1 Азфыстыты 14:1—17
14 Тиры+ паддзах Хирам+ Давидмӕ арвыста йӕ минӕвӕртты ӕмӕ сын семӕ арвыста кедрбӕласы хъӕдтӕ+, стӕй амайджыты ӕмӕ хъӕддӕсныты, цӕмӕй Давидӕн хӕдзар сарӕзтаиккой+.
2 Ӕмӕ Давид бамбӕрста, Йегъовӕ йын Израилы йӕ паддзахы бартӕ кӕй ӕрфидар кодта+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ паддзахад йӕ адӕм Израилы тыххӕй тынг сбӕрзонд кодта+.
3 Давид ма Иерусалимы дӕр йӕхицӕн устытӕ ӕркодта+, ӕмӕ йын ноджыдӕр фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ райгуырд+.
4 Мӕнӕ, Иерусалимы йын чи райгуырд, уыцы сывӕллӕтты нӕмттӕ: Шаммуй+, Шовав+, Нафан+, Соломон+,
5 Ивхар+, Елисуа, Елфалет+,
6 Ногаг, Нефег+, Иафи,
7 Елишамӕ+, Веелиадӕ ӕмӕ Елифелет+.
8 Филистимӕгтӕ уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Давиды ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой*+, уӕд се ’ппӕт дӕр Давиды агурӕг рацыдысты+. Давид уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд сӕ ныхмӕ рацыд.
9 Филистимӕгтӕ та ӕрцыдысты ӕмӕ-иу рефаимты+ дӕлвӕзы цӕрджытӕм бабырстой.
10 Уӕд Давид Хуыцауы бафарста+: «Ацӕуон ӕмӕ филистимӕгтимӕ схӕцон? Мӕ къухмӕ мын сӕ ратдзынӕ?» Йегъовӕ йын загъта: «Ацу, ӕнӕмӕнг дын сӕ ратдзынӕн дӕ къухмӕ».
11 Уӕд Давид Ваал-Перациммӕ+ ацыд ӕмӕ сӕ уым ныццагъта. Ӕмӕ Давид загъта: «Дӕттӕ куыд ратонынц, афтӕ ӕцӕг Хуыцау мӕ разӕй абырста ӕмӕ мын ме знӕгты мӕ къухӕй ныппырх кодта». Уыцы бынат+ Ваал-Перацим* дӕр уый тыххӕй схуыдтой.
12 Филистимӕгтӕ сӕ хуыцӕутты уым ныууагътой+, ӕмӕ Давид йӕ адӕмӕн загъта, ӕмӕ сӕ арты басыгътой+.
13 Уый фӕстӕ та филистимӕгтӕ ногӕй бабырстой дӕлвӕзы цӕрджытӕм+.
14 Давид та Хуыцауы бафарста+, фӕлӕ йын ӕцӕг Хуыцау загъта: «Сӕ фӕстӕ ма ссу. Комкоммӕ сӕм ма бацу, фӕлӕ фӕстӕты, ӕмӕ сыл бакайы* къутӕрты раз дӕхи ныццӕв+.
15 Ӕмӕ куыддӕр уынӕр фехъусай, цыма бакайы къутӕрты+ цъуппытыл исчи фӕцӕуы, афтӕ семӕ схӕц+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау дӕ разӕй+ ацӕудзӕн ӕмӕ филистимӕгты ӕфсад ныццӕгъддзӕн».
16 Давид алцыдӕр сарӕзта, ӕцӕг Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+, ӕмӕ филистимӕгты Гевӕйӕ+ суанг Газеры+ онг цӕгъдгӕ цыдысты.
17 Давидӕн йӕ кад+ ӕппӕт бӕстӕтыл дӕр айхъуыст, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ дзы адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмризӕджы рызтысты+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «байсӕрстой».
^ Нысан кӕны «Алцы чи атоны, уыцы хицау».
^ «Бака» – дзут. дзырд. Бӕлвырдӕй цы у, уый бӕрӕг нӕу.