1 Азфыстыты 18:1—17
18 Уый фӕстӕ Давид филистимӕгты+ ныппырх кодта ӕмӕ сӕ басаста. Ӕмӕ филистимӕгтӕй байста Геф+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ.
2 Моавӕгты+ дӕр ныппырх кодта, ӕмӕ моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фыстой+.
3 Давид ныппырх кодта Сувӕйы+ паддзах Адраазары+ ӕмӕ йӕ адӕмы. Уыцы рӕстӕг Адраазар фӕцӕйцыд Евфраты+ цӕугӕдонмӕ, цӕмӕй уыцы бӕстӕ йӕ дӕлбар бакодтаид.
4 Давид ын йӕ бӕхуӕрдӕттӕй иу мин байста, йӕ барджытӕй йын ӕрцахста авд мин адӕймаджы, йӕ фистӕг ӕфсадӕй та – дыууын мины+. Стӕй бӕхуӕрдӕтты ифтыгъд бӕхтӕн+ сӕ нуӕрттӕ ныллыг кодта+, ӕрмӕстдӕр ма дзы сӕдӕ бӕхы ныууагъта.
5 Сувӕйы+ паддзах Адраазармӕ сириӕгтӕ Дамаскӕй ӕххуысмӕ куы ’рцыдысты, уӕд Давид сириӕгтӕй ныццагъта дыууын дыууӕ мин адӕймаджы.
6 Уый фӕстӕ Давид сириаг Дамаскы+ сӕвӕрдта ӕфсады къордтӕ, ӕмӕ сириӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фыстой+. Давид кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид,– Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕдта+.
7 Стӕй, Адраазары лӕггадгӕнджытӕм цы тымбыл сызгъӕрин уартытӕ+ уыди, уыдон Давид ӕрбахаста Иерусалиммӕ+.
8 Адраазары горӕттӕ Тивхав+ ӕмӕ Кунӕй та паддзах Давид рахаста тынг бирӕ ӕрхуы. Ӕрхуы денджыз+ чи хуынди, уыцы стыр аг, цӕджындзтӕ+ ӕмӕ ӕрхуы мигӕнӕнтӕ+ Соломон уыцы ӕрхуыйӕ скодта.
9 Давид Сувӕйы паддзах Адраазары+ ӕфсад иууылдӕр кӕй ныппырх кодта, уый Хаматы+ паддзах Фой куы фехъуыста,
10 уӕд йӕ фырт Гадорамы*+ арвыста паддзах Давидмӕ, цӕмӕй йӕ, куыд у, уымӕй бафарстаид ӕмӕ йын раарфӕ кодтаид, Адраазаримӕ кӕй хӕцыд ӕмӕ йыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Адраазар Фоимӕ ӕдзухдӕр хӕцгӕ кодта. Гадорам йемӕ ӕрбахаста сызгъӕринӕй, ӕвзистӕй+ ӕмӕ ӕрхуыйӕ конд алыхуызон дзауматӕ.
11 Ӕмӕ уыдон дӕр паддзах Давид снывонд кодта+ Йегъовӕйӕн, ӕппӕт адӕмтӕй+, ома Едомӕй, Моавӕй+, Аммоны+ фырттӕй, филистимӕгтӕй+ ӕмӕ амаликӕгтӕй+ цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин рахаста, уый йын куыд снывонд кодта, афтӕ.
12 Саруйӕйы+ фырт Авессӕ+ та Цӕххы дӕлвӕзы+ едомӕгтӕй ныццагъта ӕстдӕс мины.
13 Ӕмӕ Едомы зӕххыл сӕвӕрдта ӕфсады къордтӕ, ӕмӕ едомӕгтӕ се ’ппӕт дӕр йӕ дӕлбар баисты+. Давид кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид,– Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕдта+.
14 Давид паддзах уыд ӕнӕхъӕн Израилӕн+ ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр рӕстӕй тӕрхон кодта+.
15 Саруйӕйы фырт Иоав уыд ӕфсады сӕргълӕууӕг+, Ахилуды фырт Иосафат+ та уыд азфыссӕг.
16 Ахитувы фырт Садок+ ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелех+ уыдысты сауджынтӕ, Сусӕ+ та – писыр.
17 Иодайы+ фырт Ванейӕ+ уыд хелефейты+ ӕмӕ фелефейты+ сӕргъы. Давиды фырттӕ та паддзахы раз уыдысты сӕйраг хицӕуттӕ+.