тыххӕй сдзурын йӕ бон кӕмӕн нӕу+ ӕмӕ мӕлӕты къахыл чи лӕууы, уыдоны сӕрыл-иу сдзур+.
9 Сдзур-иу сӕ сӕрыл, рӕстӕй тӕрхон кӕн, ӕфхӕрд ӕмӕ-иу мӕгуыры сӕрыл рахӕц+.
א [А́леф]
10 Чи ссардзӕн хорз ус?+ Уый у зынаргъ дуртӕй* дӕр зынаргъдӕр.
ב [Бет]
11 Йӕ сӕрыхицау ыл йӕ зӕрдӕ дары ӕмӕ цух ницӕмӕй ӕййафы+.
ג [Ги́мел]
12 Цӕрӕнбонты дзы зоны ӕрмӕст хорздзинад, ницы дзы зоны ӕвзӕрӕй+.
ד [Да́лет]
13 Самал кӕны къуымбил ӕмӕ кӕттаг хъуымац ӕмӕ йӕхи къухтӕй зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕны+.
ה [Хе]
14 Базаргӕнӕджы науты хуызӕн+ дардӕй ласы хойраг.
ו [Вав]
15 Нырма талынг вӕййы, афтӕ сысты+, йӕ бинонтӕн хӕринаг ӕрӕвӕры ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-чызджытӕн ратты, цы хай сӕм ӕмбӕлы, уый+.
ז [За́йин]
16 Зӕхх ссары ӕмӕ йӕ балхӕны+, йӕ къухты фӕллойӕ скӕны сӕнӕфсирдон+.
ח [Хет]
17 Йӕ астӕу хъаруйӕ ӕрбалвасы ӕмӕ йӕ къухтӕй рӕвдз февналы йӕ куыстмӕ+.
ט [Тет]
18 Уыны йӕ, йӕ базары хъуыддӕгтӕ хорз кӕй цӕуынц. Йӕ цырагъ ӕхсӕв дӕр нӕ ахуыссы+.
י [Йод]
19 Йӕ къухтӕ сӕхи ивазынц ӕлвисӕнмӕ, йӕ къухмӕ райсы ӕлхуый+.
כ [Каф]
20 Йӕ арм байгом кӕны тыхст адӕймагӕн, йӕ къух бадары мӕгуыр адӕймагмӕ+.
ל [Ла́мед]
21 Зымӕджы йӕ бинонтӕн уазалӕй нӕ фӕтӕрсы, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр вӕййынц хъарм конд*+.
מ [Мем]
22 Йӕхицӕн скӕны хуыссӕнӕмбӕрзӕнтӕ+. Йӕ уӕлӕдарӕс у кӕттагӕй ӕмӕ тарсырх къуымбил хъуымацӕй+.
נ [Нун]
23 Йӕ сӕрыхицауы+ йын базонынц, горӕты кулдуары раз+ бӕстӕйы хистӕр лӕгтимӕ куы фӕбады, уӕд.
ס [Са́мех]
24 Бахуыйы мидӕггӕгтӕ дӕр+ ӕмӕ сӕ ауӕй кӕны, цы рӕттӕ скӕны, уыдон ратты базаргӕнджытӕм.
ע [‛А́йин]
25 Хъару ӕмӕ рӕсугъддзинад – йӕ уӕлӕдарӕс+, ӕмӕ райсомы бонмӕ кӕсы хъӕлдзӕгӕй+.
פ [Пе’]
26 Йӕ дзыхӕй цӕуы зондджын ныхас+, йе ’взагыл ис ӕнувыд уарзты закъон+.
צ [Ца́де]
27 Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ хъус дары ӕмӕ лӕвар къӕбӕр нӕ хӕры+.
ק [Коф]
28 Йӕ фырттӕ йӕ разы сыстынц ӕмӕ йӕ схонынц амондджын+, сысты йӕ сӕрыхицау ӕмӕ дзы раппӕлы+:
ר [Реш]
29 «Бирӕ ис хорз сылгоймӕгтӕ+, фӕлӕ ды дӕ се ’ппӕтӕй хуыздӕр!»+
ש [Шин]
30 Конд ӕмӕ уындыл ӕууӕнк нӕй+, ӕмӕ рӕсугъддзинад ницы у+, фӕлӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыцы сылгоймаг у кады аккаг+.
ת [Тав]
31 Йӕ къухты фӕллойӕ йын бахай кӕнут+. Ӕмӕ йӕ йӕ хъуыддӕгтӕ кадджын кӕнӕнт горӕты кулдуары раз!+