Ӕмбисӕндтӕ 7:1—27

7  Мӕ хъӕбул, мӕ ныхӕстӕ мын ӕххӕст кӕн+ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ дӕ зӕрдӕйы хӕзнайау нывӕр+.  Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай+. Ӕмӕ мын мӕ закъон цӕстыгагуыйау хъахъхъӕн+.  Бабӕтт сӕ де ’нгуылдзтыл+, ныффысс сӕ дӕ зӕрдӕйыл+.  Зондӕн зӕгъ+: «Ды дӕ мӕ хо», ӕмӕ ӕмбарындзинад схон дӕ хион,  цӕмӕй дӕ хъахъхъӕной хӕлд* сылгоймагӕй+, рӕсугъд ныхӕстӕй чи сайы, уыцы сылгоймагӕй*+.  Иухатт ӕз кастӕн мӕ хӕдзары рудзынгӕй*+,  ӕвӕлтӕрдтӕ цытӕ кусынц, уый фенон+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕрыгӕтты ’хсӕн мӕ цӕст ӕрхӕцыд иу ӕнӕзонд* лӕппуйыл+.  Уый фӕцӕйцыд, сылгоймаг кӕм цард, уыцы уынджы рӕзты ӕмӕ фӕраст йӕ хӕдзары ’рдӕм+.  Уый уыди изӕрдалынгты, талынг кӕнын куы райдыдта, уӕд+, ӕхсӕвырдӕм. 10  Ӕмӕ дын йӕ размӕ рауад сылгоймаг, йӕ конд – хӕтаг сылгоймаджы конд+, йӕ зӕрдӕ – мӕнгард. 11  Уый у ӕнӕуаг ӕмӕ налат+. Йӕ къӕхтӕ хӕдзары нӕ лӕууынц+. 12  Куы уынджы вӕййы, куы – горӕты фӕзты+. Алы тигъыл дӕр фенхъӕлмӕ кӕсы, кӕй ӕрцахса, уымӕ+. 13  Ӕмӕ дын уыцы сылгоймаг лӕппуйы рацахста ӕмӕ йын апъа кодта+. Йӕ цӕсгом суагъта ӕмӕ йын дзуры: 14  «Ӕз дзырд радтон, фарны нывӕндтӕ кӕй ӕрхӕсдзынӕн+, ӕмӕ абон мӕ дзырд сӕххӕст кодтон+. 15  Ӕмӕ дӕ размӕ дӕр уый тыххӕй рацыдтӕн, зӕгъын дӕ бацагурон ӕмӕ дӕ ссарон. 16  Мӕ сынтӕг бамбӕрзтон ӕмбӕрзӕнтӕй, алыхуызон египетаг рӕсугъд* хъуымӕцтӕй+. 17  Мӕ хуыссӕн бапырх кодтон миррӕйӕ, алой ӕмӕ корицӕйӕ+. 18  Цом, ӕмӕ ардыгӕй райсоммӕ уарзтӕй нӕ мондӕгтӕ исдзыстӕм, нӕ кӕрӕдзи уарзтӕй рӕвдаудзыстӕм+. 19  Мӕ лӕг хӕдзары нӕй, дард балцы ацыд+. 20  Йемӕ ӕхцадоны ахаста ӕхца. Мӕй цалхыдзаг куы суа, ӕрмӕстдӕр уӕд ӕрбаздӕхдзӕн хӕдзармӕ». 21  Бирӕ рӕсугъд ныхӕстӕй йӕ асайдта+, йӕ адджын ныхӕстӕй йӕ афӕлывта+. 22  Ӕмӕ уый дӕр йӕ фӕдыл араст+, гал ӕргӕвдынмӕ куыд фӕцӕйкӕнынц ӕмӕ ӕнӕзонд адӕймаджы хъадаманты мидӕг бафхӕрынмӕ* куыд фӕцӕйкӕнынц, афтӕ, 23  цалынмӕ йын фат йӕ игӕр нӕ ныппырх кӕна, уӕдмӕ+. Цъиу хызмӕ куыд тӕха, афтӕ уый дӕр тӕхы хызмӕ+ ӕмӕ йӕ не ’мбары, йӕ уд фыдбылызы кӕй ӕппары+. 24  Уӕдӕ мӕм байхъусут, мӕ хъӕбултӕ, ӕмӕ уын цы дзурын, уымӕ уӕ хъус ӕрдарут+. 25  Дӕ зӕрдӕ уыцы сылгоймаджы фӕндӕгтӕм ма аздӕхӕд, дӕ къах дӕ йӕ фӕндӕгтӕм ма бахӕссӕд+, 26  уымӕн ӕмӕ бирӕты бабын кодта+, мӕрдтӕм кӕй барвыста, уыдонӕн нымӕц дӕр нӕй+. 27  Йӕ хӕдзарӕй фӕндӕгтӕ кӕнынц ингӕнмӕ*+, цӕуынц мӕлӕты талынг къуымтӕм+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕцӕгӕлон».
Комк. «ӕндӕрбӕстагӕй».
Рудзгуыты-иу ӕвгты бӕсты ӕвӕрдтой лыстӕг хъӕдын решеткӕтӕ.
Комк. «зӕрдӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм».
Комк. «хъулон-мулон».
Кӕс Ӕм 1:2, фип.
Комк. «шеолмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.