1 Азфыстыты 19:1—19

19  Уый фӕстӕ Аммоны фырттӕн сӕ паддзах Наас+ амард, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт+.  Уӕд Давид загъта: «Наасы фырт Анноны ме ’нувыд уарзтӕй+ барӕвдауон, уымӕн ӕмӕ мӕ йӕ фыд дӕр йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдыдта»+. Ӕмӕ Аннон йӕ фыды зианыл куы хъыг кодта, уӕд ӕм Давид йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста, цӕмӕй йӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой. Ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Аммоны+ фыртты зӕхмӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй Анноны фарсмӕ балӕууыдаиккой.  Фӕлӕ Аммоны фыртты кънйӕзтӕ Аннонӕн загътой: «Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ дӕм Давид дӕ фыды ӕфсӕрмӕй ӕрбарвыста ныфсӕвӕрджыты? Мыййаг дӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ уый тыххӕй не ’рцыдысты, цӕмӕй ацы зӕхх басгарой+, кӕм дзы цы ис, уый базоной ӕмӕ стӕй ацы бӕстӕ ныппырх кӕной?»+  Уӕд Аннон Давиды лӕггадгӕнджыты ӕрцахста+, сӕ боцъотӕ сын адаста+, сӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттӕ сын суанг сӕ ӕгъдты онг ралыг кодта+ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕстӕмӕ арвыста+.  Давидӕн ӕрвыст лӕгты тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сын сӕ размӕ адӕмы арвыста, уымӕн ӕмӕ сӕ тынг ныххудинаг кодтой. Паддзах сын загъта: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ нӕ разайой, уӕдмӕ уал Иерихоны+ цӕрут. Стӕй уӕд ӕрыздӕхдзыстут».  Аммоны фырттӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ Давид йе сӕфт федта+, уӕд Аннон+ ӕмӕ Аммоны фырттӕ иу мин таланты* ӕвзист арвыстой+, цӕмӕй сӕхицӕн Месопотамийӕ, Арам-Маахӕйӕ+ ӕмӕ Сувӕйӕ+ бӕхуӕрдӕттӕ+ ӕмӕ барджытӕ баххуырстаиккой.  Ӕмӕ баххуырстой ӕртын дыууӕ мин бӕхуӕрдоны+, стӕй Маахӕйы паддзахы ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр+. Ӕмӕ уыдон ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ Медевӕйы+ раз ӕрӕвӕрдтой. Уӕд Аммоны фырттӕ дӕр сӕ горӕттӕй иу ранмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ хӕстмӕ рацыдысты.  Давид уый куы фехъуыста, уӕд уайтагъд Иоавы+ ӕнӕхъӕн ӕфсадимӕ ӕмӕ тыхджын лӕгтимӕ арвыста+.  Аммоны фырттӕ рацыдысты ӕмӕ горӕтмӕ бахизӕны гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. Чи ’рцыд, уыцы паддзӕхтӕ+ та слӕууыдысты хицӕнӕй быдыры. 10  Иоав уый куы федта, ӕмӕ йӕм разӕй дӕр ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр бырсынц, уӕд Израилы хуыздӕр хӕстонтӕй цасдӕр равзӕрста ӕмӕ сӕ сириӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта+. 11  Иннӕ адӕмы та йе ’фсымӕр Авессӕйы+ бар бакодта, цӕмӕй уыдон та Аммоны+ фыртты ныхмӕ ӕрлӕууыдаиккой. 12  Иоав загъта: «Кӕд мыл сириӕгтӕ+ тых кӕнын райдайой, уӕд мӕм ды ӕрбацӕудзынӕ ӕххуысмӕ+. Кӕд дӕуыл Аммоны фырттӕ райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз ацӕудзынӕн ӕххуысмӕ+. 13  Фидар у+, ӕмӕ лӕгдзинад равдисӕм – схӕцӕм нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы горӕтты тыххӕй+. Йегъовӕ та бакӕндзӕн, раст ӕм куыд кӕсы, афтӕ»+. 14  Гъемӕ Иоав ӕмӕ йӕ адӕм сириӕгтимӕ схӕцыдысты+, ӕмӕ сириӕгтӕ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. 15  Аммоны фырттӕ уый куы федтой, ӕмӕ сириӕгтӕ лидзынц, уӕд уыдон дӕр Иоавы ӕфсымӕр Авессӕйӕ лидзӕг фесты+ ӕмӕ горӕтмӕ балыгъдысты+. Уый фӕстӕ Иоав Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт. 16  Сириӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд арвыстой, Стыр цӕугӕдонмӕ*+ хӕстӕг чи цард, уыцы сириӕгтӕм ӕмӕ сӕ ӕркодтой, Адраазары ӕфсады хистӕр Совак сӕ сӕргъы, афтӕмӕй. 17  Давидӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд уайтагъд ӕгас Израилы адӕмы ӕрӕмбырд кодта, Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызт, ӕрцыди сӕм ӕмӕ йӕ хӕстонты гӕрзифтонгӕй сӕ ныхмӕ ’рлӕууын кодта+. Ӕмӕ Давид йӕ хӕстонты сириӕгты ныхмӕ куы ’рлӕууын кодта, уӕд сириӕгтӕ йемӕ схӕцыдысты. 18  Фӕлӕ сириӕгтӕ Израилы разӕй лидзӕг фесты+. Давид сириӕгтӕй амардта авд мин бӕхтӕрӕджы ӕмӕ цыппор мин фистӕг хӕстоны. Амардта сын се ’фсады хистӕр Совакы дӕр+. 19  Адраазары дӕлбар чи уыд, уыдон уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд Давидимӕ фидыды бадзырд скодтой ӕмӕ йӕ дӕлбар баисты+. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сирийы нал фӕндыд Аммоны фырттӕн ӕххуыс кӕнын+.

Фиппаинӕгтӕ

Иу талант у 34,2 кг бӕрц.
Ома Евфратмӕ.